Урок осетинской литературы в 7-м классе

Разделы: Литература

Класс: 7

Ключевые слова: осетинская литература


Урочы темæ: Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй (Гæдиаты Ц. уацмыс «Дыууæ дидинæджы» - мæ гæсгæ.)

Куысты бынат: Алагиры районы Бирӕгъзӕнджы астӕуккаг скъола.

Предмет: литературӕ.

Къласс: 6 къласс.

Ахуыргӕнӕн чиныг : ирон литературӕ, хрестомати 6-ӕм къласӕн. /Сарӕзтой йӕ Дзасохты Ф. ӕмӕ Зӕнджиаты Р.- Дзӕуджыхъӕу: Ир, 2009.

Урочы нысантæ:

  • Уацмысы мидис райхалын, сбæрæг кæнын йæ сæйраг хъуыды. Прозæйæ фыст æмдзæгæйы текстæн анализ скæнын .
  • Фæлтæрын скъоладзауты фæлгонцтæ æвзаргæйæ текстæй пайда кæныныл, сӕ дзырдуат фæхъæздыгдæр кæнын диалогон ныхасы руаджы.
  • Сывæллæттæм цымыдисдзинад гуырын кæнын адæймаджы хуыздæр миниуджытæм, равзарын адæймаджы зондахасты- амонды æмбарынад.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:

  • Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.
  • Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.
  • Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын, авторы цардыл абаргæйæ быдырон дидинæджы амонд раргом кӕнын.

Урочы хуыз : ног зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын зонын алы куысты хуызты мидӕг.
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф: Мӕ амонд мӕнӕн мӕ дзыллӕйы амондимӕ ӕмхӕст у, мӕ хӕлар!

Урочы цыд. - Абон махмæ ис уазджытæ, æмæ сыл нæ арфæйаг салам æмбæлæд. Нæ абоны урочы темæ раргом кæнгæйæ, сæйрагдæр цы фехъусой, уыцы хъуыддагæй сæ алкæцыдæр хайджын уæд!

Хъуысы ирон фӕндыры цагъд,ахуыргӕнӕг дзуры таурӕгъ: Куырм лӕг ӕмӕ цырагъ.
Ахуыргӕнӕг: Сымахмӕ та куыд кӕсы, цӕмӕн бахъуыд куырм лӕджы цырагъ?
- цӕмӕй адӕмӕн сӕ фӕндаг срухс кӕна;

- фӕндыд ӕй адӕмӕн исты хорздзинад фӕуын

Ахуыргӕнӕг: Ӕмӕ адӕм се ппӕт афтӕ ӕрхъуыдыджын сты, ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзийӕн? (феххуыс кӕнынц, фӕлӕ арӕх нӕ вӕййы ахӕм адӕмтӕ)

Ахуыргӕнӕг: Бакæсæм уæдæ нæ урочы эпиграф.

Кæм сæмбæлдыстæм ацы ныхæстыл? Чи сæ дзуры?

Скъоладзау: Цомахъы уацмыс «Дыууæ дидинæджы», быдырон дидинæджы ныхас.

Ахуыргӕнӕг: Цӕуыл дзуры быдырон дидинӕг, цы зъӕгъы?

Скъоладзау: Амоны йæ царды нысан.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ цӕуыл ӕрдзурдзыстӕм абоны урочы?

Темӕ : Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй. Цард ӕмӕ амондыл Цомахъы прозайӕ фыст ӕмдзӕвгӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Ахуыргӕнӕг: Уæдæ махæн нæ хæс у равзарын адӕймаджы хуыздӕр миниуджыты пайда царды амонд ссарынмӕ.

Урочы нысантӕ сты: Презентацийы ӕвдыст цӕуынц.

Ахуыргӕнӕг: Цомахъы уацмыс «Дыууӕ дидинӕджы» цавӕр литературон жанрмӕ хауы?

Скъоладзау: Прозӕйӕ фыст ӕмдзӕвгӕ

- Чи сты йӕ архайджытӕ? (Хӕххон ӕмӕ быдырон дидинджытӕ)

Ахуыргӕнӕг: Архайджытæ сты æнæуд предметтæ, фæлæ хайджын сты адæймаджы миниуджытæй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ нӕ бон у аргъау схонын дӕр. Хуымæтæджы нæ равзæрста йæ уацмысы хъайтартæн дидинджыты.

Мæнæ уый фæдыл куыд зæгъынц С.Маршак æмæ Н.Заболотский.

Мысль некогда была простым цветком,
Поэма шествовала медленным быком;
А то, что было мною, то, быть может,
Опять растет и мир растений множит.
Н.Заболоцкий.

Человек - хоть будь он трижды гением -
Остается мыслящим растением.
С ним в родстве деревья и трава.
Не стыдитесь этого родства!
С.Маршак.
Ахуыргӕнӕг:

- Куыд æвдыст цæуы æрдз æмæ адæймаджы хæстæгдзинад ацы æмдзæвгæты рæнхъыты?

