Адæмон зарæггæнæджы хъысмæт ивгъуыд заманы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хъуыбады» – мæ гæсгæ

Разделы: Краеведение

Класс: 7


Нысан:

  • Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй зонындзинӕдтӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнын;
  • Рдзурын скъоладзаутæн Хъуыбадыйы хъысмæт, йæ фæлгонц;
  • Сбæрæг кæнын, куыд баст сты поэты цардвæндагимæ.
  • Ӕрдзы æрфыстыты ахадындзинад раиртасын.
  • Аивадмæ уарзондзинад гуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты.

Литературон теори: пейзаж.

Цæстуынгæ æрмæг: æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр», Хъуыбадыйы цагъд, Тугъанты Махарбеджы ныв «Хъуыбады», Къостайы портрет.

Урочы эпиграф:

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -
Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.
Къоста

Урочы структурӕ. (Мотиваци – ӕмдзӕвгӕ «Хуры тын» кӕсы Малиты У.)

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг

Абон нæ урочы цæуыл æмæ кæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн нын феххуыс уыдзысты Малиты Уырызмæг, не скъоладзау, цы æмдзæвгæ дзуыры, уыцы рæнхъытæ:

Кæй кой кæны Уырызмæг? (Къстайы)

Урочы мидис.

II. Разныхас. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын

Ахуыргæнинæгтæ дзурынц Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс» зæрдывардæй ӕмӕ йӕ цард, йӕ сфӕлдыстадӕй зонындзинӕдтӕ фӕбӕлвырддӕр кӕнынц. (Слайд)

1. Беседæ.

Кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд Къоста? (1859азы, Нары)
- Къостайы мады ӕмӕ фыды тыххӕ цы зонут? (Гуыбаты Мария, Елызбары фырт Леуан)

- Кӕмыты ахуыр кодта Къоста? (Нары, 1868 азы дӕсаздзыд лӕппу ахуырмӕ бацыд Дзӕуджыхъӕуы прогимназмӕ, 1870 азы та Леуан бирӕ хохӕгтимӕ алыгъдысты Кубаны облӕстмӕ ӕмӕ 1871 азы Къоста сси Стъараполы гимназы ахуырдзау. Фӕци дзы 10 азы. Гимназы раргом йӕ курдиат – ныв кӕнын ӕмӕ литературон уацмыстӕ фыссынмӕ)

- Къостайы курдиатӕн стыр аргъ чи скодта йӕ ахуыргӕнджытӕй? (В.И.Смирновы амындмӕ гӕсгӕ 1881 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд Бетъырбухы Аивӕдты академимӕ)

- Аивӕдты академи каст фӕци Къоста? ( Нал ын фыстой степенди, зын уавӕры уыд Къоста ӕмӕ йӕ ахуыр ныууагъта. Сыздӕхт Ирыстонмӕ 1885 азы)

- Цӕмӕн хонӕм Къостайы ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕг? (Уымӕн ӕмӕ аив литературон ӕвзагыл фыццаг Къоста райдыдта фыссын)

- Куыд схуыдта Къоста йӕ сӕйраг ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд? («Ирон фӕндыр») Кӕд рацыд мыхуыры? (1899 азы)

- Цавӕр нывтӕ зонут Къостайӕн? (Ӕрдзон хид, Дурсӕтджытӕ, Кӕуӕг айнӕг, Цъити, Тебердайы ком, Дондзау, Зикъарайы ӕфцӕг)

Дзурæм «Ныфс» зæрдывæрдæй

- Поэт нæ байхъуыста йæ фыды ныхасмæ. Цы дзуапп ын радта?

Нӕ байхъуыста йӕ фыдмӕ , уымӕн ӕмӕ цардмӕ ӕмхуызон цӕстӕй нӕ кастысты. Къоста йӕхицӕн ӕнцой цард нӕ агуырдта, уый фӕндыд йӕ мӕгуыр адӕмӕн истӕмӕй аххуыс кӕна, сӕ зӕрдӕты сын рухс бауадза. Уымӕн зӕгъы лӕгъстӕгӕнӕгау йӕ фыдӕн:

Тызмæгæй мæм ма кæс,
Мæ фыды зæронд,
Дæ зæрдæмæ ма хæсс
Мæ зæрдæйы конд!
Йæ фыды фæндиаг
Кæм вæййы фырт дæр? —
Лæппуйæ рæдиаг
Нæ вæййы æвзæр!

