Конспект урока по осетинской литературе в 10-м классе по теме "Лирика Махарбека Кочисова"

Разделы: Краеведение

Класс: 10

Ключевые слова: осетинская литература, Махарбек Кочисов


Эпиграф:

Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.
(Чеджемты Æ.)

Урочы нысан:

  • Бæлвырд, нывæфтыд фæлгонцты æххуысæй æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын.
  • Лирикон хъайтары фæлгонц æмæ авторы уды рæсугъдзинад, гуманизмыл рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын.
  • Ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйы æнкъарæнтæн аргъ кæныныл,ивгъуыд цард абоны цардимæ абарын.

Урочы фæлгонц: презентаци, интеркативон фӕйнӕг, литературӕйы чингуытӕ, Mimio Studio (тестытӕ)

Урочы цыд

I. Орг.хай

Хъуысы зарæг «Æцæг уарзт!»

Компьютерæй æвдыст цæуы презентации.

Уӕ бон хорз ӕмӕ алы бон ӕгас цӕут, нӕ зынаргъ уазджытӕ!

- Фæнды ма цæмæй байхъусæм уарзондзинады арт адæмы зæрдæтæ куыд басудзы, уыцы азæлгæ рæнхъытæм.

- Зарæг, цæй диссаг дæ, цæ… Фæлæ нæ алкæмæ нæ разыны зарæджы фаг аккаг ныхæстæ. Агурын бахъæуы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн ног фæрæз.

Ныхасы бар дӕттын ______________

Цæвиттон, иу хъæумæ æрбафтыд æрыгон лæппу. Уый уыд уæздан мыггагæй. Лæппу фæцæйцыд бæрзонд хæдзары рæзты æмæ дыккаг уæладзыджы рудзынджы раз бафиппайдта æрыгон чызджы. Чызг хуыдта æмæ зарыд. Йæ рæсугъддзинад фæцагайдта лæппуйы зæрдæ. Чызг лæппуйы ауыдта, йæ зарын фæуагъта, фефсæрмы æмæ уæзданæй йæхи рудзынгæй айста.

Дыккаг бон дæр та лæппу æрбацыд уыцы хæдзары размæ, æнхъæлмæ каст чызджы фæзындмæ. Фæлæ чызг нал фæзынд. Уæдæй фæстæмæ лæппу алы райсом дæр цыд хæдзары размæ, бон- изæрмæ-иу каст рудзынгмæ, стæй-иу сæргуыбырæй рацыд.

Иуахæмы йын чызджы сыхаг афтæ зæгьы: «Дзæгъæлы ма æнхъæлма кæс. Хуыцау рахатыд Сафарыл, æмæ йæ чызг Зæринæ йæ къæхтыл нал лæууы».

Афтæ уæм кæсы, æмæ уыцы æрыгон лæппу чызджы хæдзары размæ никуыуал æрбацыд? Нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ... Уый йæ мидбылты бахудт æмæ ныхъхъæр кодта рудзынджырдæм:

«Зæринæ, æз алы бон дæр ардæм цæудзынæн, цалынмæ мæм ды рацæуай, уæдмæ!» - æмæ ацыд сæхимæ. Дыккаг бон дæр та æрбаздæхт ардæм... Афтæ цыд мæй, дыууæ мæйы, афæдз...

Æмæ иу хатт æрцыд диссаг: хæдзары дуæрттæ байгом сты, æмæ чызг лæппуйы рæзмæ ракъахдзæф кодта... Ахæм диссаджы тыхдæттæг æнкъарæн у Уарзондзинад.

II. Разныхас дзуры ахуыргæнæг

- Байхъуыстам таурӕгъмӕ, зӕгъут ма, таурӕгъы сӕйраг архайджытӕ чи сты? Зӕринӕ тынг фӕрынчын и, цӕй фӕрцы слӕууыди йӕ къӕхтыл?

- Уӕдӕ цӕуыл дзурдзыстӕм нӕ абоны урочы?
Абон мах нæ урок снывонд кæндзыстæм адæймагæн зæдтæ æмæ дауджытæй лæвæрд чи у, ахæм уæларвон тых - уарзондзинад - æн. Цард байсысын кæй фæрцы нæ комы, уыцы алæмæты æрдзон лæварæн.

- Нæ урочы темæ у «Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» - м гæсгæ). Чеджемты Æхсары ныхæстæ «Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй» ист æрцыдысты эпигрæфæн.

