Технолонон картæ ирон литературæйæ 5-æм къласæн
Темæ: «Адæймаджы ахаст кусæг фосмæ»
Барахъты Гинойы «Зæлимхан»-мæ гæсгæ
Урочы нысантæ |
хи ныхас раст рацаразын зонын; ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æргом кæнын; хъомыладон куыст бакæнын хæдзарон фосыл ауæрдыны тыххæй, ныхасы рæзтыл кусын |
Урочы хуыз |
Урок-беседæ. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ |
Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.
|
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ |
Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ |
Хъантемыраты Алыбеджы тыххæй презентации; К.Ушинскийы «Слепая лошадь», Антуан де Сент-Экзюпери «Маленький принц»(скъуыддзаг), æмбисæндтæ. |
Урочы эпиграф:
«Ты всегда будешь в ответе за того, кого ты приручил»
Антуан де Сент-Экзюпери
Урочы структурæ
Урочы этаптæ |
Ахуыргæнæджы архайд |
Скъоладзауты куыст |
УАА |
Мотиваци.
|
- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.
|
салам дæттынц |
Регулятивон
|
Дыууынæм æнусы Хъантемыраты бинонтæ хъуыстгонд уыдысты æппæт дунейы. Архайдтой цирчы бæхтимæ. Сæ фырт Ирбегæн уыдис бæх Терк. Ирбег арæх - иу æрæмысыд ахæм хабар. Бæхдоны рудзынджы авг асастис. Ирбег бæхдоны кусæгæн бафæдзæхста, цæмæй авг аива, фæлæ бæхдоны кусæгæй ферох. Дыккаг бон Ирбег бæхдонмæ бацыд бæхы бæрæг кæнынмæ,æмæ дын мæнæ диссаг: бæх йæ дзыхыдзаг хъæмп сисы æмæ йæ саст рудзынджы зыхъхъыры батъыссы. Йæ куыст куы фæци, уæд Ирбегмæ æнкъард, æмбаргæ цæстæнгасæй ракаст.
Уæ хъус æрдарут бæхы цæстæнгасмæ.Цы зæгъынмæ хъавыд Терк? |
Бæх йæ цæстæнгасæй уæйдзæх кæны адæмæн. Цы стырзæрдæ сты цæрæгойтæм, уый хъавы зæгъын. | ||
Актуализаци
(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын) |
Адæймаг йæхицæн бирæ цæрæгойтæй скодта æххуысгæнджытæ. Цавæр цæрæгойтæ уæ бон у ранымайын?
Ирон адæм хæдзарон фосæй уæлдай сбуц кодтой бæхы. Сарæзтой ма йын цыртдзæвæнтæ дæр. |
Хæдзарон фосмæ хауынц: бæх, куыдз, хæрæг, гал, хъуццытæ, фыста, къамбецтæ, сæгътæ). |
Зонадон
(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци, хи куыстæн пълан аразын) |
Байхъуысæм ма, бæхы тыххæй цы бацæттæ кодта Данæ. (мини-проект) | - Бæх æмæ адæймаг - уыдон æрдз кæрæдзийæн æххуыссæн сфæлдыста, бæхы зондджын æмæ æмбаргæ зæрдæ.Фыццаг хатт адæймаг бæхæй скодта хæдзарон цыпæрæм æнусы нæ дуджы агъоммæ. Уæдæй фæстæмæ бæх у иузæрдион адæймагмæ. Цал æмæ цал æфсæддоны фервæзын кодтой тохы быдыры, уымæн бирæ дæнцæгтæ ис. 1971 азы Куырттаты комы скодтой цыртдзæвæн:бæх кæуы йæ мард барæгыл |
удгоймагон
(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды) |
|
Самирæмæ дæр ис фехъусынгæнинаг (мини-проект)
Куыд фехъуыстат, афтæмæй адæймаг æмæ бæхы бастдзинад тынг æнгом у.Æвæццæгæн, не сфæлдыстады уымæн ис бирæ æмбисæндтæ бæхы тыххæй.
|
Бæх иннæ цæрæгойтæй уæлдай рынчын кæны адæймаджы низтæй: æлхъывдад, зæрдæйы низтæ, инсульт, рæуджыты низæй дæр.
