Конспект урока по родному языку в 6-м классе по теме "Имя прилагательное" /Миногон: «Растзæрдæ уæвынæй хуыздæр ницы ис»/

Разделы: Краеведение

Класс: 6


1. Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн уын æххуыс уыдзæн нæ дзырдбыд. Баххæст æй кæнæм, цымæ дзы цавæр дзырд æмбæхст ис?

Дзырдбыд - фæйнæгыл

р

æстдзинад

д

а

вд

с

айд

т

æригъæд

уар

з

т

к

æ

рæф

æ

р

гом

рæ

д

ау

æ

ххуыс

2. Ахуыргæнæг:

- Куыд бамбæрстат нæ урочы темæ? Цæуыл дзурдзыстæм?

СЛАЙД

«Растзæрдæ уæвынæйхуыздæрницыис».

- Цавæр адæймагæй фæзæгъынц, растзæрдæ у, зæгъгæ?

- Ныффыссут-ма уæ тетрæдты абоны нымæц æмæ дзырдбаст растзæрдæ адæймаг.

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц ацы дыууæ дзырды?

- Цы нысан кæны дзырд растзæрдæ? (Предметы æууæл, йæ миниуæг)

Фæйнæгмæ ма нæ хъус æрдарæм :правдивый,справедливый,благосклонный.(афтæ та зæгъæн ис уырыссагау).

СЛАЙД

Йе 'ууæл номдарæн æвдисын,
Уый цæмæй зына æргом.
Бирæ хæстæ химæ исын,
Базон-ма, куыд у мæ ном.

МИНОГОН.

Ахуыргæнæг: Диссаджы ныхасы хай у миногон, алæмæтаг. Абон уый уæхæдæг дæр бамбардзыстут.

Урочы кæронмæ хъуамæ баххæст кæнæм ацы хъуыдыйæдтæ кæронмæ:

СЛАЙД

- Цы нын радзурид йæхи тыххæй миногон?

- Æз дæн …….. ныхасы хай.

- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн …

- Æз нысан кæнын …

- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын … .

- Хъуыдыйады вæййын …, … .

- Адæм мæ арæх пайда кæнынц сæ ныхасы, уымæн æмæ мæ фæрцы …

- Нæ дзырдбыды ис «æвзæр» дзырдтæ дæр. Ссарут сæ (давд, сайд, кæрæф).

- Ацы дзырдтæ сты, адæймаджы æвзæр миниуджытæ бæрæггæнæг. Хайджын сæ чи вæййы, уыдоны куыд фæхонæм? (даваг, сайаг, æнæфсис).

- Æз сæ ныртæккæ фехалдзынæн, цæмæй сын уæ зæрдæты бынат ма уа, ма сæ уат хайджын.

-Ныр та нæ куыст дарддæр кæнæм …

3. Æмбисæндтыл куыст (Фæйнæгыл фыст)

- Нæ дзырдбыды дзырдтæ ист сты ирон æмбисæндтæй.

Æмбисæндтæ хъæугæ дзырдтæй баххæст кæнут.

Кæцы дзырд кæм сфидаудзæн?

(æргом, рæдау, уарзт, æххуыс) Фæйнæгылфыст

Райгуырæн бæстæ хъулон у… кæнын хъæуы.
Æ… ныхасы къæм нæй.
Р… лæг дзæнæтмæ цæуы.
Æ… бахъуаджы рæстæг хъæуы.

- Куыд æмбарут æмбисæндтæ?

- Ацы дзырдтæ уæ царды бахъæудзысты, ныффыссут сæ, уæ разы цы урс гæххæттæй конд зæрдæтæ ис, уыдоныл (æргом, рæдау, уарзт, æххуыс)

- Дзырдтæй миногонтæ кæцытæ сты?

Ахуыргæнæг: Нæ урочы темæ раргом кæнынæн нын аххуыс уыдзæн Лев Толстойы радзырдтæй иу. Бакæсæм-ма йæ.

Мæгуыр лæг æмæ Донбеттыр.

Иу лæгæн йæ хорз фæрæт доны ныххауд. Бады доны был æмæ кæуы, хъыг кæны йæ диссаджы фæрæты сæфтыл, йæ хæдзар дарæгыл.

Донбеттыр æй фехъуыста, фæтæригъæд ын кодта, доны бынæй йын сыгъзæрин фæрæт систа æмæ йæм дзуры:

- Ай дæ фæрæт у?

- Нæ, уый мæ фæрæт нæу, - загъта лæг.

Донбеттыр æм доны бынæй æвзист фæрæт рахаста. Лæг та йæм дзуры:

- Уый дæр мæ фæрæт нæу.