- Уӕдӕ кӕд йӕ фыды афтӕ уарзта, уӕд цӕуылнӕ сразы Къоста йӕ фыды фӕндоныл?

Уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты паддзахы фӕсдзӕуинтӕ, хъахъхъӕдтой паддзахы фидардзинад. Къостайӕн та йӕ царды нысан уыд рӕстдзинадыл тох кӕнын, уыдоныл йӕхи нӕ барста.

Æз топпæй нæ хъазын,
Æз барæг нæ дæн;
Æхсаргард æсласын
Мæ бон нæу мæнæн…

Поэтӕн ӕнӕуынон уыдысты, мӕгуыр фӕллойгӕнӕг адӕмы туг чи цъырдта, уыцы хъалтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕ:

Фæхудæнт мыл хъалтæ,
Ды се 'мбал нæ дæ!

- Кӕцы рӕнхъыты бавӕрдта поэт ӕмдзӕвгӕйы сӕйраг хъуыды?

Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæнæн дæр цæттæ!
Мæ гутон, мæ галтæ —
Мæ фæндыр, мæ зонд;
Мæ кадæг, мæ зарæг —
Мæ цард хоры конд.
Нæ дзыллæйы зæрдæ —
Мæ хуымгæнды хай;
Нæ бæсты сагъæстæ —
Мæ фæззыгон най…

- Куыд ӕмбарут, ӕмдзӕвгӕйы цы рӕнхъытӕ ӕрхастат, уыдоны фӕсномыг хъуыды?

Къоста «йӕ фӕндыр, йӕ зонд, йӕ кадӕг, йӕ зарӕг нымайы йӕ мулк, йӕ исбон, йӕ царды ӕппӕты стырдӕр хӕзнайыл. Уыдон сты йӕ гутон дӕр, йӕ галтӕ дӕр, йӕ фӕззыгон най дӕр» Поэт йӕ дзыллӕйы зӕрдӕ хоны йӕ хуымгӕнды хай, йӕ бӕсты сагъӕстӕ та-йӕ фӕззыгон най. Ома, адӕмы зӕрдӕты тауын мӕ зонд, мӕ хъуыдытӕ, тох кӕнын сӕ фидӕны рухсддӕр ӕмӕ амондджындӕр цардыл.

Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта Къоста йеʾмдзæвгæйы? (Метафорæйæ)

- Цӕмӕн схуыдта Къоста йе 'мдзӕвгӕ «Ныфс»? Цӕмӕй ӕвӕры ныфс поэт йӕ уарзон фыдӕн?

Къоста йӕ фыды ӕууӕндын кӕны, цӕмӕй йӕ фыртӕн ма тӕрса мӕгуырӕй, ма тыхса йӕ фидӕныл. Царды ахӕм фӕндаг йӕхицӕн чи равзары, уымӕн мӕгуырӕй тас нӕу. Поэты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый у адӕймаджы ӕппӕты стырдӕр хъӕздыгдзинад. Йе мдзӕвгӕ «Ныфс» дӕр уымӕн схуыдта.

Хатдзæг. «Ныфс» у Къостайы лирикон ӕмдзӕвгӕты хуыздӕртӕй иу. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ у автобиографион уацмыс. Уый у ӕппӕтӕй дӕр поэты монолог. Къоста йе 'мдзӕвгӕйы ныхас кӕны йӕ фыдимӕ, царды йӕхицӕн цы фӕндаг равзӕрста, йӕ зонд, йӕ хъару цы хъуыддагӕн снывонд кодта, уый тыххӕй. Къоста сывӕллоны бонтӕй фӕстӕмӕ тынг бирӕ уарзта аивад. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта Бетъырбухы Аивӕдты академимӕ бацӕуын. Леуаны та тынг фӕндыд, цӕмӕй йӕ иунӕг фырт суыдаид афицер. Къоста бирӕ уарзта йӕ фыды, кодта йын кӕддӕриддӕр стыр аргъ, йӕ фӕндоныл ын дыууӕ никуы загъта, уӕдӕ йӕ зӕрдӕхудты дӕр никуы бацыд.

