Темæ: "Нæ культурæйы ирддæр стъалытæ"
Урочы хуыз: Иумæйаг урок.
Урочы нысан:
- Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.
- Сбæрæг кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ æмæ сæ арæхстдзинад рацыд æрмæгæй пайда кæнгæйæ ; аразын раст дзуæппытæ пайда кæнын куыд хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдтæй.
Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, карточкæтæ.
Урочы методикон рацарæзт
Фӕстиуджытӕ | ||
предметон |
метапредметон |
удгоймагон |
Фӕцалх кӕнын:
|
Фӕцалх кӕнын:
|
Фӕцалх кӕнын:
|
Мотивацион уавæр
I. Бацæттæгæнæн хай
- салам раттын
- скъоладзауты цæттæдзинадыл цæст ахæссын
- радгæсимæ бакусын
(фæбæрæг кæнын, къласы чи нæй, уыдоны. Æрдзурын боныхъæды ахастыл).
II. Фонетикон зарядкæ
Бакæсын, хъус æрдарын растдзурынады æгъдæуттæм.
Кафт-кæфтытæ |
уацмыс-уацмыстæ |
Ныв-нывтæ |
хуыз-хуызтæ |
Зарæг-зарджытæ |
æнкъарæн-æнкъарæнтæ |
Нывгæнæг-нывгæнджытæ |
бындурæвæрæг-бындурæвæрджытæ |
III. Лексикон зарядкæ
1.Бакæсын,1 къорды лæвæрд дзырдтæн ссарын сæ уырыссаг варианттæ
1.зындгонд нывгæнæг |
1.яркие звезды |
2.æнгом баст уæвын |
2.показана |
3.курдиаты цæхæр |
3.быть тесно связанным |
4.нывкæнæнад |
4.известный художник |
5.лæгæй-лæгмæ |
5.творчество |
6.æвдыст æрцыд |
6.красивая природа |
7.сфæлдыстад |
7.лицом к лицу |
8.рæсугъд æрдз |
8.блеск таланта |
9.ирддæр стъалытæ |
9.живопись |
IV. Эпиграфыл бакуыст
1. Бакæсын эпиграф, равзарын æй. Эпиграф æмæ лексикон æрмæджы руаджы сбæрæг кæнын урочы темæ.
IV. Зонындзинæдты актуализаци
1. Къордты куыст
1) къорд: Текст хи ныхæстæй радзурын пъланмæ гæсгæ.
I. Зындгонд поэттæ.
II. Пушкины сидт.
III. Уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг
IV. Уырыссаг поэзийы ирддæр стъалытæ.
2) къорд Нывкæнынады тыххæй радзурын.
1. Уæрæсейы стырдæр нывты галерей.
2. Павел Третьяков.
3. Нывгæнджыты куыстытæ.
4. А.К.Саврасов «Цъиахтæ æртахтысты»
2. Текстыл куыст, тексты бындурыл диалог саразын.
Хетæгкаты Къостайы ном абон зынаргъ æмæ уарзон у нæ бæстæйы бирæ адæмтæн.
Бирæ ис Уæрæсейы йæ номимæ баст бынæттæ. Зæгъæм, Стъараполы ахуыр кодта гимназы æмæ райдыдта ныв кæнын.
Украинæйы, горæт Херсоны, дæр ис Къостайы музей. Херсоны рæсугъддæр уынгтæй иуыл сæвæрдтой Къостайы ном.
Зонæм Ирыстоны Къостайы номыл бынæттæ дæр: фæлладуадзæн парк, поэты музей,Нары хъæуы фыссæджы хæдзар, Дзæуджыхъæуы даргъдæр æмæ рæсугъддæр уынг-Къостайы проспект, Ирон аргъуаны кæрты йæ ингæн æмæ бирæ æндæр бынæттæ. Уæдæ Цхинвалы дæр ис Къостайы цыртдзæвæн.
V. Зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын
1. Таблицæ баххæст кæнын текстмæ гæсгæ.(фысгæ куыст)
Нывгæнæг |
Нывгæнæджы тыххæй |
Цы уарзта? |
Йæ пейзажтæ |
Йæ куыст |
V. Аудирование
Байхъусын, баххæст кæнын
1. Есенаты Æхсар у нырыккон ирон … .
2. Уый … мин фарастсæдæ æвдайæм азы.
3. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны университеты … факультеты.
4. Цæры æмæ кусы … .
5. Йæ куыстыты … Уæрæсейы, Францы, Испанийы, Венгрийы, Швецарийы.
6. Йæ … жанр у натюрморты жанр.
VI. Ног æрмæгыл бакусын
1. Бакæсын, фæрстытæ саразын
Петр Ильич Чайковский у музыкалон дунейы зындгонддæр композитортæй иу. Уый ныффыста æстай музыкалон уацмысæй фылдæр,уыдонимæ дæс оперæйы æмæ æртæ балеты дæр. Петр Ильич нымад у дунейы музыкалон культурæйы ирддæр стъалытæй иуыл.
2. Байхъусын, дзуæппытæ ныффыссын (слайд 13)
1. Чи у Плиты Христофор?
2. Цавæр оперæ ныффыста?
3. Цы æвæрд ис оперæйы бындуры?
4. Кæд равдыстой оперæ Стыр театры?
5. Чи скодта стыр аргъ оперæйæн?
6. Кæм æмæ кæд фехъуыстой музыкæ уарзджытæ оперæ «Къоста»-йы ног вариант?
VI. Кæронбæттæн хай
- хатдзæгтæ скæнын
- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын
- х/к фæбæрæг кæнын - Текст №2 радзурын
- Проектон куыст «Нæ культурæйы хæзнадонæй» (барвæндонмæ гæсгæ)
VII. Рефлексия
1. Цæуыл дзырдтам урочы? |
1. Абон урочы мах дзырдтам … |
2. Цы базыдтам ногæй? |
2. Ногæй базыдтам … |
3. Цæуыл сахуыр стæм? |
3. Урочы сахуыр стæм … |
Литература
- Соловова Е.Н. Методика обучения иностранным языкам. Пособие для студентов. - М.: Просвещение, 2005.
- Бим И.Л. Теория и практикаобучения немецкому языку в средней школе. Учебное пособие для студентов. - М.: Просвещение, 1988.
- Майрæмыхъуаты Ф. Инновацион технологитæ ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ арæзт ирон æвзаджы урокты райдайæн скъолайы. Дзæуджыхъæу, 2014.