Уæд Донбеттыр лæгæн йæхи фæрæт рахаста.

- Ай мæ фæрæт у! - бацин кодта мæгуыр лæг.

Донбеттыр мæгуыр лæгæн йæ рæстдзинады тыххæй æртæ фæрæты дæр балæвар кодта.

Лæг сæхимæ æрбацыд æмæ адæмæн хабар радзырдта.

Сыхаг лæг æм фæхъуыста стæй доны былмæ азгъордта æмæ барæй йæ фæрæт доны ныппæрста. Бады доны был æмæ кæуы.

Донбеттыр æм сыгъзæрин фæрæт рахаста, фæрсы йæ:

- Ай дæ фæрæт у?

- Мæн у, мæн! - ныхъхъæр кодта лæг.

Кæй асайдта, уый тыххæй йын Донбеттыр нæдæр сыгъзæрин фæрæт радта, нæдæр ын йæхи фæрæт доны бынæй систа.

Беседæ:

- Текст уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цæмæн афтæ тынг бацин кодта мæгуыр лæг йæхи фæрæтыл?

- Цæмæн хоны автор мæгуыр лæджы фæрæт «хæдзар дарæг»?

(Фæрæт кусæн гарз у, уый фæрцы …. )

- Цавæр зæрдæты хицæуттæ сты радзырды архайджытæ?

- Цæмæй йæ базыдтат? Цæй фæрцы раргом сты сæ зæрдæтæ?

(Сæ архайдæй, сæ ныхæстæй, сæ хъуыдытæй)

- Цавæр хъуамæ уой нæ ныхæстæ, нæ хъуыдытæ, нæ архæйдтытæ, цæмæй нæ зæрдæтæ сыгъдæгæй баззайой?

Ахуыргæнæг: Æмбисæндтæй кæцы æвдисы тексты сæйраг хъуыды?

СЛАЙД

1) Раст лæг йæ рæстдзинадæн сæфынæй нæ тæрсы.

2) Нæртон лæг сайын йæ сæрмæ нæ хæссы.

3) Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы.

(Рафысут æй уæ тетрæдтæм æмæ ма зæгъут миногон цавар хъуыд.уæнг у)

- Тексты ссарут миногонтæ. Рафыссут сæ, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ.

Мæгуыр лæг, хорз фæрæт, диссаджы фæрæт, сыгъзæрин фæрæт, æвзист фæрæт, сыхаг лæг.

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц?

- Цы дзырдтимæ баст сты, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты?

Скæнут хатдзæг миногоны тыххæй.

Къордты куыст:

1)

1-аг къордæн: ссарын адæймаджы фæзминаг миниуджытыл дзурæг æмбисæндтæ. Миногон цы æмбисонды ис, уый фæбæрæг кæнын.

Раст лæгæн сæфæн нæй.

Гæдыйы къах цыбыр у.
Загъдкъахæгæн - над. (Къоста)

Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.

Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.

Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.

Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.

2-аг къордæн: Ссарын адæймаджы фауинаг миниуджытæ кæм ис, ахæм æмбисæндтæ. Миногонтæ цы æмбисæндты ис, уыдон фæбæрæг кæнын.

Раст лæгæн сæфæн нæй.
Гæдыйы къах цыбыр у.
Загъдкъахæгæн - над. (Къоста)

Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.
Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.
Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.
Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.
Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.

Б) Миногонтæй равзарут, адæймаджы миниуджытæн аргъ чи кæны, ахæмтæ. Иуимæ дзы хъуыдыйад саразут.

1-аг къордæн:

Рæсугъд адæймаг
Рæсугъд ныхæстæ
Сыгъзæрин къухдарæн
Сыгъзæрин къухтæ

2-аг къордæн:

Сау мигътæ
Сау зæрдæ
Фæлмæн баз
Фæлмæн ныхæстæ

Хæс: Адæймагæн йæ архæйдтытæм гæсгæ характеристикæ раттын.

Къордтæ кусынц хибарæй. Уый фæстæ сæм байхъусын.

1. Йæ ныхас не 'ххæст кæны, искæмæй зæрдæ бавæры, фæлæ та йæ дзырд фæсайы. Ахæм адæймаджы хонынц … (сайаг, мæнгард, фæлывд адæймаг).