Къоста йӕ фыдмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕн хорз ӕвдисӕн сты поэты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Мӕ фыды ӕз канд уарзгӕ нӕ, фӕлӕ ма йын кодтон ӕнӕкӕрон аргъ… Уымӕй хӕрзӕгъдаудӕр, ӕууӕнкджындӕр ӕмӕ мулкыл къаддӕр чи зыд кодтаид, ахӕм лӕгыл ӕз никӕддӕр ӕмӕ никуыдӕр сӕмбӕлдтӕн. Ӕрмӕст дзӕвгар рӕстӕг не 'мбӕрста, Аивӕдты академимӕ цӕмӕн бацыдтӕн, уый. Уый тынг фӕндыд, цӕмӕй ӕз ӕфсӕддон суыдаин, фӕлӕ ӕз та уӕды заманы дӕр принципиалон ӕгъдауӕй кастӕн ӕфсӕддон службӕмӕ ныры хуызӕн».

Леуан раззагон лӕгыл нымад уыд, ахуыргонд уыд уӕды ӕхсӕнады, бузныг уыд йӕ цардӕй ӕмӕ йӕм хорз кастис йӕ професси дӕр. Фӕлӕ Къоста нӕ ацыд йӕ фыды зондыл уымӕн ӕмӕ цардмӕ ӕмхуызон цӕстӕй нӕ кастысты.

Къостайы поэзийы егъау бынат ахсы аивады æнæмæлгæ темæ. Уый хъайтарон сгуыхты æмрæнхъ æрæвæрдта сфæлдыстадон куыст, хæстон хотыхты ныхмæ – фыссæн сис, музыкалон нотæтæ, нывгæнæджы ахорæнтæ.

«Хъæздыг æмæ бонджын у Къоста. Уый у хур æмæ дзырды бардуаг», афтæ загъта Джыккайты Шамил.

III. Ног æрмæг бацамонын

1. Разныхас.

Абон мах дарддæр æвзардзыстæм, куыд уыд курдиатджын адæймаджы хъысмæт Къостайы заман. Дзырды гени «Ирон фæндыр» - ы титулон фарсыл фыст ис: «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ».(Слайд)

Нæ фыдæлтæ - иу дзырдтой,зæгъгæ, хорз лæг, дам, адæмæй хæс дары.Кæд искуы искæмæн бафтыди йæ хæс бафидын йæ адæмы æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы раз, уæд уый, æнæмæнг, уыд Къоста. Райхъуыстысты, хъуысынц æмæ æнустæм хъуысдзысты йæ диссаджы æмдзæвгæтæ зарæгау. Йе ’мдзæвгæты рæнхъытæ музыкæйы зæлтау адæймагæн хæссынц æхсызгондзинад.

Уымæн æвдисæн, нæ абоны урокæн эпиграфæн цы рæнхъытæ райстам уыдон дæр.

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт, -
Дунеты се′ппæт мæхимæ æрхонин,
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.
Къоста

(Бакæсын фыццаг дыууæ рæнхъы. Логикон цавд дзырдтæ «зарын» æмæ фæндыры хъазт» -ыл.)

Алы адæймагмæ дæр ис бæллицтæ, фæндтæ. Иу адæймаг хæлæг кæны иннæмæ. Æрмæст хæлæгæн йæ бындур вæййы фæйнæхуызон; чи хæлæг кæны зондмæ, чи мулкмæ, чи æнæниздзинадмæ, чи та æндæр истæмæ.

- Кæмæ æмæ цæмæ хæлæг кæны поэт?

- Хæлæг кæны нарты Ацæмæзмæ, фæнды йæ уыйау зарын зонын.)(слайд 6)

- Ноджы дæр ма цы фæнды поэты?

-Зарынæй уæлдай ма йæ фæнды, цæмæй йæ фæндыры хъазт сыхъуыса арвмæ.

Ахуыргæнæг. Уæдæ мах абон дзурдзыстæм зарæггæнæг æмæ йæ хъысмæтыл.

Цыбырæй ма мын радзурут, фæндыры фæзынды тыххæй. Чи йæ сарæзта? Цæмæй арæзт уыд? Цы æххуыс æрхаста фæндыр йæ саразæгæн? Цавæр ныхæстæ загътой нарт Сырдоны фæндыры тыххæй? (слайд 7, 8)

Ахуыргæнæг. Хъисын фæндырæй уæлдай ма нæ фыдæлтæм уыд æндæр музыкалон инструменттæ дæр. Уыдон сты (Слайд 9, ранымайын сæ. Бакæсын хъисын фæндырыл фыст рæнхъытæ æмдзæвгæйæ.)

