Урочы этаптæ
|
Ахуыргæнæджы архайд
|
Скъоладзауты куыст
|
УАА
|
Мотиваци.
(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг)
|
«Задæлесчы Сызгъæрин Нана»-йы зарæгæй скъуыддзаг сæвæрын.
|
Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.
|
Регулятивон
(ахуырадон нысан æвæрын),
удгоймагон
(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)
|
Актуализаци
(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын)
|
- Кæй номыл у зарæг?
- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?
-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы?
- Сбæрæг - ма кæнут нæ абоны урочы темæ.
- Цæмæн хонæм Задæлесчы Нанайы зарæг адæмон?
- Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький дæр раст загъта «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».
|
Дзуапп дæттынц фæрстытæн.
|
Зонадон
(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды
(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),
удгоймагон
(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)
|
Урочы темæйыл куыст
|
- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг нæ рагфыдæлты царды тыххæй. Хатдзæг:
Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се'ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сæ истори. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм сæхæдæг дæр.Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.
|
Хъусынц æрмæгмæ.
|
Зонадон
(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),
коммуникативон
(хи хъуыдытæ æргом кæнын),
удгоймагон
(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).
|
Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст
|
Къордты куыст:
- Уæдæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,нæ рагфыдæлты царды тыххæй цы зонæм, уый.
- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдисмæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.
1 къорд:
1. Чи уыдысты нæ рагфыдæлтм?.
2. Чи уыдис Задæлесчы Нана ?
3. Цæмæй бæрæг у Задæлесчы Нана ирон адæмæн сæ ирвæзынгæнæг кæй уыдис ,уый?
2 къорд:
1. Зæгъут - ма ирон адæмæн æппæты уарзондæр чи уыдис хъæбатыртæй? Цæмæн?
2. Ирон адæм сылгоймаг-хъайтарæн цавæр аргь кæнынц? Цæуыл дзурæг,у уый?
3. Задæлесчы Нанайы миниуджытæй уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?
|
Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.
|
Регулятивон
(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,
ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),
коммуникативон
(фæрстытæ æвæрын,
хи хъуыдытæ æргом кæнын),
удгоймагон
(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)
|
Ног æрмæгыл куыст
|
Раныхас:
- Æз уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст: цæмæй бæрæг у, Задæлесчы Нана ирон адæмæн сæ уарзондæр сылгоймаг-хъайтар кæй у, уый.Адæймагæн йæ райгуырæн
бæстæйæ, йæ хъæубæстæйæ зынæргъдæр ницы ис.Мæнмæ гæсгæ, Ирыстонæй рæсугъддæр бынæттæ бирæ нæй. Ирон адæмæй уæздандæр нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлтæй хъæздыгдæр истории дæр никæмæн.уыдис. Æмæ
мæ тынг фæнды, цæмæй абон иумæ абалц кæнæм нæ рагфыдæлтæм Дыгургоммæ, 13 æнусмæ. Ноджы хуыздæр базонæм нæ рагфыдæлты цард, нæ фыдæлты историон цаутæ æмæ сæ бахъахъхъæнæм ног фæлтæртæн. Цæмæй æнцондæрæй бамбарæм æрмæг , уымæн нын феххуыс кæндзысты дыууæ æрыгон экскурсоводы. Исты фехъуыстат Задæлесчы Нанайы тыххæй?
Задæлесчы Нанайы сгуыхтдзинад куы абарæм Жанна д ʹАрк цы сгуыхтдзинад скодта уыимæ, уæд йæ ахадындзинад у 100 хатты стырдæр. Жанна д ʹАрк тох кодта Францийы иудзинадыл, Нана та фервæзын кодта знæгтимæ тохы цы адæм фесæфт, уыдоны сывæллæтты. Уыцы стыр сгуыхтдзинад куы нæ уыдаид, уæд, чи зоны, дыгур дæр нал уыдаид. Фæлæ ма Нанайы сгуыхтдзинад ис абарæн Моисей Пророк еврейский кæй хонынц, уый сгуыхтдзинадимæ. Уый фервæзын кодта уацарæй йæ адæмы. Акодта сæ Израильмæ, цыдысты сæрибардзинады фæндагыл 40 азы, цæмæй хистæр фæлтæр ферох кодтаид уацардзинад.