Ахуырдзау бацӕттӕ кодта цыбыр хъусынгӕнинаг Кочысаты Мухарбеджы царды хабӕртты тыххӕй.

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не'схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй.

Байхъусӕм ма таурӕгътӕм

1. Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæфаг. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад,тæрхъусы тæппуддзинад, мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф - тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæркъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта :

Сылгоймаг,УАРЗТ.

2. Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд - тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæндагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?»

Ахуыргӕнӕг.Уарзондзинад тыхджын у,фæлæ алкæмæн дæр хъуама уа йæхи бынат царды,дæ зæрдæйы. Фæлæ алы кæстæры хæс дæр у, цæмæй йæ хорз хъуыддæгтæй, йе'гъдау æмæ кадæй йæ мады зæрдæмæ уарзондзинад æмæ амонд хæсса, цæмæй ныййарæг уа сæрыстыр æмæ зæрдæрухс йæ хъæбулæй.

3. Æвæдза, цæй диссаг дæ, æрдзæй лæвæрд уарзондзинад!

- Сымахмæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?

(скъоладзауты дзуаппытæй):

Уарзондзинад абарæн ис æрмæст дидинæгимæ.

Сыгъдæг уарзондзинад дæр дидинæгау хъахъхъæнын хъæуы.

Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.

Уарзондзинад иууылдæр дидинæг у.

Уарзондзинад цы ран и, уым алы хатт дæр ис æууæнк, уарзондзинад кӕм и, уым ис ныфс. Уарзондзинад алцыдæр фæразы, уымæн æмæ у тыхджын.

Ахуыргӕнӕг. Разы дæн æз дæр уӕ хъуыдыимӕ, фæлæ ма мæ фæнды базонын, Ирыстоны зындгонддæр адæмæй уарзондзинадæй тынгдæр кæй зæрдæ сыгъди, уыдоны дæр. Фӕйнӕгыл къамтӕ, зӕгъут ма сӕ читӕ сты?Æрлæууын ма сæ кæнæм нæ зæрдыл.

а) - Къоста, Барахъты Гино, Кочысаты Мухарбег æмæ æндæртæ.

б) Цавæр уыдысты нæ зындгонд адæм уарзондзинады?

(Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой хæдзары)

Скъоладзау.

1. Къоста фыста Цæлыккаты Аннæйы тыххæй: «Æз уарзгæ кæнын, уарзгæ, цыппор мин æфсымæрæй дæр тыхджындæр куы уарзын. Æз уарзгæ кæнын æмæ мæ уымæ гæсгæ фæнды, цæмæй уыцы уарзон адæймаг æппынæдзух мемæ уа, алы сахат, алы минут дæр, йæ уындæй мæхи æфсадон, мæ цард ын æнæвгъауæй дæттон».

Скъоладзау

2. Барахъты Гинойы 30-æм азты куы `рцахстой, уæд ын йæ бинойнаг Калоты Еленæйæ домдтой цæмæй йæ рахона знаг, фæлæ сыгъдæг уарзтæй кæй уарзта уыцы адæймагыл йæ къух нæ систа Еленæ, кæд ын йæ цард зындон фестын кодтой, уæддæр.

Ахуыргæнæг: Цымæ цы у уарзондзинад? Зæрдæйы рухс ӕви зæрдæйы арт? Дунейы зындгонд æмæ курдиатджын лæгтæ уарзондзинады фæдыл сæ хъуыдытæ арæх нывæзтой. Бакӕсӕм ма сӕ

ÆЛВÆСТ ХЪУЫДЫТÆ УАРЗОНДЗИНАДЫ ТЫХХÆЙ

  • Кæй уарзыс, уыдонæй хъаст кæнын никуы хъæуы. Æцæг æнувыддзинад куырм у. /Бальзак/
  • Уарзондзинад закъонтæ нæ зоны. /Боэций/
  • Бæллицы цъупп ды дæ, уарзондзинад./ Гете/
  • Уарзондзинад у, ивгъуыд рæстæгæн дæр, фидæнæн дæр чи нæ быхсы, ахæм иунæг монц. /Бальзак/

Ирон дзырды дæснытæй уарзондзинады темæ ирддæрæй чи равдыста?