Чи зоны, æмæ ацы рæнхъытæ загъта Сырдон йæхæдæг æмæ бафæдзæхста йæ фæндырæн, цæмæй «макуы цæгъда мæнгтæ», дзура рæстдзинад йæ фæстагæттæн.

Ноджы ма нæ фыдæлты уырныдта, хъисын фæндырæн уæларвон тых кæй ис, йæ бон алыхуызон бардуæгтимæ дзурын кæй у, уый. Фæндыры цагъдмæ – иу рынчыны раз кодтой «дзуары зарджытæ», афтæмæй йын сырдтой йæ рын. Хъисын фæндыры фæрцы - иу нæ фыдæлтæ базыдтой боны хъæды ивддзинæдтæ: уарынты размæ –иу хъисын фæндыр райдыдта хъым – хъым кæнын. «Дæ хъисын фæндыр цы зæгъы, къæвда уыдзæн æви нæ? - афарстой – иу фæндырдзæгъдæджы.

Хъисын фæндыры фæрцы – иу сбæрæг кодтой, зæй кæнæ миты бын фæуæг мард кæм агургæ у, уый: фæндыры зæлтæ – иу уыцы ран æрмынæг сты.

Хъисын фæндыры миниуджытæ сæм гуырын кодтой алыхуызон хъуыдытæ.

Ацæмæз æмæ Сырдоны тæвагæй бирæтæ фæхайджын сты. Хъæздыг у нæ Ирыстоны истории зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæй. (слайд 11–14)

- Цал тæнон уыд Сырдоны фæндыр та?

- Дыууадæстæнон.

Ахуыргæнæг. Дыууадæстæнон фæндырæй цагъта 1952 æм азы Хъаныхъуаты Никъала. Цагъта дзы бадгæйæ, фæндыр йæ уæрджытыл æрæвæргæйæ. Иннæ рагон фæндыртæй дæр цагътой кадæггæнджытæ ахæм хуызы. Цагътой дзы фольклорон уацмыстæ, «Нарты кадджытæ». Уыцы хабæрттæ уыдысты æрæджы дæр ма…

Хетæгкаты Къоста фыста: «Адæмон сфæлдыстады ацы къабаз уæлдай уарзондæр æмæ зæрдæмæ-хъаргæдæр у.»

Къостайы поэзи арф уидæгтæй баст у адæмон сфæлдыстадимæ. Йæ поэзи йæ адæмондзинадæй арфдæр хъары адæмы зæрдæтæм. Стыр дисыл æй æфтыдтой мидисджын аргъæуттæ, кадджытæ, æмбисæндтæ чи æрымысыд, уыцы стыр курдиаты æмæ куырыхон зонды хицау адæм.

Куыд схуыдта Къоста йæ фыццаг чиныг æмæ йыл цавæр ныв ис?

(«Ирон фæндыр» Ацæргæ кадæггæнæджы ныв, йæ къухы хъисын фæндыр). (слайд 16)

Гъе, уыцы зарджытæй иу у «Хъуыбады».

2. Дзырдуатон куыст

Бындур – къона.
Уысмæн над – арæх над.
Цардуалдзæг – сабибонтæ, сывæллоны бонтæ
Калак – Тбилиси.
Ныхас – адæм–иу сæ царды ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынмæ кæдæм æрæмбырд сты, ахæм бынат.
Фæсал – хус фæлмæн кæрдæг.
Уæзæг- фахс, æврагъ,обау.
Къæрид кæрц – ам; зæронд скъуыдтæ кæрц , дæрдджын æмпылд кæрц.
Ривæддон – фос сихорыл кæм фæулæфынц, ахæм бынат.
Уысм - хæрз цыбыр рæстæг, иу минут.
Бæрз бызычъи – берёзовый нарост.

Æмдзæвгæ кæсын музыкæйы фоныл

ХЪУЫБАДЫ

VI. Текстыл куыст

Дзуœппытœй иутæ лœвœрд цœуынц œмдзœвгœйы рœнхъытœй.

- Цæуыл фыст у æмдзæвгæ «Хъуыбады»?

- Адæмон курдиатджын зарæггæнæджы хъысмæтыл.

- Куыд æрвыста йæ сывæллоны бонтæ?

Бæгънæг, бæгъæввад,
Ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, –
Хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй

- Цæмæй рухс кæны йæ зæрдæ?