Бæх барæгмæ кæсы.
|
||
Ног æрмæгыл куыст |
Мах дæр абон дзурдзыстæм адæймаг æмæ цæрæгойты ахастдзинæдты тыххæй. Дзæгъæлы нæ райстам ахæм эпиграф. Фæлæ нæ хъæуы бамбарын ног дзырдты нысаниуæг.
|
Зонадон
коммуникативон
|
|
Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст |
Къордты куыст.Кълас дыууæ къордыл адих кодтон. Иу къорд кæсы Бимболы тыххæй. Дыккаг та - Зæлимханы тыххæй.(Развæлгъау бацæттæ кодтон æрмæг) |
1 къорд.Хæдзардзин адæймагыл нымад уыд Бимбол. Æгас сыхы æхсæн. Йæ куыст никуы ныууагъта йæ афонæй фæстæдæр. Куысты рагътыл та уыди тынг сæрæн æмæ хъæлдзæг. Куыствæлладæй уый хуызæн рог чи акафыдаид, чи ныззарыдаид! Уæд йæ хъæлдзæгдзинад та афтæ уыдис, æмæ адæм бæллыдысты йемæ балцы ацæуынмæ.
|
удгоймагон
|
Чиныгимæ куыст |
Интерактивон фæйнæгыл ис æмхæцæйæ фыст дзырдтæ: кусаг, уæнгрог, хæлæрзæрдæ, зæрдæмæдзæугæ,аив, домбай,хъæруджын, æгъатыр. Алы къорд йæхи хъайтарæн исы хъæугæ дзырд.
Кæсын мæхæдæг Зæлимханы фыдæбæттæ (159 ф., 161 ф.) Ныггуыбыр кодта йæхи Зæлимхан. Ракодта хидызмæлтæ. Æмбары бæх, ахæм æвзæр фæндагыл, ахæм тухæны никуыма фæци Зæлимхан. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд? |
Фыццаг къорд: Бимбол у хæдзардзин, æмгарджын, домбай, хæларзæрдæ,аив,кусаг, зæрдæмæдзæугæ адæймаг.
|
Регулятивон
коммуникативон
удгоймагон
|
Релаксаци |
Хъусынц К.Ушинскийы «Слепая лошадь» - мæ (скъуыддзаг) |
Зонадон
|
|
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын |
Цы ис иумæйагæй ацы дыууæ уацмысы? Бимбол æмæ Уседом цæмæй сты иухуызæн? |
Бимбол æмæ Уседом æрмæстдæр сæхи пайда уынынц бæхы. Бæх дæр удгоймаг у, уый не `мбарынц. Сты æгъатыр, хиппæлой. |
коммуникативон
удгоймагон
Зонадон
коммуникативон
удгоймагон
|
Рефлекси |
Æрбакæсут ма урочы эпиграфмæ.
|
Йæхицæй раппæлын Бимбол сæвæрдта Зæлимханы цардæй уæлдæр. Ферох æй, уый йæ æххуысгæнæг кæй у. Фосæн тæригъæд нæ кæны. |
Зонадон,
коммуникативон
удгоймагон
|
Æрмæг бафидар кæныныл куыст | Кæсын Зæлимханы мæлæт (161 ф). Сывæллæтты хъус æрдарын Зæлимханы цæстытæм. Цы ис иумæйæгæй æмæ Ирбеджы Терк æмæ Зæлимханы цæстæнгасы? | Уайдзæф кæны. Адæймаг у æгъатыр кæй у, уымæн. Нæ сын æмбары сæ рис, сæ зын. | |
Хатдзæгтæ скæнын |
Бимболы цур куы уыдаиккат, уæд куыд дардтаиккат уæхи?
|
Æз ын бауайдзæф кодтаин. Ракалдтаин ын йæ сугтæ. Нæ, Бимболы æмбæлттæ дæр уыдысты аххосджын. |
|
Хæдзармæ куыст |
Цæрæгойты тыххæй æмбисæдтæ æмæ уыци-уыцитæ ныффыссут литературæйы тетрæдты.
|