О героях в Осетии не плачут, о них песни поют

Разделы: Краеведение, Патриотическое воспитание

Ключевые слова: Великая Отечественная война 1941-1945 гг.


Нысан:

  • ӕрымысын, Фыдыбӕстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдон рухс ном;
  • нæ фыдæлты хъæбатырдзинад æмæ намысæн аккаг аргъ кӕнын;
  • Райгуырӕн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, ныфсхаст æмæ хъæбатыр уæвыныл ахуыр кæнын ахуырдзауты.

Цели:

  • Вспомнить имена тех героев, погибших во время Великой Отечественной войны;
  • Достойно оценить храбрость, честь и мужество наших предков;
  • Воспитывать у учащихся чувства любви к Родине, чувства гордости и храбрости.

Уырызмæг: Фарн уæм бадзурæд æмæ уæ бон хорз нæ буц уазджытæ!

Валерия: Æгас нæм цæут æмæ уæлахиз ут æдзухдæр уæ цард æмæ уæ арфæйаг куысты!

(Хъуысы Плиты Иссæйы зарæг)

Уырызмæг: Сау мигътæ æнæнхъæлæджы æрбацыдысты ныгуылæнæй. Советон адæмы сабыр амондджын цард хæлд æрцыд: фашистон лæгмартæ æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ.

Валерия: Ӕппӕт советон адæм: стырæй - чысылæй, зӕродӕй - ӕрыгонӕй карз тохы бацыдыстыӕ сӕ Фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау немыцаг фашисттимæ.

Уырызмӕг: Ацы аз у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 78 азы. 1941 азы райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Валерия: Азтæ цæудзысты, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау азтæ, дзыллæты амонды сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы хæстонты рухс нæмттæ, се'сгуыхтдзинæдтæ нæ уыдзысты махæй рох!

Уырызмæг: Цыппар азы дæргъы советон адæм фæцыдысты хстон æмæ лæгæвзарæн тохы фæндæгтыл. Уымæн æмæ зæрдæйæ уарзтой, æцæгæй аргъ кодтой сæ Фыдыбæстæйæн.

Валерия: Уæззау уаргъ бафыстой нæ бæстæйы адæм. Сæ цардæй, сæ тугæй балхæдтой Уæлахиз.

Уырызмæг: Бирæ туг ныккалд уыцы хæсты, уыимӕ ирон туг дӕр. Чысыл Ирыстонӕй хӕсты быдырмӕ ацыд 92 (нӕуӕдз дыууӕ) мин адӕймаджы.

Валерия: Уыдонӕй 45500 ӕнустӕм баззадысты Уӕрӕсейы ӕмӕ Европӕйы быдырты. Бирӕтӕн сӕ ингӕнтыл абон дӕр нӕй сӕ нӕмттӕ фыст.

Уырызмӕг: Ирон адӕм сӕ сӕр бӕрзонд хӕссынц ӕфсады инӕлар Плиты Иссӕйӕ - Советон Цӕдисы дыууӕ хатты хъӕбатыр, Манголы Республикӕйы хъӕбатырӕй, Хетӕгкаты Георгийӕ, Зӕнджиаты Валодяйӕ, Дзусаты Ибрагимӕй, Гагкайты Алиханӕй ӕмӕ бирӕ, бирӕ ӕндӕртӕй.

Валерия: Ирыстоны хъӕбултӕй 79 систы Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ. Ирыстоны ис ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕн сӕ 4, 5, 6, 7-хъӕбулӕй иунӕг дӕр нал сыздӕхт йӕ фыды уӕзӕгмӕ.

Уырызмӕг: Уыдонимӕ Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры, Кобегкаты авд ӕфсымӕры, Темыраты ӕхсӕз ӕфсымӕры, Хъалӕгаты, Дыгуры, Гусаты фондз ӕфсымӕры.

Валерия: Уыдон бæрзонд систой аланты æгъдау: размæ бырсгæйæ разæй цыдысты, фæстæмæ цæугæйæ та æппæты фæсте. Ирон хæстоны кад æмæ намысыл дзурæг сты, сæ номыл Ирыстоны зæххыл цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон дæр.