Гӕдиаты Секъа йӕ радзырд «Азау»-ы равдыста стыр уарзондзинад ӕмӕ стыр трагеди. Дыууӕ ӕрыгон адӕймаджы уарзты цӕхӕрӕй судзынц , хъысмӕтӕй сты кӕрӕдзийӕн нывонд, фӕлӕ мулчы охыл хӕлы сӕ рӕсугъд амонд. Уарзондзинады уӕлахизы сӕрыл тохы стыр бӕллӕхтӕ ӕрцыд . Кӕд фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ ӕмӕ тухитӕгӕнгӕ цӕрынц , уӕддӕр сӕ уарзтыл гадзрахатӕй нӕ рацыдысты . Нӕ ферох кодтой сӕ рӕсугъд ӕнкъарӕн … Ӕрмӕст мӕрдты баиу сты дыууӕ фӕлмӕст уарзӕгой уды - Азау ӕмӕ Таймураз.

Уæдæ ма байхъусут куыд кӕсы артист Гӕтайты Бесо Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ».

Ахуыргæнæг: Лӕппутӕ, бакӕсӕм ма ӕмдзӕвгӕ строфатӕй.

4 скъоладзауы аив кæсынц строфатӕ.

ΙIΙ. Текстыл бакусын

Ахуыргæнæг: Цавæр аивадон-нывæфтыд мадзæлттæй пайда кæны автор æмдзæвгæйы мидис раргом кæнынӕн?

(Абарстытæй, бавæргæ дзырдтæй, метафорæтæй, синекдохæйæ (сау цæстытæ - адæймаджы фӕлгонц æвдисæг)

Ахуыргæнæг: Ацы æмдзæвгæйы æмбæлæм метонимийы хицæн хуыз - синекдохæйыл. Уый у, æнæхъæн предметы ном йæ кæцыдæр хайы номæй ивын, кæнæ та иу хайы бæсты æнæхъæн предметы ном зæгьын. Ам поэт, кæй зæгъын æй хъæуы, мысы йæ уарзон чызджы, фæлæ йын чызджы фæлгонц баст у йæ сау цæстытимæ.

Ахуыргæнæг: Цæрæгойты, æрдзыфæзындты æмæ æнæуд предметты адæймаджы æууæлтæй хайджын кæнын та(ныхас кæнын, хъуыды кæнын, æнкьарын) нымад у олицетворенийыл.

- Ссарут Мухарбеджы æмдзæвгæйы олицетворенитæ.

- Лирикон герой чызджы йæ номæй нæ хоны, фæлæ йын йæ цæстытимæ ныхас кæны, цæмæн?

(Дзуæппытæ: цæстыты фенæн ис уды æнкъарæнтæ. Уырыссагау афтæ фæзæгьынц: «Глаза - зеркало души».

- Ссарут Мухарбеджы æмдзæвгæйы абарст.

- Ссарут Мухарбеджы æмдзæвгæйы бавӕрӕ дзырдтӕ

- Раст у. Лирикон геройы зæрдæ цы æнкъары, уый цæмæй хуыздæр бамбарат, уый тыххæй ма æрбакæсут фæйнæгмæ.

(фæйнæгыл сырх зæрдæ фæзынд)

Куыд уæм кæсы, сырх зæрдæ цæуыл дзурæг у? (зæрдæ дзаг у тыхджын уарзондзинадæй) 1 строфа

- Тынг раст. Уæдæ ма æркæсæм Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæмæ. Кæцы рæнхъыты равдыста поэт уыцы тыхджын уарзт?

(фæйнæгыл фæзыны зæрдæ дыууæ дихæй)

- Цымæ, ацы ныв та цы нысан кæны? (Адæймаджы зæрдæ кæй фехæлд, йæ уарзон æй кæй нал æмбары, уый) 2 строфа

(фæйнæгыл фæзыны, зæрдæ иу къухæй иннæмæ куыд дæттынц, уый)

- Ацы зæрдæ къухтæй кæй аирвæзт, уый та цæуыл дзурæг у?

(Чидæр йæ зæрдæ æндæрæн кæй радта, уый. Лирикон геройы (йæ уарзоны) кæй аивта æндæрыл)

(фæйнæгыл фæзынд урс зæрдæ)

- Ацы ныв та цæуыл дзурæг у? (зæрдæйы уарзондзинад нал ис) 4 строфа

(Алы нывы фæстæ дæр скъоладзаутæ æмдзæвгæйы агурынц хъæугæ строфатæ æмæ сæ кæсынц)

Зӕгъут ма, уырыссаг ӕвзаджы литературӕйы ацы ӕмдзӕвгӕйы хуызӕн никуы сӕмбӕлдыстут? Йӕ автор чи у? Дӕ бон ӕй у радзурын зӕрдывӕрдӕй?

