Были у нас сказители раньше

Разделы: Краеведение


Автор работы:
Сырхаев Тамерлан Вадимович,
Учащийся 3-го класса

Научный руководитель:
Хубулова Людмила Павловна,
учитель осетинского языка и литературы

Тема: «Уыдис нæм кадæггæнджытæ раздæр»

Разныхас

Ирон адæмы дзургæ сфæлдыстад хицæн кæны йæ алыхуызон жанртæй, йæ мидис æмæ аивады мадзæлтты дæсныдзинадæй. Суанг нæ дуджы размæ VII-æм æнусæй нæм æрхæццæ хъуыстгонд Нарты эпос, адæм бахъахъхъæдтой фыдæлтыккон аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, историон зарджытæ, адæмон поэзи.

Ирон адæмы фольклоры къæбиц хъæздыг у национ музыкалон инструментты цæгъдтытæй, кадджытæй. Уыцы уацмыстæ нын чи ныууагъта, уыдон сæрмагонд музыкалон скъолаты нæ ахуыр кодтой, фæлæ сæ размæ кодта, æрдзæй сын цы курдиат лæвæрд уыдис, уый. Афтæ зæгъæн нæй æмæ зарджытæ, кадджытæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн кодтой, зæгъгæ. Фылдæр хатт-иу уыдысты хъыг æмæ масты бындур. Алы комы æмæ хъæуы дæр уыд, зæрдиагæй кæй кадджытæм хъуыстой, ахæм лæгтæ. Сæ хъисын фæндыры зæлтæм, дам-иу æрдз дæр ныхъхъуыста. Хуыдтой сæ адæмон кадæггæнджытæ.

Хъисын фæндыры зæлтæм хъусгæйæ, афтæ фæкæсы, цыма рæстæг ивгъуыдмæ бакæсын кæны.

Ирон адæмон сфæлдыстад иртасджытæ сæ куыстыты амыдтой, Ирыстоны кæй ис хъæздыг ирон фольклор йæ алыхуызон жанртимæ. Е. Марков йæ чиныг «Очерки Кавказа»-йы фыста: «…осетины любопытны не одними своими религиозными и бытовыми суевериями. Любопытна и их глубоко-оригинальная поэзия. Это народ такого широкого и при том древнего эпоса, подобно которому трудно встретить. Песни, сказки и былины осетин могут заполнить собою томы»*.

______________

* Марков Е. Очерки Кавказа. – Москва, 1913. – с. 165.

Ирæтты æвзаг хуымæтæг æвзаг нæу. Алы дзырды дæр дзы ис цавæрдæр уæларвон тых, цаврдæр энергетикæ. Фыссынад нæм фæзынд æрæджиау, фæлæ адæм сæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстад фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой ныхасы фæрцы.

Алы ирон хъæуы дæр уыди зарæггæнæг, кадджытæ дзурæг. Алкæмæн дæр сæ уыд йæхи хъысмæт, йæхи авналæнтæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи ном. Фæлæ уыцы нæмттæ се 'ппæт махмæ не 'рхæццæ сты. Æрмæст XIX æнусы кæрон номдзыд уырыссаг ахуыргонд В.Ф. Миллеры руаджы сбæрæг сты иуæй-иу кадæггæнджыты нæмттæ, стæй уацмыстæ кæд æмæ кæм фыст æрцыдысты, уыдон. Уæдæй фæстæмæ адæмон кадæггæнджытæм фылдæр æргом здахын байдыдтой ирон фольклор æмбырдгæнджытæ. Сæ удуæлдай фыдæбоны руаджы ирон адæмы абоны æмæ фидæны фæлтæрæн сæ бон у сæ фыдæлты поэтикон сфæлдыстады хуыздæр уацмыстæ кæсын, кадæггæнджыты сæ цæстытыл ауайын кæнын (хицæн адæймæгтæн дзы сæ къамтæ дæр баззадысты).

Кадæггæнæджы фæлгонц нæ цæстытыл ауайы Хъаныхъуаты Иналы фыст æмдзæвгæ кæсгæйæ:

Нæу афтид уазæгдон: æмбырдæй
Кæнынц ам хистæртæ ныхас.
Уыди лæгау-лæгтæ. Йæ фырттæй –
Сæрыстыр абон дæр Кавказ…

Изæр фæллад уды æрфæнды
Фæхъусын кадджытæм: Гæбис
Æриста рагъæнæй йæ фæндыр,
Æмæ ныддыз-дыз кодта хъис.