Уырызмӕг: Уӕдӕ ма ноджы ӕрымысæм æдзард зынгхуыст поэтты нæмттæ, кæцытæ тохы быдыры рæсугъд фидæны сæрвæлтау ноджы бæрзонддæр систой Ирон лæджы кад æмæ намыс!

Валерия: Уыдон сты: Абайты Бекызæ, Абайты Виктор, Абайты Петя, Баситы Дзаххотт, Баситы Дзамболат, Бекъойты Амырхан, Гасситы Георги, Годжиты Георги, Джелыты Хазби, Калоты Хазби.

Уырызмӕ: Калоты Къола, Кочысаты Мухарбег, Магкаты Алихан, Мæргъиты Ясон, Плиты Зауыр, Тъехты Барис, Ходы Хазби, Хуадонты Иссæ, Цоциты Герсан æмæ иннæтœ. Уыдон кадӕн иу минут ӕнӕ дзургӕйӕ алӕууӕм.

Валерия: Нæ ацы фембæлды мах œппæт хъœбатырты кой нæ кæндзыстæм, фæлæ нæ дзырды сæр уыдзысты суинаг фысджытæй æмæ поэттæй ирон литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи акодта, афтæмæй хæстмæ чи ацыд, уыцы æдзард хæстонтыл: се' ппæты кæстæрыл цыдис 17 азы (Елехъоты Мурат ӕмӕ Хайманты Георгийыл), се' ппæты хистæрыл (Дзӕхаты Темырхъаныл) - æртын авд азы.

Уырызмӕг: Кæд къорд азтæ рацыд, уæддæр рох не сты Ирыстонæй йæ уарзон хъæбултæ. Нӕ республикӕйы адӕмон поэт Хъодзаты Æхсар стыр арфӕйаг куыст бакодта. Мыхуыры рауагъта æппæт зынгхуыст поэтты æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй, сæргонд та йын радта æдзард поэт Калоты Хазбийы ныхæстæй:

«Хорзæй баззай , Ир!..»

Валерия: Байхъусӕм Челӕхсаты Аланӕмӕ, цы зоны Калоты Хазбийы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.

Аланӕ: Калоты Хазбийы цард уыд зарæгау рæсугъд, фæлæ цыбыр. Райгуырди 1921 азы Цæгат Ирыстоны. Хазби каст фӕци Къостайы хъӕуы авдазон скъола, бацыд ахуырмӕ Дзӕуджыхъӕуы кусӕг факультетмӕ. Ахуыр кодта Цӕгат Ирыстоны педагогон институты литературон хайады, фӕлӕ йӕ каст нӕ фӕцис… Карз хӕст райдыдта. Хазби фӕстаг курсӕй ӕфсадмӕ ацыд, ссис кӕстӕр лейтенант. Уыдис танк Т-34 командир. 1943 азы 22-аздзыд афицер Калоты Хазби йӕ цард нывондӕ радта йӕ бӕсты сӕрвӕлтау - Курскы областы Обояны районы, хъӕу Красная Полянайы.

Уырызмӕг: Калоты Хазби ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын райдыдта скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ. Йӕ уацмыстӕ мыхуыргонд цыдысты ирон газеттӕ ӕмӕ журналты. Хазби хӕсты быдыры дӕр нӕ ныууагъта йӕ фыссын. Фыста талынг ныккӕндты, уазал акъоппыты, топпыхосы фӕздӕгмӕ, фӕлӕ йӕ хъӕлӕс уыд ныфсхаст ӕмӕ бирӕкъабазджын.

«Хорзæй баззай, Ир!..»

Æз цæуын… Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы… Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзаей баззæй, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ.. Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын, бауромæн кæмæн нæй ахæм уарзондзинадæй.

О цас уарзын!..

Бабын уа, мах чи фæхицæн кодта, нæ цард нын сызмæста, уый бын бауа!

Цавæр фæндтæ уыд мæ сæры, цæмæты бæллыдтæн!.. Гъей, бæллицаг цард!...