2. Алы куыст дæр зæрдиагæй кæронмæ хæццæ кæны, дзурын дæр ын нæ хъæуы, афтæмæй йæ баххæст кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (куыстуарзаг, бæлвырд адæймаг)

3. Исты йæм куы вæййы, уæд дзы алкæмæн дæр бахай кæны, адæмæн æххуыс кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (хæларзæрдæ, рæдау)

4. Никæмæн ницы дæтты, куы йæм уа, уæддæр «нæй, нæй» кæндзæн. Ахæм адæймаджы хонынц … (чъынды, æдзæстуарзон)

5. Арæх скъоламæ æрæджытæ кæны, хæдзармæ куыст не 'ххæст кæны, урочы ныхас кæны, ахуыргæнæгмæ нæ хъусы. Ахæм скъоладзау у … (æнæгъдау, æнæуаг)

6. Хистæрты коммæ нæ кæсы, йæ мадмæ фæстæмæ дзуры. Æмæ йæ хонынц … (æгоммæгæс, æнæгъдау).

7. Скъоладзау йæ урок куы зона, афтæмæй йæ къух сдарын куы нæ уæнда, уæд æй куыд схонæн ис? (нæуæндаг, æфсæрмыгæнаг)

8. Исты йын сусæгæй куы радзурай, уæд æй уайтагъд иннæтæн адзуры. Уый та у … (дзæгъæлдзых).

Ахуыргæнæг: Цы дзырдтæ бафыстат, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты? Цавæр фарстæн дзуапп дæттынц?

Къордтæн: Разæфтуантæ -æнæ, ма- , æ- æфтаугæйæ, миногонтæй ног дзырдтæ саразут. Разæфтуантæ рахицæн кæнут.

Хуызæг: зондджын - æнæзонд.

Семæ дзырдбæстытæ саразын.

1-аг къордæн:

хатыргæнаг -
æгъдауджын -
дзураг -
коммæгæс -

аив -

2-аг къордæн:

æмбаргæ -
кадджын -

амондджын -
кусаг -
арæхстджын -

Къордтæн: Миногонтæй пайда кæнгæйæ, уе 'мбæлттæй иуы хорз (фæзмигæн) миниуджытæ ранымайут. Иннæ къорд базонæд, кæй кой кæнут, уый.

(Фауинаг миниуджытыл нæ дзурæм).

Ахуыргæнæг: Аив йе 'рбацыд, аив йæ ацыд, аив, бынтон аив та - йæ зард. (Нигер афтæ загъта æрыгон поэт Хъамбердиаты Мысостæй).

Цы нысан кæны дзырд АИВ? Куыд æй æмбарут?

1-аг къорд: Зæгъæм, Нæ къласы ис иу аив чызг. Цæмæй аив у? Уæ хъуыдытæ райхалут.

2-аг къорд: Кæмæй фæзæгъынц «æнæгъдау скъоладзау»? Ранымайут æнæгъдау скъоладзауы миниуджытæ.

Ахуыргæнæг: Кæй равзарис æмбалæн?

Бакæсут-ма диалогтæ. (Кæсынццæсгæмттæмгæсгæ)

1-аг къорды диалог.

Сослан: Давид, дæ кърандас ма мæм авæр.

Давид: Дæхион æрбахастаис, мæ кърандас мæхи хъæуы.

Сослан: Давид, аххуыс ма мын кæн мæ чингуытæ хæссынæн.

Давид: Дæхи чингуытæ сты, æмæ сæ дæхæдæг ахæсс.

2-аг къорды диалог.

Ася: Эльза, цом-ма мемæ дуканимæ. Абон нанайы гуырæнбон у, æмæ мæ цыдæртæ алхæнын хъæуы.

Эльза: Ма тыхс. Æз дын аххуыс кæндзынæн. Дæ нанайы æз дæр бирæ уарзын. Хъуамæ йæ абон иумæ сбуц кæнæм.

Ахуыргæнæг: Кæй равзариккат æмбалæн? Цæмæн?

Цавæр хорз миниуджытæ ис Эльзама?

Текст миногон тæйбаххæ сткæнын.

Арæх адæймаджы йæ удыхъæды миниуджытæм гæсгæ абарынц цавæрдæр цæрæгоимæ. Цымæ, цавæр миниуджытæй хъуамæ уа хайджын адæймаг, цæмæй йæ исты сырдимæ абарой?

Кæд искæй арс рахуыдтой, уæд уый зон, æмæ у … (гуымиры, æнæгъдау). Кæд искæй тæрхъусыл банымадтой, уæд уый та у …(тæппуд) . Рувасы ном кæуыл сæвæрынц, уый та вæййы …(хинæйдзаг) адæймаг. Адæймагæй «хæрæг» хорзæрдæм дæр фæзæгъынц, уæд вæййы …(кусаг). Фæлæ ахæм ном æвзæрырдæм куы зæгъой, уæд та адæймаг вæййы …(фыдзонд).