Цымæ цавæр уыдис Задалесчы Нана? Цы хуындис йæ ном? Цы мыггагæй уыдис? Мах уыцы фарстатæн, æвæццæгæн, дзуапп никуыуал ссардзыстæм.
Фæлæ зонæм, Задалески Нана адæмы зæрдæты баззадис цард æмæ рухс дæттæг сылгоймаджы нысанæй. Уый хонæм нæ Ирыстоны Иумæйаг Мад.
Зонæм, Дыгургомы алы сæрд дæр кæй кæнынц Задалески Нанайы бæрæгбон. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр ын хистæртææрымысынц йæ рухс ном.
Зонæм, мадæлтæ раздæрау кувынц Нанамæ, курынц дзы сæ сывæллæтты фыдбылызæй бахизыны ахъаз.
Мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сымах дæр хайджын уат Нанайы кад, цыт, хъаруйæ æмæ Плиты Грисы дыууæ стыр ныфсæй дæр æнæхай куыд нæ уат! Уæ зæрдыл дарут Нанайы рухс ном æмæ нæ урок цы рæсугъд ныхæстæй райдыдтам уыдон:
|
Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та зарæгмæ.
|
Зонадон
(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),
коммуникативон
(æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),
удгоймагон
(мадæлон æвзаджы аивдзинад;
Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)
Зонадон
(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),
коммуникативон
(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)
|
|
«Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар
Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:
Фыдыбæстææмæ сæрибар, -
Циу цард æнæ сымах? - Ингæн».
Киноныв.
|
Кæсынц кинонывæй скъуыддзагмæ
|
|
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын
|
- Ныр та бакæсæм зарæджы ныхæстæ.
(кæсы йæхæдæг)
Беседæ зарæджы мидисмæ гæсгæ.
1. Цавæр ныхæстæй райдайы зарæг?
2. Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?
3. Цæмæй бæрæг у, адæм Нанайы иумæйаг мад кæй хонынц,уый?
4. Куыд уæм кæсы, Нанайæн йæ царды сæйрагдæр нысан цы уыдис?
5. Зарæджы йæ адæм куыд хонынц?
6. Сывæллæттæ йæм цавæр цæстæй кастысты?
|
Дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ.
кæсынц
адæмы уарзондзинадыл
Хъæлæсы уагæй, зарæджы райдайæнæй. Ноджы йæ хонынц «ирвæзынгæнæг», «иумæйаг иад», «сызгьæрин».
Тыхджын, кусаг, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, хъæбатыр, уæззаузонд.
Сæрибармæ тырнындзина
|
|
Рефлекси.
Æрмæг бафидар кæныныл куыст
|
|
Синквейн.
1. Нана
2. хъæбатыр,уæздан
3. тох кæны,тырны,уарзы
4. Нана сæрибарыл тох кæны.
5. тохгæнæг
|
Зонадон,
(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),
коммуникативон
(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),
удгоймагон
(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).
|
Хатдзæгтæ скæнын
|
- Куыд ис схонæн ацы миниудждытæ иу ныхасæй?
- Куыд уæм кæсы,ныртæккæ Нанайы зарæгæн мах царды исты ахадындзинад ис?
- Цæуыл нæ ахуыр кæны?
- Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:
фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.
|
Стыр зæрдæйы хицау.
1.Кæрæдзийæн æххуысс кæнын зын сахат.
2.Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.
|
1.Æфхæрд нæ ныббарын.
- Абоны царды актуалон у?
- Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ, срухс кодтам таурæгътæ æмæ зарджыты фæрцы нæ ивгъуыд замантæй иу талынг къуым æмæ нæм уым фæзынд нæ уарзон хъæйтар - сылгоймаг
Задæлесчы Нана.
|
Лæгдзинады нысаниуджытæ.
|
Хæдзармæ куыст
|
Зарæг бакæсын æмæ ныффыссын чысыл нывæцæн «Ирыстоны Иумæйаг Мад».
|
Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.
|
|