Æрыгас рагзаман. Ыстæртæ,
Фæдистæ, сгуыхтытæ, адзал…
Æхсарæй сæфтысты фæлтæртæ.
Æдзарæй цал бабын и, цал!

Цæры ныр зарджыты æнусмæ
Сæ кад, сæ лæджыхъæд, сæ тох.
Дзæнæт – сæ удты бадæн, рухсы
Сæ ном нæу байзæддæгтæй рох.
«Хохаг хъæуы»

Уыцы номдзыд зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæ уыдысты: Хуссар Ирыстоны брытъатыхъæуккаг Гатуты Дабег, джимарайæгтæ Хъалæгаты Иналдыхъо æмæ Дзанæгаты Гобæ, сыбайаг номдзыд цуанон Зорæты Дзотдзæ, задалескаг Бæзиты Саулох, уæллагмызураг Саулаты Дзæрæх, Зæронд Бæтæхъойыхъæуы цæрæг Зыгъуытаты Бибо, Тменыхъæуккаг Мысыкаты Темболат,Брутыхъæуккаг Санаты Уари æмæ бирæ æндæртæ.

Уыдонмæ адæмон зарджытæ æмæ кадджытæ æрхæццæ сты сæ фыдæлтæй æмæ уыдоны фыдæлтæй.

Сæйраг хай

Аргъæуттæ, зарджытæ, уыци-уыцитæ, æмбисæндтæ æмæ афтæ дарддæр хистæр кæстæрæн ирхæфсыны хуызы дзырдта. Уæлдай хорз адæмы зæрдæты уыцы хъуыддаджы баззад кадæг æмæ таурæгъгæнæг Зæронд Бæтæхъойыхъæуы цæрæг Зыгъуытаты Бибо. Уый бакуырм хæрз æрыгонæй, фæлæ ахæм зæрдæргъæвд уыд, æмæ йæхæдæг райдыдта таурæгътæ æмæ кадджытæ хъуыды кæнын, мелоди дæр сын хъуыды кодта йæхæдæг. Цæуыл зарыд, уыдон та фехъуыста адæмæй: кæй йæхи рæстæджы, кæцыдæртæ та уыдысты раджыйы хабар. Æмæ сæ зарыд йæхæдæг: хистæртæн-иутæ, кæстæртæн та æндæртæ. Уый тыххæй фыста Тугъанты Махарбег йæ уацхъуыдтæй иуы : « Репертуар его был настолько богат и неисчерпаем, что своими сказаниями и песнями, прибаутками и шуточными песенками и рассказами в течении всей свадебной недели мог занимать собравшийся на свадьбу народ. Для молодежи у него были веселые танцевальные мотивы, для любителей народных сказаний и исторических песен - богатые по содержанию и языку «кадджытæ».

Бибо сразæнгард кодта зындгонд ирон фыссæг Къубалты Алыксандры йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» ныффыссынмæ. Кадæджы арæх æмбæлы йæ ном.

Æнæмæнг, уæлдай хæзна уыдысты Нарты кадджытæ, уыдон адæммæ хаста канд Бибо нæ ,фæлæ иннæ кадæггæнджытæ дæр. Гъе æрмæст талынг дугимæ уыдонæн сæ кой фесефт, сæ заргæ уацмыстæ та баззадысты уымæн, æмæ сæ æрыгон фæлтæр зарыдысты. Бибо та амард XIX æнусы.

Зындгонд таурæгъгæнæг æмæ фыссæг Санаты Уарийы сфæлдыстад зынгæ бынат ахсы ирон литературæйы. Адæм ын стыр æхсызгонæй фæкæсынц йæ диссаджы таурæгътæ, поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ. Уыдон фыст сты хъæздыг æмæ нуарджын æвзагæй.

Санаты Умары фырт Уари райгуырд 1884 азы Бруты хъæуы. Аст азы йыл куы цыд, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Стъараполы гимназмæ.

Уари æнахъом лæппуйæ хистæртимæ арæх цыд цуаны. Цуанæттæй фыццаг хатт уæд фехъуыста Чермены æмæ Бæтæйы фыртты зарджытæ дæр.