Зонут ӕй Кочысаты М. ӕмдзӕвгӕ «Сау цӕстытӕ» ссис зарӕг, зары ГӕбутыСветланӕ, музыкӕ ныффыста Плиты Христофор.

Байхъусӕм ма йӕм.

Ацы аз бӕрӕг кӕнӕм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы 75 азы. Ирыстоны бирӕ курдиатджын ӕрыгон фӕсивӕд фесӕфт хӕсты цӕхӕры. Ирыстон йӕ зынгхуыст хъӕбулты сфӕлдыстад бамбырд кодта ӕмӕ уагъд ӕрцыд сӕ уацмысты ӕмбырд. «Хорзӕй баззай, Ир!» кӕцымӕ хаст ӕрцыд Мухарбеджы сфӕлдыстад дӕр.

... Хӕдӕфсарм, ӕмгарджын ӕмӕ сӕрӕн лӕппуйӕ зыдтой ирон фысджытӕ Кочысаты Мухарбеджы. "Ӕмгар дӕр ахӕм ӕмгар уыд, ӕмӕ нӕ цин, нӕ хъыг ӕмбистӕ кӕимӕ кодтам", - фыста Мыртазаты Барис. Поэт стыр зӕрдӕ ӕвӕры йӕ ныййарӕг мадӕн, фӕлӕ дзӕгъӕлы. 1944 азы знаджы къухӕй фӕмард. Фӕлӕ ирон адӕмы зӕрдӕты баззадысты йӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, бирӕтӕ дзы систы зарджытӕ: "Фыдыбӕстӕ", "Сау цӕстытӕ", "Хъӕмӕ" ӕмӕ ӕндӕртӕ. (зарӕг)

Абон мӕ уӕ фӕнды базонгӕ кӕнын зарӕг «Фыстӕг мӕ мадмӕ» музыкӕ Мыстулаты Ирӕ зары Балаты Володя.

- Абон нӕ урочы цӕуыл дзырдтам?(уарзондзинады тыххӕй)

Уӕдӕ ма ӕрбакӕсут фӕйнӕгмӕ. Лӕвӕрд дзы цӕуынц ӕмбисӕндтӕ. Сты къӕйттыл дихконд. Нӕ хӕс у сӕ сӕмбырд кӕнын.

Интерактивон фӕйнӕгыл ӕмбисӕндтӕ уарзондзинады тыххӕй. Сӕ хӕйттӕ ныппырх сты. Уӕ хӕс сӕмбырд кӕнын ӕмбисӕндтӕ.

  1. Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.
  2. Уарзондзинад дойнаг дур дæр дон кæны.
  3. Лæг кæй уарзы, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.
  4. Уарзондзинад алцæмæндæр ис.
  5. Уарзондзинад кæм ис, уым цард дæр ис æмæ куыст дæр.
  6. Уарзондзинад мæгуыр æмæ хъæздыгыл нæу.

Хӕс уын уыди хӕдзармӕ ссарын ӕмбисӕндтӕ Иронау, нӕ скъолайы ахуыр кӕнӕм немыцаг ӕвзаг, ӕндӕр скъолатӕй нӕм чи ӕрбацыд уыдон: англисаг ӕмӕ французаг ӕвзӕгтыл.

Баӕсут ма нын сӕ? Фыццаг кӕсӕм иронау, стӕй уырыссагау - немыцагау - французагау - англисагау

Раздӕхӕм ма фӕстӕмӕ нӕ эпиграфмӕ.

Уарзынæй рæсугъддæр а зæххыл нæй.

Куыд баст у эпиграф нӕ абоны темӕимӕ? Разы стут ацы ныхӕстимӕ?

Уӕдӕ нӕ урокӕн цыбыр хатдзӕгтӕ скӕнӕм тесты хуыз. Ацы куысты хуызимӕ зонгӕ стут. Арӕх дзы фӕпайда кӕнӕм нӕ урочыты. Алы фарстӕн дӕр ис ӕртӕ дзуаппы, уӕ хӕс ссарын раст дзуапп.

Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ царды æнæмæнгæй банкъарат ацы уæларвон æнкъарæн - уарзондзинад, уый уын уæ миддуне фæхъæздыгдæр кæндзæн, уый уын ратдзæн тых, а зæххыл уын уыдзæн æнцондæр цæрын.

IV.

Х.к. Нывӕцӕн: «Уарзондзинад адӕймаджы хохы цъупмӕ дӕр сисы, цъымарайы дӕр ӕй ныппары?»

Ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй сахуыр кӕнын