Æгъгъæд, æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хорз æмбал. Дæ цæстысыгтæ куы 'руагътай! Цæй тыххæй уæд?.. Æви дæм кæуинаг кæсы мæ хъысмæт?..

Нæ, рæдийыс… Бауром сæ. Æз нæ уарзын цæстысыгтæ, ма сæ хардз кæн, æвгъау сты. Бахуд фæлтау, бахуд дæ мидбылты æмæ мы н мæ цæстытæм кæс. Æз нæ фефсæрмы уыдзынæн… Кæнæ та райс дæ фæндыр, фæндарасты цагъд мын æркæн. Уадз æмæ мæ зæрдæ мауал цæуа мæ риуы, рæдува йæхи æддæма, уадз æмæ æхсида мæ туг дæ цагъдмæ!

Ехх, цы бауромдзæн мæн!

Бауырнæд дæ, ды мæ Батрадзы ныфс бауаддзынæ, мæ тыхæн кæрон нал уыдзæн, ацахсдзынæн мæ уаддымд æфсургъы бæрц, нынтъухдзынæн æм мæхи æмæ тымыгъау уайдзынæн мæ дард фæндагыл. Циу тугкалæн хæст мæнæн? Æз ахæсдзынæн дæ цагъды аив мыртæ, лæбурдзынæн фыранкау, никæцы тых басæтдзæн мæн. Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг бахойдзынæн, уый.

Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!

(Кӕсынц ӕмдзӕвгӕтӕ Дарасты Идӕ)

Идӕ: КАРД (БАЛЛАДÆ)
Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,
Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.
Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:
«Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард.
Уый дын тохæй рарвыста лæварæн...
Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах...
Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,
Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд».
Рæстæг уади, рæстæг маргъау тахти,
Æмæ ракалд бутъыро бæлас...
Мæнæ рудзынгыл йæ урс сæр мад æруагъта,
Фæзы даргъивæзт фæндагмæ каст.
Æмæ чидæр бадзуры: «Æвгъау уыд...
Фæлæ кад... Æнæвидийгæ кад...
Рухсаг уæд, æна, дæ фырт, æрхауди,
Æмæ рарвыста мæнæн йæ кард».

Валерия: Цал æмæ цал ныййарæг мады баззад хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ хæсты фæстæ. Нал федта йæ мад поэт Кочысаты Мухарбеджы дæр.

Байхъусӕм Закаты Батрадзмӕ, цы зоны Кочысаты Мухарбеджы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй.

(Байхъусӕн ис зарæг «Нӕ хӕстон хъӕбултӕн»)

Батрадз: Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырдис 1920 азы Ольгинскӕйы. Авдазон скъолайы фӕстӕ бацыдис педагогон техникуммӕ, фӕстӕдӕр та бацыд педагогон институтмӕ. Ахуыр кодта иттӕг хорз, иста Къостайы номыл степенди. Институт Мухарбегӕн дӕр нӕ бантыст фӕуын. 1941 азы фӕстаг курсӕй ацыд бархийӕ хӕсты быдырмӕ, ссис афицер. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй ӕрцыд хорзӕхджын Сырх Стъалыйы орден ӕмӕ майдан «Хъӕбатырдзинады тыххӕй». Кочысаты Мухарбег фæмард 1944 азы апрелы украинаг горæт Ямполы 24-аздзыдæй.

Уырызмӕг: Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕтӕ мыхуыры цӕуын райдыдтой, 17 азы йыл куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕты рӕнхъытӕй дӕр бӕрӕг уыд, Мухарбегӕн поэзийы кӕй ис йӕхи сфӕлдыстадон нысантӕ ӕмӕ поэтикон хӕс. Ӕмдзӕвгӕ «Мӕ фӕндырмӕ»-йы поэтӕн фӕндыр у поэзийы символ ӕмӕ йын ард хӕры:

«Ӕз дӕу никуы руадздзынӕн ӕгадмӕ,
Ӕз дӕу никуы акӕндзынӕн уӕй.»