1924 азы Уарийыл æрцыд æнæнхъæлæджы фыдбылыз: феваст æм хъыримаг, æмæ бакуырм. Уарийыл кæд ахæм æвирхъау хабар æрцыд, уæддæр йæхимæ нæ ныхъхъуыста. Æрлæууыд сфæлдыстадон фæндагыл, æмæ йæ къухы бафтыд стыр æнтыстытæ. Уымæн æрдз балæвар кодта æвæджиауы хъæздыг æвзаг. Тынг хорз зыдта ирон фольклор, адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Уыдонæй арæхстджынæй пайда кодта йæ литературон куысты дæр.

Уарийы хæстæгмæ чи зыдта ,уыдоны цæстыты раз нывгондæй баззад: нарæгастæу, рæхснæг æлвæст, дæргъæццонгомау цæсгом, æмраст фындз, æрттиваг цырыхъхъытæ, ирон галифе хæлаф æмæ дæлæмæ уагъд хæдон, сау бухайраг худ уæлæуæз конд.

Фæлæ Уарийы ирон адæм, фыццаджыдæр, зыдтой дæсны таурæгъгæнæг æмæ курдиатджын фыссæгæй. Уый литературон куыст кæнын райдыдта 1926 азæй фæстæмæ. Фыста æмдзæвгæтæ, таурæгътæ, ис æм драмон уацмыстæ дæр. Арæх ын мыхуыры цыдысты республикон газеттæ æмæ журналты. Адæм сæ кастысты зæрдиагæй.

Уарийы сфæлдыстады зынгæ бынат ахсы Чермены сурæт. Уацмыс «Чермен»-ын хицæн чиныгæй фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1949 азы Дзæуджыхъæуы. Иллюстрацитæ йын скодта номдзыд нывгæнæг Тугъанты Махарбег, йæ редактор та уыд нæ республикæйы адæмон поэт Плиты Грис.

Цынæ хонынц сæ зарджыты ирон адæм Чермены: лæугæ мæсыг, цæугæ хох, уадæмдых лæг, нæртон гуырд, æлдæртты цæстысындз, тыхджынты бонсæттæг, мæгуырты сæрхъуызой, æфхæрдтыты мæсыг.

Цыбыр, фæлæ рæсугъд уыд Чермены цард: нырттывта съалыйау, стæй ахуыссыд. Фæлæ йæ фæд баззад адæмы хъуыдыты, тæмæнтæ калгæ, рухсæй.

Уари хицæн эпизодтæ нæ фыста, уый Чермены цард æмæ тох равдыста æнæхъæнæй, йæ сабийы заманæй йæ амæлæты бонмæ, быдæй, амадæй. Йæ таурæгъы цы мивдисæг адæмы кой кæны, уыдонæй алкæмæн дæр, дæсны зæрингуырдау, æххæстгондæй æвдисы йæ хуыз, йæ митæ, йæ зæрдæйы уаг, нæлгоймагæй, сылгоймагæй, æлдарæй, дæлбары лæгæй.

Санаты Уарийы чиныг «Чермен» мыхуыры куы рацыд, уæд чингуыты тæрхæгыл æппындæр нæ афæстиат-уайтæккæ дæр æй алхæдтой чиныгкæсджытæ. Автор уым ирдæй æмæ бæлвырдæй равдыста ирон хъæбатыр гуырд, фæйнæгфарс Чермены фæлгонц. Чермен æвзонг лæппуйæ дæр тынг сæрæнгуырд кæй уыд, уый бæрæг у Санаты Уарийы чиныджы фыццаг рæнхъытæй дæр. Æвдисы йæ хъæбатыр, хъаруджын, ныфсхаст æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг адæймагæй. Автор æмбары, Чермены тох социалон кæй уыдис, зæхджынты ныхмæ арæзт кæй уыдис, уыцы хъуыддаг, æмæ уый бындурыл бæлвырдæй равдыста Чермены фæлгонц.

Чермен кæд цыфæнды хъæбатыр уыд, уæддæр ын æрдз радта фæлмæн, æууæндаг æмæ тæригъæдгæнаг зæрдæ. Мæгуыр адæм æдзухæй дæр æмбырд кодтой Чермены алыварс, æууæндыдысты йыл æмæ йæм кæддæриддæр хъуыстой зæрдиагæй.

Санаты Уарийæн нырма йæ хъæздыг æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстад биноныггонд нæма æрцыд. Уарийы æппæт сфæлдыстадон бынтæ дæр хицæн чиныгæй куы рауадзиккой, уæд уый уаид тынг зынаргъ лæвар нæ ирон чиныгкæсджытæн.

