Методическая разработка открытого урока по осетинской литературе в соответствии с ФГОС

Разделы: Литература

Ключевые слова: осетинская литература


Тема: Гыццыл адæймаджы» психологийы æгуыдзæгдзинад

Мамсыраты Дæбейы радзырд «Аууон» - мæ гæсгæ.

Урочы эпиграф:

«… Ӕцæг, пигмейтæ ис хæрзбирæ, арæх.
Нæуæгуард митыл дæр нæ уадзы фæд сæ къах».
/Нигер/

Урочы нысан:

  • Системон - архайдон технологийы фæрцы райхалын радзырды проблемæ.
  • Уацмысы аивадон фæрæзтæ ахуырдзаутæн æмбарын кæныны руаджы урочы темæ æргом кæнын.
  • Гуырын кæнын æрыгон фæлтæрмæ æцæг адæймаджы миниуджытæм цымыдисдзинад, лакейы, фæсдзæуины зондахастмæ та æнæуынон цæстæй кæсын.

Урочы хуыз: Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:

Предметон: Бакусын радзырды арф хъуыды раиртасыныл; текстмæ гæсгæ равзарын сæйраг архайæджы миддунейы æууæлтæ, зонын тексты структурæ.

Метапредметон: равзарын сæйраг архайæджы миддунейы æууæлтæ, йæ ницæйаг психологийы «ахадындзинад» æхсæнадон царды, раттын анализ уацмысы портреттæн, детальтæн, аивадон мадзæлттæн, æмбарын кæнын ахуырдзаутæн урочы нысаны ахадындзинад.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ: Системон - архайдон технологийы метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ: презентации, интерактивон фæйнæг
Урочы цыд:

Мотиваци:

Ахуыргæнæджы раныхас: - Уæ бон хорз, ахуырдзаутæ æмæ нæ уазджытæ! Арæх фехъусæн ис, адæймаг, дам, иунæг никуы вæййы. Ныртæккæ фæйнæгыл фæзындзысты нывтæ.

Тынг лæмбынæг сæм бакæсут, уæ хорзæхæй, æмæ мын дзуапп раттут ахæм фарстæн:

-Чи, кæнæ цы вæййы æдзух адæймагимæ?

Слайдтæ 1,2.

- Растæй базыдтат, адæймагимæ æдзух сты йæ дзуар æмæ йæ аууон. Ӕмæ йæ кæд йæ зæды хай хъахъхъæнгæ фæкæны, уæд ыл йæ аууон та иуæй- иу хатт гадзрахатæй дæр рацæуы.

Адæймаджы царды хатгай афтæ дæр рауайы, æмæ йæ бон йæ сусæг сагъæс хъæрæй зæгъын нæ фæфæразы, кæнæ йæ нæ фæфæнды. Ӕмæ уæд йæ зæрдæйы сусæг сагъæстæ, йæ хъуыдытæ баууæнды йæ ацы «дыууæ хæларæн» æмæ гъе хинымæры, гъе та хъæрæй семæ дзурын райдайы. Мах дæр сымахимæ абон нæ урочы иу ахæм, йæ аууонимæ «дзурæгимæ» базонгæ уыдзыстæм.

Слайд 3

  • Цымæ цавæр проблемæ хæссы фыссæг йæ чиныгкæсджыты размæ?
  • Цы у радзырдæн йæ сæйраг хъуыды. Чи у «гыццыл адæймаг»?
  • Цæмæн ахуыр кæнæм ацы радзырдтæ, цы нын амоны?
  • Адæймаджы козбау цы скæны?

Хъуамæ мах абон æмгуыст кæнгæйæ ацы фæрстытæн дзуапп ссарæм.

Нæ урочы темæ абон у: «Гыццыл адæймаджы психологийы æгуыдзæгдзинад Мамсыраты Дæбейы радзырд «Аууон»-мæ гæсгæ.

(ахуырдзаутæ темæ фыссынц сæ тетрæдты).

Нæ урокмæ эпиграфæн райстам Дзанайты Иваны (Нигеры) æмдзæвгæ «Нæ тæрсын æз»-æй рæнхъытæ:

«… Ӕцæг, пигмейтæ ис хæрзбирæ, арæх.
Нæуæгуард митыл дæр нæ уадзы фæд сæ къах».

- Цыма куыд баст сты ацы рæнхъытæ нæ ног æрмæгимæ?

Урочы кæрон ацы фарстæн дæр бафæлвардзыстæм дзуапп раттын.

Зынæмбарæн дзырдтæ уæ дзырдуæтты фæнысан кæнут.

Слайд 4

  • Тæнзæрдæ - мягкосердечный, добрый, отзывчивый;
  • Козбау - лицемерный, двуличный;
  • Фæлывд - обманутый, фальшивый;
  • Барджын - правомочный, властный;
  • Ӕбар - бесправный, безответственный.