Валерия: Поэт нӕ фӕсайдта йӕ сомы. 1941 азы барвӕндонӕй хӕстмӕ куы ацыд, уӕд хӕцӕг ӕфсады уӕвгӕйӕ Мухарбег ныффыста йӕ ӕмдзӕвгӕты фылдӕр хай ӕмӕ йӕ иу ӕмдзӕвгӕ «Кавказ» зӕгъгӕ, дзуры йӕ уарзон ныййарӕг зӕхмӕ:

Кӕйдӕртау нӕ фӕлыгътӕн тохӕй,
Нӕ бамбӕхстон пыхсы мӕ сӕр,
Дӕ хъахъхъӕнӕг сау айнӕг хохау
Ӕрлӕууыдтӕн фидар ӕз дӕр.

Уырызмӕг: Мах зонӕм, алы поэтӕн дӕр вӕййы сфӕлдыстадон идеалтӕ. Мухарбегӕн ахӕм идеалтӕ уыдысты Къоста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕг фыссӕг Нигер. Мухарбег хӕстмӕ куы цыди, уӕд йӕ амӕлӕты онг йемӕ хаста Къостайы чиныг «Ирон фӕндыр».

Валерия: Йӕ иу хӕстон фыстӕджы Нигермӕ фыссы: «Кӕд мын литературӕйы ницы бантыст, уый хыгъд не фсӕддон хайы нымад дӕн дзӕбӕх хӕстоныл. Саккаг мын кодтой майдан Хъӕбатырдзинады тыххӕй, стӕй мӕ бавдыстой дыккаг хицауадон хӕрзиуӕгмӕ. Цыбыр - дзырдӕй, иугӕр куы мӕлон, уӕд-кадимӕ, ирон дзыллӕйы намыс нӕ фӕчъизи кӕндзынӕн».

Уырызмӕг: Хъӕбатыр ӕмӕ намысджын хӕстонӕй равдыста йӕхи ӕдзард поэт Кочысаты Мухарбег, уымӕн ӕмӕ «...хӕсты цӕхӕры дӕр Мухарбег иудадзыг уыны, зынаргъ ын цы ӕмӕ чи у, уыдон: Ирыстон, сӕрибар цард, адджын адӕймӕгтӕ-мад, хо, уарзон чызг»

Малиты:

("Фœстаг салам")

Мыййаг, хæсты быдыры искуы
Куы фæуон мард
Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл
Мæ рæзгæ цард...
Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ
Мæ зарæг æз,
Æмæ куы бамыр уа бынтондæр
Мæ сонт хъæлæс...
Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,
Мæ рухс фæндаг...
0, курын уæ, зынаргъ æмгæрттæ,
Æз иу хъуыддаг.
Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,
Куы фæуа хæст:
Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн
Цытимæ æз.
Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн
Салам мæнæй.
Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон
Зæрдæбынæй.

Валерия: Мухарбеджы зӕрдӕйы дзы алкӕмӕн дӕр хицӕн бынат ис, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕппӕты хӕстӕгдӕр сты ныййарӕг зӕхх, ныййарӕг мад.

Уый ныййарӕг зӕхмӕ дӕр дзуры мады номӕй, хицӕн сӕ нӕ кӕны.

Батрадз: «Фыдыбæстæ»

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæн зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,
Нæ хъал дæтты хъæлæс,
Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,
Нæ дидинæгджын фæз,
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас,-
Мыггагмæ дæр сымахимæ
Мæ зæрдæ баст у, баст.
Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, мæ зæхх,
Нæ бæркадджын фæллойæ дæ 5.
Ысбуц кодтам дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр
Æвдадзы хос мæнæн.
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды.
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!

Уырызмӕг: Ацы ӕмдзӕвгӕ Мухарбег ныффыста 22-аздзыдӕй 1942 азы. Чи зоны, цӕрын ын куы бантыстаид, йӕ лӕджы кармӕ куы ацыдаид, уӕд ма нын цас рӕсугьд ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыстаид. Мӕнӕ куыд фыссы Мухарбег хӕсты быдырӕй Нигермӕ:«Ацы хӕст фесӕфта бӕстӕ. Мӕнӕ ныр адӕймаджы хуызӕн цӕрын райдайон, куыд загътон, афтӕ мӕ фӕбырын кодтой мӕ фӕндагӕй, фӕсыкк сты мӕ фӕндтӕ, мӕ хъуыры фӕбадтысты».

