Урочы темæ «Рæнхъон нымæцонтæ» 5 кълас

Разделы: Патриотическое воспитание

Класс: 5


Урочы нысан:

  • сфæлхатын æмæ бафидар кæнын нымæцонæй рацыд æрмæг;
  • бацамонын рæнхъон нымæцонты нысаниуæг, сæ арæзты хицæндзинæдтæ, синтаксисон роль;
  • бакусын ныхасы рæзтыл;
  • рæзын кæнын ахуырдзаутæм патриотон æнкъарæнтæ;
  • æрдзурын Уæлахизы бæрæгбоны мидисыл.

Техникон фæрæзтæ: ахуыргæнæн чиныг, интерактивон фæйнæг, тетрæдтæ, ахуыргæнæджы презентаци.

Педагогон фæрæзтæ: индивидуалон куыст, къордты куыст, хъазты технологи.

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Технологитæ

Компетенцитæ (арæхстдзинæдтæ)

1. Оргмомент (2 мин)

Скъоладзауты сразæнгард кæнын урок райдайынмæ

Уæ бон хорз!
Уæ кæрæдзийæн дæр ма салам раттут!
Мæнæн тынг æхсызгонд у,абон ахæм хъæлдзæг кæй стут,уый.Мæн уырны,ацы урочы нæ къухты бирæ кæй бафтдзæн базонын дæр æмæ бакусын дæр!

Сывæлæттæ дæттынц кæрæдзийæн салам. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

2. Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын (5 мин)

Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ сбæрæг кæнынæн

Ныр та уын ахæм хæслæвæрд:алы рæнхъ дæр уæ у хицæн къорд, радыгай алчидæр дзуры йæ нымæц - цалæм у. Фæстаг ахуырдзау та хъуамæ зæгъа: «1-аг(2,3)къорд урокмæ цæттæ у!»
-Зæгъут-ма,куыд нымадтам алы къорды ахуырдзауты
Сымах кæцы къорд стут?
Цы нымæцонтæй спайда кодтам, уыдон цавæр нымæцонтæ сты?
Уæдæ нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм? Нæ урочы темæ цавæр у?

Æххæст кæнын хæслæвæрд

Радгай

1-аг,2-аг,3-аг

Рæнхъон

Рæнхъон нымæцонтæ

Хъазты технологи

Проблемон уавæр саразын

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын, кæцытыл дзуапп лæвæрд æрцæудзæн урочы дæргъы

Куыд уæм кæсы нæ урочы нысан цавæр уыдзæн?

Бæрæг кæнынц урочы хæстæ

Проблемон ситуации

Критикон хъуыдыкæнынад

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

Ныффыссын нымæц, темæ, урочы эпиграф

Æрмæгыл кусгæйæ, цы уыдзæн скъоладзаутæн цæлхдур, уый сбæрæг кæнын

Тетрæдты фыссынц нымæц, темæ, урочы эпиграф

Критикон хъуыдыкæнынад

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт

3. Ног æрмæг. Хæслæвæрдтæ æрмæгмæ. (10 мин)

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

Рæнхъон нымæцонты арæзт сбæрæг кæнын (5 слайд)

Сбæрæг кæнынц, рæнхъон нымæцонтæ бæрцон нымæцонтæй арæзт кæй цæуынц. Зæрдыл æрлæууын кæнынц нымæцонæй раздæр рацыд æрмæг.

Критикон хъуыдыкæнынад.

Логикон хъуыдыкæнынад.

Æвзагон æмæ лингвистикон арæхстдзинæдтæ. Зонын теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын.

Рæнхъон нымæцоны синтаксисон роль, хуызтæ сæ арæзтмæ гæсгæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл арæзт хъуыдыйæдты сбæрæг кæнут, рæнхъон нымæцонтæ цавæр уæнгтæ сты?
Хъусы дзуæппытæм, рæдыдтæ раст кæныны бар дæтты ахуырдзаутæн. (7-8 слайдтæ)

Хъуыдыйæдтæ æвзарынц. Фыссынц, хъусынц, рæдыдтæ раст кæнынц. Къордты куыстæн дæттынц аргъ.

Хибарæй куыст. Кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнын. Рæдыдтæ бæрæг кæнын æмæ раст кæнын. Ныхасы рæзтыл кусын. Иронау нымæцтæ зонын.

Æвзагон æмæ лингвистикон арæхстдзинæдтæ. Зонын теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын. Нымæцонтæ агурын, хæслæвæрдтæ æххæст кæнын.

4. Райдиан басгæрст(7 мин)

Ныхасы рæзтыл куыст

Бæрæг кæны, куыд арæхсынц ахуырдзаутæ рæнхъон нымæцонты раст формæты æвæрын, хъуыдыйады сæ раст пайда кæнын. (10 слайд)

Хицæн дзырдтæй аразынц хъуыдыйад. Бæрæг кæнынц нымæцонты хуызтæ сæ арæзтмæ гæсгæ

Къордтæй куыст

Хъазт- ерыс. Зонындзинæдты актуализации.

5. Ног æрмæгæй зонындзинæдты систематизаци. (7 мин)

Нымæцонæй рацыд æрмæг æмиуад æмæ систематизации скæнын

Барын кæны урочы нысан æмæ йæ фæстиуджыты бастдзинад. (11 слайд)

Архайдтæ зæрдыл лæууын кæнынц. Архайды фæстиуджытæн аргъ дæттынц. Æрмæг систематизации кæнынц.

Къордтæй куыст

Алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын. Иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын. Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Хъусы. Æххуыс кæны.(12 - 13 слайдтæ)

Текстимæ кусынц. Сæ хъуыдыты растдзинадæн аргументтæ хæссынц.

Хибарæй куыст (индивидуалон куыст)

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

6. Хатдзæгтæ (3 мин)

Ныхасы рæзтыл куыстæй хатдзæг скæнын

Эпиграфы мидис райхалыны æххуыс кæны (14 слайд)

Этикон æмæ моралон хатдзæгтæ кæнынц урочы архайдтытæй

Хибарæй æмæ къордты куыст

Хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын. Моролон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын къордты кусгæйæ.

7. Урочы фæстиуджытæн аргъ скæнын. (4 мин)

Рефлекси

Æргом кæны, цæлхдур иуварс кæнгæйæ сæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырдзауты дзургæ дзуæппытæ

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

Бæрæггæнæнтæ

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ

Рефлекси

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

8. Хæдзармæ куыст (1 мин)

Хæдзармæ куыст

Дæтты хæдзармæ куыст, æмбарын кæны хæслæвæрдтæ

Чиныджы æрмæгмæ кæсынц

Чиныгимæ куыст

Регулятивон арæхстдзинæдтæ