Методическая разработка урока "Степени сравнений наречий"

Разделы: Краеведение


Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ 7-æм къласы

Темӕ: Фæрсдзырдты бæрцбарæнтæ.

Ныхасы темӕ: «Зымæгон хъæд».

1. Скъоладзауты зæрдыл æрлаууын кæнын миногоны бæрцбарæнтæ.
2. Ныхасы рӕзтыл бакусын.
3. Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.
4. Сфæлхатын фæрсдзырдты нысаниуæг æмæ сæ грамматикон æууæлтæ.
5. Фæрсдзырдтæ æндæр ныхасы хæйттæй иртасын.
6.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.

Урочы тип

Урок-беседæ

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон: зонын фæрсдзырды сӕйраг ӕмбарынад куыд ныхасы хай, зонын фæрсдзырды ӕвзӕрст, зонын фæрсдзырдæй пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг.
Метапредметон (Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын. Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын; Хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.
Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг, йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы;ныхасы аивдзинадыл кусын.

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, хъазты элементтæ

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон проектор.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентации урокмӕ «Зымæгон æрдз», кластер, нывтӕ, карточкӕтӕ.

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз! Абон фехъуыстон диссаджы хабар. Æз нæ зыдтон, Ирыстоны кæй ис 1-58 цæугæдоны. Сæ дæргъ та у 3358 км!

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

Зонындзинæдты актуализаци

Фыссæм абоны нымæц.
Дзырдуатон диктант: кæмттæ, уазæлттæ, ахæссы, бæллæхтæ, æххуыс, хæлæрттæ, æххормаг.
- Цавæр иумæйаг раиртаст ис ацы дзырдтæн? Æз ма сæ дыууæ къордыл дæр адих кæнин. Цавæртæ?

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн.

Коммуникативон: ныхасы раст пайда кӕнынц номдартӕй бирæон нымæцы

Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Арцæуы та нæм уæлæ,
Цъитиджын хæхтыл,
Урсзачъе фæстæмæ
Урс къуылых бæхыл

Куыд уӕм кӕсы, ацы рӕнхъытӕ цӕмӕн бакастӕн? Цавæр афæдзы афоныл дзурдзыстæм? Урочы ма сӕмбӕлдзыстӕм ацы рӕнхъытыл. Ацы скъуыддзаг у нӕ урочы эпиграф.
Кластер ма амбырд кæнæм «Сæрмагонд ныхасы хæйттæ» (номдар, миногон, номивæг, нымæцон, мивдисæг, фæрсдзырд)

Райстой дыууæ сыфы «миногон» æмæ «фæрсдзырд».
- Зæгъут мын, цæмæн райстон ацы ныхасы хæйттæ? Цы сæм ис иумæйагæй? (Интерактивон фæйнæгыл схемæ афтид цыппартигъонимæ) Цавæр дзырд ныффыссын хъæуы ам? (миниуæг)
- Хицæнæй та сæм цы ис?
Кълас адих кодтон 2 къордыл (цы гæххæттытæ сæм æрхауд, уымæ гæсгæ)

Сывӕллӕттӕ, баххӕст кӕнӕм ахæм

Кæсын тыкст:
Зымæг тынг урс хуыз бирæ уарзы, бынтон хæмпус митæй бамбæрзы тардæр хъæдтæ, æппæты арфдæр кæмттæ, бæрзонддæр хæхтæ. Тынг хъызт зымæг бирæ нæ ахæссы, фæлæ хæхбæсты тынг бахъыгдары цæрæгойты. Карздæр уазæлттæ æрхæссынц æппæты стырдæр бæллæхтæ. Бирæтæ амæлынц æххормагæй.Хæларзæрдæ адæм æххуыс кæнынц сæ базырджын хæлæрттæн.

Сывӕллӕттӕ, баххӕст кӕнӕм хӕслӕвӕрд. Рафыссут ма мын миногонтæ
Табуафси. Исчи рауайӕд фӕйнӕгмӕ, иннӕтӕ та сӕ бынӕтты кусынц.
Цы аивта?

Хатдзӕгтӕ

Цавæр бæрцбарантæ ис миногонтæн?
(Рухс нымынæг)

Уæдæ ма æрбакæсут фæйнæгмæ, цæмæ нытталынг ис? Ницыуал нам зыны. Æвæццæгæн, фæрсдзырдтæ ныл фæтæргай сты, нæ хъус кæй аздæхтам миногонтæм. Ама, нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм фæрсдзырдтæ.

Хъазт. Æппарын пурти, æз дзурын фæрсдзырд, ахуырдзаутæ мын йæ антоним:

Хатдзæг

Конверты мидæг дзырдтæ. Сæмбырд кæнут дзы æмбисæндтæ

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы, абарсты фӕрцы.

Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз

Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы, уый

Релаксаци Презентаци.
Смæсты сты фæрсдзырдтæ, æви сæ исчи æмбæхсгæ бакодтæ, ничи сын ницы зоны. Фæлæ мæнæ ацы лæппу нал зоны (1 слайд).
Мæна ацы чызг та ферох ферох кодта лæууын ай цас хъæуы? (2 слайд)
Гыццыл дарддæр чырынæй ракалдысты фарсдзырдта. (3 слайд)
Ныр лæппу зоны (4 слайд), чызг дæр (5 слайд).
Уæ разы ис чысыл текст. Текст бакæсут, хицæнгонд дзырдтæ ссарут æмæ загъут., цавæр ныхысы хæйттæ
Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ

Бирæ азты дæргъы быдыры æнæзивæг уади дон. Доны уылæнтæ заргæ, хъазгæ кæрæдзийы æййæфтон. Сæ зардмæ лæмбынæг хъуыстой рæсугъд дидинджытæ æмæ кæрдæджытæ. Уарзта доны хъæлдзæг зард гæды бæлас. Дон бæласы хорз зыдта, æмæ йæ уымæн уæлдай фылдæр уарзта. (кæсы 1 къорд)
2 къорд кæсы
Бирæ азты дæргъы быдыры тынг æнæзивæг уади дон. Доны уылæнтæ заргæ, хъазгæ кæрæдзийы æййæфтон. Сæ зардмæ уæлдай лæмбынæг хъуыстой рæсугъд дидинджытæ æмæ кæрдæджытæ. Уарзта доны хъæлдзæг зард гæды бæлас. Дон бæласы тынг хорз зыдта, æмæ йæ уымæн уæлдай фылдæр уарзта. (кæсы 1 къорд)

Чиныгимæ куыст 97 фарсыл 4 фæлтæрæн кæнынц сæ тетрæдты
Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ

Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут:

Æз сфæлхат кодтон
Æз урочы базыдтон…
Урокæй мæхицæн райстон…
Урок мæм фæкаст цымыдис

Нæ урочы райдайæны дзырдтам цæугæдæтты тыххæй. Скæнæм ма хатдзæг: кæцæй цæуы утæппæт дон? Цæмиæй сæвзæры?

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц.

Приложение