Валерия: Мухарбегœн йœ къухы нал бафтыдысты йœ зœрдиаг бœллицтœ кœронмœ сœххœст кœнын, фœлœ йœ уœддœр фидарœй уырныдта рœстдзинад та кœй фœуœлахиз уыдзœн œмœ сœрибары дуг кœй ралœудзœн.

1943-œм азы поэт хœсты быдырœй фыста:
Фœуыдзœн хœст! Нœ рœстдзинады кардœй
Ызнаг œрцœудзœн тагъд рœстœджы саст.
Æмœ дœм уœд, ныййарœг мад, œз дардœй
Фœзындзынœн сœрœгасœй œваст...

Уырызмӕг: Нœ фœсайдта Мухарбег йœ ныхас. Уый фœзынди œрмœст йœ мадмœ нœ, фœлœ - œгас Ирыстонмœ. Æмœ поэт Ходы Камал куыд зœгъы, афтœмœй "йœ хœрзаив œмдзœвгœтœ зœлынц йœ уарзон дзыллœйы хсœн. Уымœ гœсгœ нœ бон зœгъын у: ирон поэзийы арв цы стъалытœй фидауы,уыдон-œй иу у œнафоны зынгхуыст поэт Кочысаты Мухарбеджы œрттиваг курдиат"

Валерия: Поэт цыфæнды уавæрты дæр поэтæй баззайы, сæрибарыл тохы та джебогъыл дæр фæхæцы æмæ фыссæн сисæй дæр фæархайы.

Уырызмӕ: Цæрынц æмæ нæрынц зынгхуыст поэты тохы зарджытæ нæ бæстæйы æппæт адæмты æвзæгтыл. Уыдон нæм сидынц къæрцхъус уæвынмæ, ног хæсты арт цæмæй мауал ссудза, уымæ.

Хæст лæгмар у, цард та дзы - æнуд,
Тугæмхæццæ уæнтыл уайы сурхид…
Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,
Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

Валерия: Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты йӕ туг бирӕ хъаруджын ӕмӕ намысджын лӕгтӕ ныккалдтой. Хӕстӕн йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ цы хъӕбатыр хӕстонтӕ рацыд, уыдонӕй иу у Плиты Грис Дзамболаты фырт. Йӕ риу нӕмыгмӕ чи хасты, уыцы хъаруджын патриотӕн йӕ поэты курдиат йӕ тыхы бацыд хӕсты азты.

Уырызмӕг: Грис хӕцӕг ӕфсады бавзӕрста адӕмы хъизӕмар, ӕвдисӕн уыд адӕмы лӕгдзинадӕн. Уымӕн бантыст хуызджын нывты хӕсты трагизм равдисын, советон салдаты поэтикон фӕлгонц саразын. Грисы салдат у патриот, намысджын хӕстон.

Валерия: Плийы фырты тыххӕй дзурын хъӕуы лӕмбынӕг ӕмӕ бӕстон. Байхъусӕм Челӕхсаты Аланӕмӕ. Радзурдзӕн нын Грисы ӕмдзӕвгӕ «Салдаты цӕстысыгтӕ».

Скъоладзаутӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ (6-ӕм «А» кълас)

Уырызмӕг: Ныр та байхъусӕм 6 «А» къласы зарӕг «Я хочу, чтобы не было больше войны».

Список источников

  1. Кокайты Т.А., Сборник стихов осетинских поэтов, Владикавказ: Ир, 1995.
  2. Кочысаты Мухарбег, Стихотворения «Фыдыбæстæ», "Фœстаг салам", 1942.
  3. Плиты Грис, Сборник стихотворений «Атакæ», М.: Менеджер, 1995.
  4. Хъодзаты Æхсар, Стихотворение "Хорзæй баззай, Ир", 1941.