Мысыкаты Темырболаты-фырт Темболат дæр уыди зындгонд ирон кадæггæнæг.

Райгуырд 1875азы Тменыхъæуы. Фæстæдæр бинонтæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ æрцардысты Бруты. Темболат ахуырмæ бацыд кадетты скъоламæ æмæ йæ каст фæци æнтыстджынæй. Фæлæ Уырыссаг-япойнаг хæст куы райдыдта, хъазахъхъаг æфсады къордимæ 1904-1905 азты архайдта уыцы хæсты.

Темболатыл фынддæс азы куы сæххæст, уæд тынг арæхстджынæй райдыдта хъисын фæндырыл цæгъдын. Музыкæмæ уарзондзинады тых та йын йæ зæрдæйы сæвзæрын кодта, уыцы рæстæг зындгонд кадæггæнæг, джимарайаг Хъалæгаты Иналдыхъо.

Иналдыхъо та уыцы сфæлдыстадон бынтæ райста Дзанæгаты Гоба æмæ сыбайаг цуанон Зораты Дзоццæйæ. Хъалæгаты Иналдыхъойы сфæлдыстады уидæгтæ арф ацыдысты рагзамантæм, Нарты кадджыты вариантмæ. Уыдонæй уæлдай ма Иналдыхъо зындгонд уыд, куыд хицæн кадджытæ æмæ зарджыты автор. Уый ныхæстæй фыст æрцыдысты Нарты кадджытæ ссæдзæй фылдæр уацмысы æмæ æхсай зарæджы.

Фольклоры иннæ бынтæ та Темболатмæ фæхæццæ сты брутаг Цъæхилты Бибо, Елхотæй Бицаты Бечыр æмæ санибайаг Дзусты Раманæй. Уымæй фехъуыста Темболат Нарты Батрадзы æмæ Азауханы кадджыты музыкæ. Йæ курдиаты цæхæр ын тынгдæр ссыгътой ацы уацмыстæ æмæ хурмæ нывæзтæй Темболаты аивадæй зæлыдысты Иры кæмттыл æмæ фæзтыл.

Мысыкаты Темболат тынг дæсны уыд италиаг дыууæтæнон классикон скрипкæйыл цæгъдынмæ дæр. Йе сфæлдыстад хъахъхъæд æрцыд, Темболаты рæстæг зындгонд музыкант Виктор Долидзейы фæрцы. Виктор æмбырд кодта адæмон фольклор, æмæ-иу Брутмæ куы ацыд, уæд, æнæмæнг, фыста Темболаты зарджытæ, кадджытæ. Долидзейы руаджы Темболаты уацмыстæ канд гæххæттыл нæ, фæлæ «виниловые», кæй хуыдтой , ахæм пластинкæтыл фыст æрцыдысты. Æлборты Барысби та сæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæн институты архивы бафснайдта. Хетæгкаты Къостайы номыл музейы абон дæр фенæн ис Темболаты хъисын фæндыр æмæ цухъа. 1949 азы Темболаты зарджытæ, кадджытæ æмæ суанг адæмон кæфтыты музыкæйы нотæтæ æмæ тексттæ та æвæрд æрцыдысты Дзлиаты Дибæханы хи архивы. Уыдон сты: « Нарты Уырызмæджы», «Нарты Батрадзы», «Нарты Сæуæссæйы», «Нарты Азауханы», «Нарты Уырызмæг æмæ иуцæстон уæйыджы» кадджытæ. «Сидзæр сывæллæтты мад», «Мæгуыр лæг»-ы аргъæуттæ æмæ «Аслæнбеджы зарæг».

XIX æнусы 70-æм азты райдиан фæзындысты уырыссаг ахуыргонд В.Б. Пфаффы куыстытæ ирон адæмы историйы тыххæй. Йæ куыстыты ис цалдæр Нарты кадæджы, Хæмыцаты æмæ Цæргæсаты историон хабæрттæ, Ос-Бæгъатыр æмæ Нузалы аргъуаны фыстытæ æмæ æнд.** Фыст сты Пфаффæн йæхи ныхæстæй, уымæн æмæ куыд дзырдта фæстæдæр, афтæмæй йын нæ уыд ахуыргонд æххуысгæнæг ирæттæй сæхицæй, цæмæй фольклорон тексттæ фыст æрцыдаиккой.