Бирæгъы ном сфидаудзæн …(зыд) æмæ …(кæрæф) адæймагыл. Калмы ном сæвæрынц …(саузæрдæ) адæймагыл.

Ахуыргæнæг: Цавæр цæрæгойтыл ма абарынц адæймаджы йæ митæм гæсгæ? (Каркыл - карчы зæрдæ йын ис; гогызыл - æддаг бакасты тыххæй; …)

Ахуыргæнæг: Бакæсæм Хозиты Макары æмдзæвгæ «Бæллæхы Ким». Цымæ, цæмæн ахæм ном сæвæрдтой лæппуйыл? (Коммæ кæй нæ кæсы, йæ митæ галиумæ кæй сты, уымæн)

Бæллæхы Ким.

Кæстæртыл кæл-кæлæй худы.
Дары дурæхсæн йæ худы.

Хъилæй кæрты схойы, хъазы.
Къуыдиптимæ къамæй хъазы.

Асаста ызнон та авдæн,
Разылдта, дам, сæртæ авдæн.

Хи æхсынмæ Ким нæ тасы,
Баззайы лæугæйæ тасы.

Зæронд нана дзы цы домы, -
Размæ не 'ккуырсы, нæ комы.

Ким - бæллæхы гуырд - йæ митæй
Аразы мæсгуытæ митæй.

Ахуыргæнæг: Æмдзæвгæйы рæнхъыты кæрон ис рифмæгонд æмхуызон дзырдтæ. Ссарут-ма сæ. Лексикæйы цы сты?

(Омонимтæ: худ - уæлæдарæс, худы - архайд; авдæн - сывæллоны хуыссæн бынат, авд - нымæцон; нæ тасы - нæ гуыбыр кæны, тас - мигæнæн)

Ахуыргæнæг: Цавæр мивдисæгæй баивæн ис фразеологизм «митæй мæсгуытæ амайын»? (Сайын).

- Ахæм адæймаджы та куыд фæхонынц? (Сайаг)

Релаксаци.

Иучысыл нæ фæллад суадзæм.

Базон-базон, уый та циу?

Дæлдзæхæй нæ сырх гал йе 'взæгтæ суагъта. (Цæхæра)

Нæ гыццыл къæбиц æнæ дуар. (Айк)

Нæ чысыл скъæты - урс уæрыччытæ. (Дæндæгтæ)

Сыгъзæрин ацæуы, æмæ æвзист æрбацæуы. (Хур æмæ мæй)

Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн; урс дæн, æмæ цыхт нæ дæн;, къæдзил мын ис, æмæ мыст нæ дæн. (Булкъ)

Йæхæдæг - сырх, адджын, йæ хæдон - цъæх, хъæдабæйы хуызæн. (Харбыз)

Лæдзæгыл сызгъæрин тæбæгъ æрзад. (Æхсынæн)

Ахуыргæнæг: Цæй фæрцы базыдтат уыци-уыцитæ? (Миногонты фæрцы)

Хъазт «Мæ уды хъæздыгдзинæдтæ». Цæмæй дæн хайджын? Цавæр хорз миниуджытæ мæм ис? Цы мæм ис æвзæрæй та?

Хæс: Бакæсут алайнаг æфсармы домæнтæ.

Домæнтæмгæсгæ сбæрæгкæнут, алайнаг æфсармцыминиуджытæ домыадæймагæй, уыдон.

Аллон (ирон) æфсармы домæнтæ.

УРС хуызыл

1. Дæ хистæртæм хъус, цы дын дзурой, уый æххæст кæн.
2. Иумæйаг ныхасы къаддæр дзур, фылдæр хъусгæ кæн.
3. Адæймагæн аргъ кæн йæ хъару, йæ зонд æмæ куыстуарзондзинады тыххæй.
4. Дæ зæрдыл дар, ды дæ рагон тыхджын æмæ цытджын адæмы фæдон, æмæ дын рæдийыны бар нæй.
5. Дæ дзырд макуы фæсай.

СЫРХ хуызыл

6. Æдылы адæймагимæ ма быцæу кæн. Нæ дæ бамбардзæн.
7. Фынгыл хи куыд дарын хъæуы, уый зон.
8. Хæрд æмæ нозтæй бæрц зон.
9. Зон æмæ ма рох кæн дæ мыггаджы уидæгтæ рагфыдæлы онг.
10. Зон æмæ нымай дæ Фыдыбæстæ æмæ дæ адæмы рагон истори.