Ахуырдзауы раныхас: Мамсыраты Дæбейы биграфи (рагацау хæслæвæрд)

Мамсыраты Дæбе йæ рæстæджы уыд ирон прозаикты зынгæдæр æмæ номдзыддæр. Уый арф æнкъардта рæстæджы цыд, царды улæфт æмæ цæугæ боны домæнтæ. Иудадзыг уыд литературон цардæн йæ гуылфæнты, куыста бирæ æмæ æнтыстджынæй, йæ уацмыстæ æндæвтой ирон прозæйы рæзтыл. Дæбейы курдиат хъомысджындæр уыдис прозæйы.

Уæлдай идейон-эстетикон ахадындзинад ис йæ радзырдтæн. Дæбе зыдта царды быцæутæ. Зыдта адæймаджы удыхъæд быцæуты кæй раргом вæййы, уый дæр. Æмæ агуырдта карз быцæутæ, драмон сюжеттæ. Уыцы радзырдтæй иу у радзырд «Аууон».

Ахуыргæнæджы раныхас: Фыссæг сарæзта диссаджы сатирикон фæлгонц - йæ аууонимæ æдзух зæрдиагæй чи дзуры, ахæм кæддæры лакей, булкъонмӕ кусӕг, æмæ ныры колхозон, хуымæтæг ирон хъæуккаг лæг - Сауаты Гæбил.

Чи у, цавæр у ацы лæг,? Цавæр зондыл хæст у?

Нæ фæрстытæн нын æппæты хуыздæр дзуапп ратдзæн фыссæг йæхæдæг. Ӕркæсæм нæ текстмæ.

Текстыл куыст (ахуырдзаутæ 3 къордæй архайынц).

Ӕппæты фыццаг æркæсæм нæ геройы портретмæ, сбæрæг кæнæм, куыд баст у, Гæбилы æддагбакаст йæ миддунеимæ.

Иу уæ кæсдзæн, иннæтæ уæ цæст æрдарут портрет аразæг дзырдтæм æмæ сæ фæнысан кæнут. Уый фæстæ алы кърд дæр йæ дæнцæгтæ бакæсдзæн æмæ сæ схемæйы бафысдзæн.

Ахуырдзаутæ «Гæбилы портрет» аразынц.

  • 1 къорд: Къаннæг лæг, цæсгомыл гæдыдзинады, тæнзæрдæйы, фæлывды нысæнттæ;
  • 2 къорд: Схъæл рихитæ, цыргъ боцъо, фæлывд мидбылхудт;
  • 3 кьорд: Гыццыл цъæх, цыргъ цæстытæ.

Диссаджы портрет! Баззади ма йæ цæстæй дæр фенын. Ӕмæ цы? Уæд та Гæбилы портрет нæхи къухтæй ацаразиккам?! (ахуырдзаутæ кърдты фæлварынц Гæбилы портрет сныв кæныныл).

Ныв

- Куыд уæм кæсы, цавæр адæймаг нæм кæсы нæ нывæй?

- Фæлывд, козбаугæнаг, хинæйдзаг адæймаг.

- Баззад нын сбæрæг кæнын, цавæр у ацы лæгæн йæ миддуне, цы нымайы растыл,пайдайыл?

Ахуырдзауты раныхас:

1-аг ахуырдзау: - Уæлдæр куыд базыдтам, афтæмæй , Гæбил, революцийы размæ, ома йе΄взонджы рæстæджы куыста булкъон Лабунецмæ фæсдзæуинæй. Афтæ сахуыр ис лæггад кæныныл, гæды митыл, козбау ныхасыл, йæ хъуыдытæ æмбæхсыныл, æмæ ныр, советон дуджы дæр йæ ахуыр нæ уадзы. Йæ сусæг хъуыдытæ йын исчи фехъуса, уый йæ нæ фæнды æмæ йæхицæн ссардта диссаджы дзурæг æмбал - йæ аууон. Гъемæ зæрдиагæй ныхас кæны йæ аууонимæ.

2-аг ахуырдзау: - Ӕмæ йын цы нæ дзуры, цы нæ йын уæнды зæгъын : куы йын уайдзæф кæны, куы йыл хъæр кæны, куы йын «зонд» амоны. Раст дзы æгомыг фæсдзæуин сарæзта, кæддæр йæхæдæг цавæр уыди, ахæм. Никæмæ афтæ бауæндыдаид , йæ аууонæн та - йæхæдæг хицау!

Ахуыргæнæджы раныхас: - Гæбилмæ гæсгæ алы адæймаг дæр у искæй аууон: омæ, кæй аууон дæ, уый фæзм, уый митæ кæн, уый зæрдæ балхæныныл архай æмæ дæ къæбæр æнæмæтæй хæрай. Гæбилæн уый у йæ царды сæйраг фæтк, дунейæ кæй æмбæхсы, уыцы зонд.