______________

** Пфафф В. Путешествие по ущельям Северной Осетии. – Тифлис, 1871.

Ирон адæмæн æнæкæрон бирæ хæрзты чи бацыд, уыдонæй иу уыд Всеволод Федоры фырт Миллер. Фыццаджыдæр Миллер наукон æгъдауæй ныффидар кодта немыцаг ахуыргонд Карл Мюлленгорфы хъуыды, ирон адæм рагон скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæй кæй баззадысты, уый. Йæхæдæг йæхи цæстæй куы федта ирон адæмы царды æууæлтæ, куы фехъуыста зæронд кадæггæнджытæй Нарты таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, уæд дисы бацыд: куыд баззадысты ирон адæммæ скифты царды миниуджытæ? Миллер ирон адæмы тыххæй фыста, Европæйы цы егъаудæр журналтæ цыд, уыдонмæ. Афтæмæй чысыл ирон адæмы айхъуысын кодта æнæхъæн дунейыл.

Всеволод Миллер æртыназдзыдæй бауарзта нæ бæстæ, нæ адæм, æмæ суанг йæ амæлæты онг нæ ныууагъта ирон адæмы истори, этнографии, фольклор æмæ æвзаг иртасын. Ирон æмæ дыгурон диалекттæ афæдзмæ афтæ базыдта, æмæ йæ дзургæйæ ирæттæ иронæй нæ иртæстой, дыгурæттæ та дыгуронæй.

Миллер Мæскуыйы университеты райдыдта кусын. Зæрдиагæй архайдта уырыссаг героикон былинæты генезис раргом кæныныл. Æндæр адæмы тæваг сæм кæй ис, ууыл дызæрдыг нæ кодта, фæлæ цавæр адæмы? Рагон хроникæтæ æмæ антикон фыстытæ иртасгæйæ æрцыд ахæм хатдзæгмæ: славянты фыдæлтæ дæргъвæтин рæстæг æнгом баст уыдысты сæ царды скифтæ æмæ сæрмæттимæ. Диссаг æм фæкастысты скифты æмæ сæрмæтты хъæбатыр царды æууæлтæ æмæ уыдонимæ баста уырысы героикон былинæты равзæрд. Агурын райдыдта уыцы адæмты фæд. Куы базыдта, скифты æмæ сæрмæтты байзæддæгтæ чысыл къордæй цæрынц Кавказы хæхты бæрзæндты, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Æрæмбырд кодта, ирон адæмы тыххæй цыдæриддæр фыст уыд, уыдон.

Фыццаг хатт Всеволод Миллер Ирыстонмæ ссыди 1879 азы сæрды. Йæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдоны тыххæй фыста йæ фæндаггон очеркы «В горах Осетии». Мыхуыр æрцыд 1881 азы. Æрхæсдзыстæм ын йæхи ныхæстæ.

«-Цель моей поездки в Осетию была лингвистическая и этнографическая… Познакомившись с осетинским языком по грамматике А.Шегрена и текстами, изданными академиком Шифнером, поставил себе задачей – изучить на месте диалекты осетинского языка и записать в текстах произведения народной словесности, прежде всего, т.н. нартовские (богатырские) сказания. Затем песни, сказки, местные предания и тому подобное».

Дзæуджыхъæуы Миллер баиу дыгурон лæппу Кокиты Сæууаимæ. Сæууай сразы Миллеримæ хæхтæм ацæуынмæ. Фыццагдæр ацыдысты Уæлладжыры коммæ бæхтыл. Æрфысым кодтой зынгæ ахуыргонд, этнограф Гатуты А.-мæ. Цалдæр боны Миллер фæхъуыста уыцы куырыхон лæджы ныхæстæм ирон адæмы царды æууæлты тыххæй.

Садонæй Зджыды æфцæгыл Миллер æмæ Сæууай ахызтысты Дыгургоммæ. Ам Всеволод Миллер райдыдта дыгуронау дзурын ахуыр кæнын. Бирæ алыхуызон æрмæг æрæмбырд кодтой бæлццæттæ Дыгургомы. Федта Нузалы рагон аргъуан, ирон кувæндæттæ. Дзæвгар æрмæг аласта йемæ Мæскуымæ***. Йæ бирæ фæллæйты æхсæн ахсджиаг бынат ахсы «Осетинские этюды»****. Йæ ацы куысты тыххæй Миллер æвзæрст æрцыд Уæрæсейы Академийы академикæй.