- Цæмæн равзæрста Цомахъ йæ аргъауы сæйраг хъайтартæн дидинджыты, С.Маршакы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдымæ гæсгæ?

- Цавæр адæмон æмæ литературон аргъæуттимæ ма стут зонгæ? Цæй мидæг ис сæ хицæндзинад?

- Цавæр æрдзы хъæбысы рæзыд хæххон дидинæг? Бакæсут ма уыцы бынат.(Уӕлӕуӕз…)

- Цавӕр ран рæзы быдырон дидинæг та? Бакæсут уыцы бынат дӕр. (Дард,комы нарӕджы…)

- Цомахъ спайда кодта алыхуызон аивгӕнӕн мадзӕлттӕй ӕмдзӕвгӕйы ритм аразгӕйӕ. Ссарут ма сӕ тексты, афыссут сӕ уӕ разы бур гӕххӕттыл ӕмӕ сӕ фӕйнӕгыл аныхасут.

Къордгай куыст. 1 къорд агуры олицетворенитӕ, 1- эпитетттӕ.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ дыууӕ персонажы фӕлгонцтӕ равзарӕм.

- Цæмæй сӕ хуыздæр бамбарæм, уый тыххæй ма сын иу хатт бакæсæм сӕ диалог. (4-5 абзац, фарс 153).

- Цы сбӕрӕг кодтам дыууӕ дидинӕджы ныхасӕй? (Разы сты сӕ цардӕй сӕ длыууӕ дӕр)

-Зӕгъут ма уӕдӕ,сӕ цардӕй сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, абарут ма сын сӕ ныхас. (Хӕххон дидинӕг цӕры ӕрдзы хъӕбысы сӕрибарӕй, иунӕгӕй, у тынг рӕсугъд.

- Йæ цавæр миниуджытæ æргом кæны йæ ныхæстæм гæсгæ хæххон дидинæг?

(У ӕнӕрвӕссон , хиуарзон ӕмӕ хъал.)

- Ахӕм хиуарзон ӕмӕ сӕрыстыр миниуджытӕй хайджын чи вӕййы, ахӕм адӕймаджы фӕхонынц - Нарцисс. Зонут, цӕмӕн?

-Уӕдӕ цавӕр ахаст ис хӕххон дидинӕгӕн быдыронмӕ? (иуӕй йын тӕригъӕд кӕны, иннӕмӕй та - худы, дис кӕны, хоны йӕ ӕнамонд.).

- Цавæр адæймаджы миниуджытæ ис быдырон дидинæгмæ та? Цавӕр дзуапп дӕтты хӕххон дидинӕджы уайдзӕфӕн? (хӕларзӕрдӕ, цӕстуарзон, рӕдау) (рӕсугъд дӕ, тынг рӕсугъд,фӕлӕ кӕй хъӕуы дӕ рӕсугъддзинад? Чи дӕ уыны? Хӕрз иунӕгӕй ӕрвитыс дӕ бонтӕ, дӕ цард,)

Къордгай куыст. Раттӕм характеристикӕ дидинджытӕн. Цы миниуджытӕй хайджын сты уыдон афыссут уӕ разы сырх гӕххӕтытыл ӕмӕ сӕ фӕйнӕгыл аныхасут.1 къ. Х.д. 2-аг къорд-Б.д.

- Цавæр цӕстӕнгас ис авторӕн быдираг дидинӕгмӕ? Цы зӕгъынмӕ хъавыд хӕххон дидинӕджы сӕфтӕй? ( Цомахъ йӕхи хъуыды зӕгъта Б.д.дзыхӕй, нӕй иунӕгӕй фӕцӕрӕн лӕгӕн. Иунӕг-мӕгуыр у. Б.д. ӕрдз уарзы, хъахъхъӕны ӕмӕ уымӕн аирвӕзы.)

-Цомахъы царды амонд нын раргом кӕндзӕн йӕ хъусынгӕнинагӕй….Табуафси!

-Цомахъ быдираг дидинӕджы фӕлгонцӕй ӕргом кӕны йӕхи царды философи:адӕмы хорздзинад ӕмӕ иумӕйаг амондыл уд хъарын.Уый хъӕздыг у йӕ уды цардӕй, рӕсугъд у йӕ зӕрдӕйы рухсӕй, йӕ уӕздан митӕй.

Уӕдӕ цы нысан кӕны дзырд АМОНД? Бакӕсӕм Абайты Васойы историкон-этимологион дзырдуат. Амонды тыххӕй рӕсугъд зӕгъта Тохты Иван.

Нæ цæрын æз мæхи тыххæй æрмæстдæр,
Æз хъуамæ кусон адæмæн, нæ бæстæн.
Æз уаллонау зæххыл куырмæй нæ хилын,
Æхсæвыгæтты, бирæгъау нæ зилын…
Æз -адæймаг. Сæрыстыр дæн мæ номæй.

Ахуыргӕнӕг: Сымахӕн та уӕ амонд цӕй мидӕг ис?