- Йæ фосы дзугæй, æрдзы уындæй.

- Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны поэт, Хъуыбадыйы зæрдæйы уаг раргом кæнынæн?

Пейзажæй, æрдз æвдыст цæуы æнкъардæй.
Бæрзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Æгомыг бæлас

- Цавæр æмбисæндтæй спайда кодта фыссæг?

1.Фæскъæвда хур бон.

2. Æнæ аххосæй
Фыййауы фосæй
Нæ хæссы бирæгъ!

3. Æмбаргæ фыййау
Иæ фосы рæгъау
Нымадæй дары.

4. Лæгдзарм тæнæг у,
Æлдар фыдлæг у,
Мæлын кæй фæнды?..

3. Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта ацы æрфыстыты Къоста? (Къордты куыст)

Пейзаж – æрдзы нывтæ аивадон уацмысы. Ам – контрасты хуызы: æнкъард Хъуыбадыйы зæрдæйы уаг – хъæлдзæг æрдз. Æрдз дæр дисы бацæуы Хъуыбадыйы курдиатмæ кæсгæйæ.

Синквейн саразын.

4. Æмдзæвгæ кæсын хайгай.

Разныхас.

Хъуыбады – фæндырдзæгъдæг.
Йæ сабийыбонтæ.
Ам уæм æвирхъау цы фæкаст?
«Хæфсытæ уасыд йæ къахы скъуыдтæй».
Ахæм æрфыст нæй Дантейы «Зындон»-ы дæр, æлгъыстытæ.
Хъуыбады – фыййау.

Йæ зæрдæ не сдæрзæг ис, кæд рæвдыд никæмæй зыдта, уæддæр. Уый у иунæг.
Адæймаг æмæ æрдзы иудзинад.

4. Хъуыбадыйы аивады мидис. (Сырдон, Ацæмæз – слайдтæ).

Хъысмæты цæхгæр фæзилæн.

Хъуыбадыйы цæугæцард. (Хъуыбады æмбæлд алыхуызон адæмтыл, базыдта сын се ʾгъдæуттæ, сæ цардыуаг. Фæлæ йæ йæ алæмæты аивад нæ бахызта хъысмæты цæфæй: бакуырм, афтæмæй æрыздæхт фæстæмæ. Бынтæ не скода, фæлæ уыйхыгъд йæ ном хъуыстгонд у алкæмæн.

5. Бацамонут, поэт æмæ фæндырдзæгъдæджы царды иумæйагæй цы ис.

Тугъанты Махарбеджы иллюстраци «Хъуыбады»-мæ гæсгæ куыст.

Хъуыбадыйы алыварс цы адæм ис, уыдон æм цы цæстæй кæсынц? Къоста та?

Уый кадæгмæ иннæты хуызæн нæ хъусы, фæлæ æндæр уагыл: базоныны, банкъарыны нысанимæ. Ома, ахуыргонды, фыссæджы цæстæнгасæй йын аргъ кæны.

V. Рефлекси

VI. Къордты куыст

Равдисут уœ ахаст Хъуыбадымœ. Дарддœр ахœццœ кœнут хъуыдыйœдтœ:

1 къорд. Æз куы уыдаин дымгœ, …

2 къорд. Æз куы уыдаин œлдар, …

3 къорд. Æз куы уыдаин цœргœс, …

Цавœр хатдзœгтœ скœнын у нœ бон абоны урокœн?

а) Цы базыдтам ногœй…

æ) Мœ зœрдœмœ фœцыд…

б) Цымыдиссагдœр уыд…

в) Фæндырдзæгъдæг

«Йæ салд æрчъийæ фосæн фæсал чи ласы, уый зæххон лæг нæу, уый бады зæдты уæлейæ. Стонг æмæ уысмæннадæй чи зары, уый нæртон дæр у трагикон Сырдонæй. Хуымæтæг поэзийы адæймаг уарзы æрдз, æмбары йын йæ улæфт. Алæмæт поэзийы адæймаджы уарзынц хæхтæ, къæдзæхтæ, æгомыг бæлæс… зарынц фыййауæн… «сæ сусæг ныхас». Джыккайты Шамил.

VII. Хæдзармæ куыст

Æмдзæвгæйæ 10 строфайы зæрдывæрдæй дзурын сахуыр кæнын.

VIII. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын