Конспект урока по литературе. Тема: "Къоста, сæрыстыр стæм дæуæй!"

Разделы: Литература


Кълас: 5 (ирон литературæ)!

Урочы нысантæ
  • Кьостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй нæ зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.
  • Ныхасы рæзтыл бакусын.
  • Гуырын кæнын уарзондзинад нæ райгуырæн бæстæмæ æмæ мадæлон æвзагмæ.

Урочы хуыз

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.
Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.
Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Ахуыргæнæн чиныг, презентации, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф:

«Весь мир - мой храм,
Любовь - моя святыня,
Вселенная - Отечество мое!»
(Коста)

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.
(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг)

Кьостайы æмдзæвгæ «Зонын»-мæ байхъусын зарæджы хуызы.

Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.

Регулятивон
(ахуырадон нысан æвæрын),

удгоймагон
(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Актуализаци
(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын)

- Кæй æмдзæвгæйы бындурыл фыст у зарæг?
- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?
- Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?
- Сбæрæг - ма кæнут нæ абоны урочы темæ.
- Цæмæн хонæм Кьостайы нæ уарзондæр фыссæг.

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Зонадон
(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды
(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын.
удгоймагон

- Ирон адæм Кьостайы цæмæн хонынц «Нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг». Йæхицæй фылдæр уарзта йæ райгуырæн зæхх, йæ адæмы.

Урочы темæйыл куыст.

Ахуыргæнæджы раныхас

- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг.

Октябры мæйы 15-æм бон уæлдай циндзинад æрхæссы нæ адæмæн. Уыцы бон райгуырдис нæ цытджын поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Къоста тох кодта дзыллæйы амондыл, йæ зæрдæ рыстис адæмы рисæй, æмæ уымæн у йæ райгуырæн бон адæмон бæрæгбон.
Ǽхсызгонæй сæмбæлы Ирыстон Къостайы райгуырæн боныл. Къостайы стъалы бæрзонд ссыдис, ныррухс кодта æмæ бахъарм кодта адæмы зæрдæтæ.
Къостайы фæрцы дунейы дзыллæтæ базыдтой Ирыстон æмæ адæмы, сæ зондахаст, сæ удыхъæд. Уый радта адæмæн йæ курдиат, йæ уды хъарм, йæзæрдæ. Мах куы фæзæгъæм Ирыстон- нæ цæстыты раз вæййы Къоста, мах куы фæзæгъæм Къоста-нæ цæстыты раз вæййы Ирыстон. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе хсар æмæ йе гъдау. Уымæ гæсгæ Къостайы райгуырæн бон ссис Ирыстоны адæмæн кады бæрæгбон. Къостайыл 46 азы йеддæмæ нæ фæцардис, фæлæ йæ зæрдæйы рухс судзы абон дæр.Уый нын амоны фæрнæйдзаг фидæнмæ фæндæгтæ.

Хъусынц æрмæгмæ.

Зонадон
(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон
(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон
(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

Зонадон
(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон
(æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон
(мадæлон æвзаджы аивдзинад;
Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

1. Байхъусæм та Кьостайы æмдзæвгæ «А-лол-лай»-йыл фыст зарæгмæ.

Хатдзæг:
Кьоста тынг бирæ уарзта йæ адæмы, фæндыд æй цæмæй хуымæтæг адæмы сывæллæтттæ цæуой скьоламæ. Махæн абон нæ хæс у, Кьоста нын цы æвидийгæ хæзнатæ ныууагьта, уыдон бахъаахъхъæнын. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы диссæгтæ дæр, æмæ адæм сæхæдæг дæр. Махæн нæ хæс у рæзгæ фæлтæр раст фæндагыл аразын, цæмæй, уарзой æмæ дзурой сæ мадæлон æвзагыл.

Хъусынц зарæгмæ.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст

Къордты куыст:
- Уæдæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Кьостайы цард æмæ сфæлдыстад.

Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Дзурæм Кьостайы фыст æмдзæвгæтæ.Чи фылдæр зоны.
1 кьорд:
2 къорд:

Алы къорд дæр дзуры Кьостайы фыст æмдзæвгæтæ.

Регулятивон
(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,
ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),
коммуникативон
(фæрстытæ æвæрын,
хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон
(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Ног æрмæгыл куыст

Дзырдуат:
Дзуар - божество, святилище.
Уæлыгæс - мальчик, пасущий ягнят.
Хъыг - скорбь.
Ǽдзух - постоянно.
Хъару - сила.

Ног дзырдтимæ дзырдбæстытæ дзурынц.

Зонадон
(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон
(æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон
(мадæлон æвзаджы аивдзинад;
Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ
фидар кæнын

(Беседæ æмдзæвгæйы мидисмæ гæсгæ.

1. Цавæр ныхæстæй райдайы æмдзæвгæ?

2. Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?

Дзуапп дæттынц чиныгæй пайдагæнгæйæ.
кæсынц

адæмы уарзондзинадыл.

Зонадон
(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын.

Рефлекси.
Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын

- Цæуыл нæ ахуыр кæнынц Кьостайы фыст æмдзæвгæтæ?
- Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:
фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.

Уарзын райгуырæн бæстæ, дзурын мадæлон æвзагыл æмæ тырнын ахуыры бæрзæндтæм.

Синквейн.
1. Кьоста.
2. адæмуарзаг
3. тох кæны,тырны
4. Кьоста сæрибарыл тох кæны.
5. тохгæнæ

Зонадон,
(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын.

коммуникативон
(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны.

удгоймагон
(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Кьоста «Иры зарæггæнæг», æмдзæвгæ зæрдæвæрдæй сахуыр кæнын.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.