______________

*** Гæбæраты Н., Агънаты Ё. Академик В.Ф.Миллер // Мах дуг. – 1990. № 7. – ф. 87.
**** Миллер Всеволод. Осетинские этюды. - Владикавказ, 1992.

Всеволод Миллер бирæты фæцалх кодта ирон адæмы истори, æгъдæуттæ, кадджытæ, зарджытæ иртасынмæ. Уыдонимæ Собиты Инал, Гарданты Михал, Гуыриаты Гагуыдз, Мысыкаты Мæхæмæт, Æмбалты Цоцко, Хъайтмазты Аслæмырзæ æмæ бирæ æндæртæ.

Кæронбæттæн

Таурæгъ æмæ кадæггæнджытæ кæрæдзийы хорз зыдтой, иу хъæуæй иннæ хъæумæ, иу комæй иннæ коммæ цыдысты ахуыр кæнынмæ. Фæлтæрдджынтæ не’вгъау кодтой сæ зонындзинæдтæ æмæ сæ цæстуарзонæй лæвæрдтой, ахуыр кæнын кæй фæндыд, уыдонæн.

Кадджытæ æмæ таурæгътæн стыр хъомыладон нысан уыди сæ мидисы. Сæ архайджыты сгуытдзинæдтæм хъусгæйæ, бирæ фæсивæды фæндыд се’мрæнхъ лæууын. Кæй фæрцы нæм æрхæццæ сты, уыдон та уыдысты стыр курдиаты хицæуттæ.

Алчидæр дæр сæ куыста иудадзыг йæхиуыл. Фыссынад нæ уæвгæйæ, уыдон сæ зæрдыл дардтой сахат, дыууæ сахатæй æмæ фылдæр рæстæг кæй зарыдысты, уыцы тексттæ, мелодитæ. Уый та уый бæрæггæнæн уыд, æмæ сæры зондæй дæр фидар кæй уыдысты, уæды заманы дзæвгар азтæ кæуыл цыд, уыдонмæ дæр мæрдырох кæй нæ хæццæ кодта.

Нæ хъуыстгонд кадæг æмæ таурæгъгæнджытæ сæ зард рæсугъд кодтой фæндыры фæрцы. Фæндыртæ та уыдысты алыхуызон:

  • хъандзал фæндыр
  • хъисын фæндыр,
  • хъырнæг фæндыр
  • дыууадæстæнон фæндыр
  • дала фæндыр

Алы кадæг æмæ таурæгъгæнæг йæхæдæг йæхицæн арæзта ахæм фæндыртæ. Пайда кодтой æнгуз, тæрсæй,сусхъæдæй, кæрдо хъæдæй – уыдонæй конд дзаума зæлланг кæны.

Фæндыры зæлтæ æмæ адæймаджы зард иумæ хъусæджы буары уагътой цаврдæр уæларвон, магион тых æмæ йын сæфтой йе’уæнгты рис æмæ фæллад, зæрдæйы сагъæстæ æмæ мæт, æмæ йын хастой æнцойдзинад, рогдзинад, æдыхстдзинад.

Абон Ирыстоны кадæг æмæ таурæгъгæнджытæ цырагъы рухсæй дæр нал ис ссарæн. Кæмдæр ма искуы иу фæзыны. Фæлæ сын сæ фарн дæрддæр хæссынц ирон адæм, сæ зæрдыл сæ дарынц.

Кадæггæнджыты нæмттæн рохгæнæн нæй, уымæн æмæ уыдоны фæрцы ирон адæмы культурæ у хъæздыг. Историон таурæгъ, кадæг, историон зарæг сты историон æцæгдзинад æвдисæг. Кæй фæрцы нæм æрхæццæ сты, уыдоны нæмттæ та сты зырдыл даринаг æмæ сæ иннæ фæлтæртæн дзуринаг.

Литературæ

  1. Пфафф В. Путешествие по ущельям Северной Осетии. – Тифлис, 1871.
  2. Миллер Всеволод. Осетинские этюды.- Владикавказ, 1992.
  3. Гæбæраты Н., Агънаты Æ. Академик В.Ф.Миллер // Мах дуг. – 1990. № 7. – ф. 87.
  4. Марков Е. Очерки Кавказа. – Москва, 1913. – с. 165.
  5. Газет «Рæстдинад» №76,2023 аз.
  6. Газет «Рæстдзинад» № 157, 2022 аз.