Индивидуалон хӕс: Сыфтыл адарддӕр кӕн хъуыддыйад: мӕхи амондджын хонын уымӕн ӕмӕ……

- Куыд уӕм кӕсы, цавæр хорздзинæдтæ æрхæссид, сымахмæ гæсгæ, адæмæн Цомахъ ӕмӕ быдырон дидинӕгау йӕ царды амонд йӕ дзыллӕйы амонд кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг? (дӕнцӕгтӕ хӕссынц)

Нӕ урочы темӕ чи бакӕсдзӕн? Ӕцӕг афтӕ у - Адæймаг рæсугъд у йæ хорз хъуыддæгтæй? Куыд уӕм кӕсы…(сӕ хъуыдытӕ дзурынц)

Уымӕн ӕвдисӕн сты ирон адæмы бирӕ куырыхон лæгтæ. Дзыллæйы хорз цардыл чи тох кодта, сæ рæсугъд фидæнмæ сын чи бæллыд, рæстдзинадыл сæ чи арæзта.

Уыцы куырыхон адæмы æхсæнæй никуы сцух уыдзæн.

Хетæгкаты Къоста - ЙÆ РÆСТДЗÆВИН НЫХАСÆЙ,

Абайты Васо - ЙÆ БИРÆ ЗОНАДОН ФÆЛЛОЙÆ,

Тлаттаты Чермен- ЙÆ УДУÆЛДАЙ ТОХÆЙ,

- Сæ удвæллой, сӕрибардзинады сӕраппонд тох уыд сæ амонды хос!

- Абоны царды та не 'хсæн, йæ дзыллæйы амондæй чи цæры, ахæм адæмæй кæй зонут?

- Уæдæ хæххон дидинæг та йæхи амондджын цæмæй хоны? Бакæсут уыцы бынат.

-Сымахмæ гæсгæ, уый амонд у?

- Цæй аххос у йе 'намонддзинад? (Уый у иунæг).

Ахуыргæнæджы хатдзæг.
- Иунæг адæймагæн нæй амондджын уæвæн. Уымæн æвдисæн сты ацы æмбисæндтæ дæр.
Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм амондимӕ баст арфӕтӕ-
Хорз амонд дӕ хай! Амондджын у ! Амондӕй дзаг дӕ хӕдзар !

Ахуыргӕнӕг:

- Адæмимæ йæ цард чи сбаста, адæмæн хорздзинæдтæ аразынæй амондджын чи у, ахæм адæймаджы хуызы æвдыст цæуы быдираг дидинæг.

Раздӕхӕм нӕ урочы эпиграфмӕ- ацы ныхӕстӕй бæрæг у, йæ царды бæрзонддæр нысан быдираг дидинæгæн.

Хатдзæгты зæгъын хъæуы адæймаджы царды нысаны тыххæй: иунæгæй цард нæй, адæймаг хъуамæ баст уа йæ дзыллæимæ. Ахæм хуызы уыны царды нысан быдырон дидинæг. Йæ хъысмæт дæр амондджындæр уымæн рауад. Радзурын æмбалдзинадыл, æмбисæндтæ æрхæссын.)

III. Кæронбæттæн..

1. Ахуыргæнæг: Æмбисонд куыд зæгъы: «Алы хъуыддагæн дæр куыд ис райдайӕн, афтӕ - кæрон дæр». Уæдæ мах дæр нæ урочы кæронмæ æрбахæццæ стæм. Абон базонгӕ стут адӕймаджы фӕзминаг миниуджытимӕ. Сбӕрӕг кодтам дыууӕ хуызы царды нысантӕ, бӕлвырд ӕрлӕууыдыстӕм быдырон дидинӕджы хъуыдыйыл. Бӕллиццагӕн равзӕрстам адӕмы астӕу хӕларӕй цард, уыдонӕн лӕггад ӕмӕ амондджынӕй иумӕйаг цард кӕнын.

Ныр та уæ хъуыдытæ урочы фæдыл куы зæгъиккат, уый мæ фæнды.

Рефлекси (фæйнæгыл)
1. Урочы æз куыстон …
2. Мæ куыстæй урочы дæн …
4. Урок мæм фæкаст…
5. Урочы рæстæг æз…
6. Мæ зæрдæйыуаг у (уыд)
7. Урочы æрмæг мæнæн уыд…
8. Цымыдисаг уыдысты…
9. Цымыдисаг уыд…

(Бæрæггæнæнтæ сæвæрын, комментаритӕ скӕнын афтӕмӕй)

Ахуыргæнæг: Цард у сыгъдӕг сыф. Цавӕр хах дзы акӕнӕй, цы фӕд ауадзай ,уый дзы уыдзӕн. Алчидӕр йӕ цардӕн нывгӕнӕг у. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы рӕсугъд нывтӕ скӕнын, амондджын цард саразын! Уӕ кад бӕрзонд куыд уа нæ адæмы 'хсæн æмæ фидæны Ирыстонæн амондхæссæг куыд фӕуат уæ рæсугъд хъуыддæгтæй! Цы дидинджытӕ сарӕзтат, уыдон уын зӕрдылдаран уыдзысты уӕ Амондмӕ фӕндагыл. Бузныг!