БУР хуызыл

11. Ахуыр кæн мадæлон æвзаг, ирон æгъдæуттæ. Архай иронау кафын æмæ зарыныл.
12. Макуы æппæл дæхицæй. Зон, дæуæй зондджындæртæ æмæ тыхджындæртæ бирæ ис, æмæ дыл фæхуддзысты.
13. Схъæл ныхас «ды та чи дæ?!» ма кæн, дæхи дзы хъахъхъæн.
14. Цардæмбал æрмæст бакасты рæсугъддзинадæй ма агур, бинонтæ æмæ йæ мыггагæй дæр бафæрс.
15. Ма 'фхæр иннæ адæмыхæттыты, алчидæр сæ у рæсугъд æмæ зынаргъ, куыд Хуыцауы лæвар.

Хæс: Ссарут хъуыдыйæдтæ миногонтимæ. Миногонтæ цы дзырдтимæ баст сты, уый зæгъут.

Фарст: Цæмæн сæ ныммыхуыр кодтам ахæм хуызы сыфтыл? Цы нысан кæнынц ацы хуызтæ?

Дзуапп:

Ирыстоны тырысайы хуызтæ.

Урсхуыз - сыгъдæгдзинад

Сырх - хъæбатырдзинад, хъару

Бур - фарн, хъæздыгдзинад

Тырысайы хуызтæ баст сты аланты цардимæ: уыдон дæр уыдысты кувæг адæм, хæстонтæ æмæ зæхкусджытæ. Нарты кадджытимæ дæр баст сты.

СЛАЙД

- Цæмæн нæ хъæуынц миногонтæ, цæмæн сæ фæпайда кæнæм нæ ныхасы?

(Дзуапп: Нæ ныхас кæнынц мидисджыдæр, аивдæр, бæлвырддæр, хъæздыгдæр.

Дзуапп: Миногонты фæрцы радзурæн ис адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты тыххæй.

СЛАЙД

- Цы нын радзурид йæхи тыххæй миногон?

- Æз дæн сæрмагонд ныхасы хай.

- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн цавæр? цыхуызæн?

- Æз нысан кæнын предметы миниуæг.

- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын номдаримæ.

- Хъуыдыйады вæййын бæрæггæнæн.

- Адæм мæ арæх пайда кæнынц сæ ныхасы, уымæн æмæ мæ фæрцы сæ ныхас кæны хъæздыгдæр, …

Ахуыргæнæг: Ацы урочы уæ чи цы базыдта ногæй? Цы пайда уын фæцис урок?

Рефлексия. Уæ зонындзинæдтæн, урочы куыд архайдтат, уымæн аргъ скæнут ирон æмбисæндты æххуысæй.

- Алчи дæр уæ йæ куыстæн аргъ скæнæд. Чи уæ куыд архайдта урочы, уымæ гæсгæ равзарут æмбисæндтæ. Йæхимæ гæсгæ уæ тынг хорз чи бакуыста, уый равзарæд ахæм æмбисонд: Цы куыстмæ бавналон, æмæ цы нæ сараздзынæн!

- Йæхимæ гæсгæ, йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, миногоны тыххæй æппæт æрмæг нæ бамбæрста, афтæ чи хъуыды кæны, уый та райсæд æмбисонд «Кæнинаг кæнын хъæуы».

Ахуыргæнæг:

- Уæ бон бауыдзæн сыгъдæг зæрдæйæ фæцæрын?

Бацархайут. Хъуамæ уæ алчи дæр йæхицæн дзура, «æз нæ асайдзынæн», «æз нæ адавдзынæн», «æвзæр ми мæ сæрмæ не 'рхæсдзынæн».

Нарты Батрадзау уæ алчи дæр хъуамæ йæхæдæг ма кæна æвзæр ми, искæмæн æй йæ разы кæнын дæр ма уадза. Уæд уæ зæрдæтæ уыдзысты сыгъдæг.

Кæронæй

Нæ урок мæ фæуын фæнды ахæм таурæгъæй:

Кæддæр, дам иу зондджын лæджы бафарстой, адæймагæн дыууæ цæсты цæмæн ис. Иу цæст ын фаг нæ уаид, дзых æмæ йыл фындз иугæйттæ куы ис. Æмæ, дам дзуапп радта уыцы лæг: «Галиу цæстæй адæймаг хъуамæ уына йæхи хъæндзинæдтæ, йе 'взæр митæ. Уадз, æмæ сæ раст кæна. Рахиз цæстæй та хъуамæ уына искæй фæзминаг миниуджытæ, цæмæй сын аргъ кæнын зона».

Хæдзармæ куыст: Сочинени-æрфыст: «Æз дæр иу фæзминаг адæймаг зонын».