Текстыл кусгæйæ сбæрæг кæнæм «Гæбилы психологи». Гæбилы психологи цы дзырдтæ бæрæг кæнынц, уыдон, фæнысан кæнут. Ахуырдзаутæ цы дæнцæгтæ ссарыннц, уыдон презентацийы фæйнæгыл радыгай фæзынынц.

Слайд 5

  • Мæныл баст дæ, æмæ æз куыд кæнон, афтæ кæн;
  • Кæй бар дыл цæуы, уый фæндон æххæст кæнын хъæуы. Уый раз хъуамæ дæхимæ мацы фæндон уа;
  • Архайдтон ын йæ фæндон æххæст кæныныл, йæ зæрдæ æлхæныныл. Уæдæ? Гæнæн нæ уыд.
  • Æз зыдтон уыцы сылгоймаджы бирæ кæй уарзта, уый æмæ йын æй куыд хъуамæ рафаудтаин? Рафау ын æй, æмæ дæ хæдзар сарæзтай.
  • Æнæмæнг, зæгъын, сæрхъæн дæн, дæ бæрзонддзинад.
  • Зыдта, йæ ныхасыл æмæ хъуыдыйыл разы кæй вæййын.
  • Ӕнæмæнг, дæ бæрзонддзинад, сæрхъæн æмæ æвзæр дæн, ницы æмбарын.
  • Ӕз ныр дæр афтæ кæнын, Хицау уæд, æмæ цыфæнды дæр фæуæд.
  • О, æмæ дæуæй зæгъын. Ды мæ 'аууон дæ,æмæ хъуамæ мæ фæндтæ æххæст кæнай. Ӕз мæ хицауы аууон дæн, æмæ æз хъуамæ уый фæндон æххæст кæнон, уый та йæ хицауы аууон у, æмæ уый фæндон æххææст кæна. Ӕз цард афтæ æмбæрстон æмæ йæ афтæ æмбарын.

Ахуыргæнæджы раныхас: Текстæй цы дæнцæгтæ æрхастат, уыдон нын амонынц Гæбилы зондахаст, йæ царды философи, йæ миддуне. Удыхъæдæй мæгуыр адæймаг «пигмей» у, къаннæг,æхсæнады та æнæнымад.

Ӕрмæг бафидар кæнын: (хатдзæгтæ геройы миддунейæн).

1. Цавæр миниуджытæм гæсгæ хонæм «гыццыл адæймаг» Дæбейы арызт фæлгонц йæ радзрд «Аууон» - ы?

Ахуырдзауты дзуапп: (у тæрсаг, хин, хиппæлой, козбаугæнаг адæймаг; кæны сайæн, зæрдæлхæнæн, цæстмæ митææмæ ныхæстæ).

2. Цæмæн схуыдтам Гæбилы психологи æгуыдзæг?

Ахуырдзауты дзуапп: (уымæн æмæ йын ис лакейы сусæггаг зонд, цæры хицæутты зондæй, йæ хъуыдытæ хъæрæй зæгъын дæр нæ уæнды).

3. Куыд баст у Гæбилы æддаг бакаст йæ миддунейы?

Ахуырдзауты дзуапп: (Гæбилы æддаг бакаст йæ миддунейы у комкоммæ баст, йæ цæсгом куыд фæлывд у, йæ уд дæр ахæм фæлывд у).

Ахуыргæнæджы раныхас: Не'ргом урочы эпиграфмæ аздахæм, куыд баст у нæ темæимæ? Пигмей, «гыццыл адæймаг»… Дзырдутæй: пигме́и (греч. Πυγμαῖοι - «люди величиной с кулак») - группа низкорослых негроидных народов, обитающих в экваториальных лесах Африки.

«… Ӕцæг, пигмейтæ ис хæрзбирæ, арæх.
Нæуæгуард митыл дæр нæ уадзы фæд сæ къах».

Адæймагæн иу цард лæвæрд ис, æмæ цы æхсæнады цæры, уыцы æхсæнадæн хъуамæ зиан ма хæсса, фæлæ пайда, йæ лæгдзинад сæфт хъуамæ макуы уа.

«Лæг лæгæты дæр лæг у», - афтæ иу загътой нæ фыдæлтæ. Алчидæр уæ хъуамæ архайа йæ царды къахдзæфтæ кæнгæйæ хорз фæд уадзыныл.

Слайд 6

Рефлекси

  • Абоны урокæй цавæр зонд райстат?
  • Цавæр хъуыдытæ уæм сывзæрын кодта нæ урок?
  • Цы зонындзинæдтæ райстат абон, уыдонæй кæм спайда кæнис?
  • Куыд уæм кæсы, нæ урочы нысан сæххæст кодтам?

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Xæдзармæ куыст: радзырд «Аууон бакæсын, фысгæ дзуаппытæ раттын фæрстытæн 387 ф.