Конспект урока по осетинской литературе "Дзесты Куыдзаг"

Разделы: Литература

Ключевые слова: осетинская литература


Нысан:

  1. Æрдзурын Дзесты Габрелы фырт Куыдзæджы царды хабæрттыл ахæм контексты: иу Ирæй иннæ Ирмæ…
  2. Фæндаг - цардаразæг, фæндаг - цардбæттæг.
  3. Фæндаджы нысан - кувæндон; кувæндон - уды сыгъдæг; уды сыгъдæг - адæймаджы сыгъдæг; адæймаджы сыгъдæг - царды сыгъдæг; царды сыгъдæг - Дунейы сыгъдæг…

Урочы пайдагонд цæуынц ИКТ, чиныг, музыкæ…

Урочы эпиграф:

«…адæймагæн йæхи цæсгом цы хæс æвæры йæ разы, уый та? Уыцы хæс куы нæ æххæст кæна, уæд ма цæй лæг у! Цæйнæфæлтау мæ цæсгом мæхи раз уа цæрæнбонтæм чъизи, фæлтау…» - аскъуыддзаг кодта Дзаххо.
Дзесты Куыдзæг.

Урочы цыд. Ахуыргæнæг «бонхорз» зæгъы. Райхъуыст зарæг Дойаты Мураты «Фæндаг» кæнæ Альберт Асадулины «Дорога без конца…»

«Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг!...» зæгъы Калоты Хазби хæсты быдыры уæвгæйæ… Куыд раст уыд уыцы æрыгон лæппу.

Фæндаг вæййы алы адæймагæн дæр йæхи. Уый йын æрхæссы кæнæ кад, кæнæ - æгад … Адæймаджы фæндаг ахоны рæстæджы дæрддзæфмæ. Мах æууæнкджынæй абалц кæнæм фæндагыл. Кæмæн цыбырдæр вæййы йæ фæндаг, кæмæн - даргъдæр…

Балцæн та йæ ном хуыйны…

Ахуырдзау: Æвæццæгæн уыцы фæндаг хуыйны цард.

Ахуыргæнæг: Балцы фæндаг - царды фæндаг. Цардвæндаг вæййы куыд иу адæймаджы, афтæ знæмты дæр. Гъе ахæм цардвæндагыл дзурæм абон нæ урочы. Уыцы «балц» та уыдзæн Иры æмæ йæ хъæбулты хуыздæртæй сæ иуы Дзесты Габрелы фырт Куыдзæджы царды дæнцæг.

Раныхас - развæд: цæуы видеорæнхъ Иры нывтимæ. Хъуысы Наниты Валойы «Бæрæгбоны Ирыстон»

Фæлæ уал мæ фæнды сымахæн рæстæг æмæ тыгъдады сæрты зæрдæйы хорзæх æрхæссын Цæгатæй, мæ райгуырæн хъæу Ногирæй.

Кæддæр историон æмæ царды æгъатыр уадтымыгътæ афтын кодтой мæ хъæуккæгты фыдæлты Хуссарæй Цæгатмæ. Фæхастой сæ хъысмæт райгуырæн уæзæгæй дыууынæм азты ссæдзæм æнусы лигъдæттæ. Гакъон - макъон хæххон фæндæгтыл зындзинæдтæ æвзаргæйæ фæцыдысты. Цы сыл дзурæм. Ссæдзæм æнус уыд лæгæвзарæн æнус. Хуссайрæгтæ æрбынат кодтой Терчы галиуварс. Паддзахы рæстæг дзы уыд æфсæддон пъалигон. Хонын сæ райдыдтой пъалигоны цæрджытæ. Æмæ 1928 аз цæрджытæ Ныхасмæ æрбамбырд сты: хъуамæ сæ хъæуæн ном раттой. Бирæ раныхас - баныхасы фæстæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: « Мах ныууагътам фæсхох нæ цард, нæ уæзæг, нæ Ир.. Ам ссардтам ног цард, ног уæзæг, ног Ир. Уым нын цы фарн уыд, уый ардæм немæ æрхастам. Уæдæ ма схонæм нæ хъæу Ногир. Ома нæ ног Ир.»

Уæдæй абонмæ нæ хъæу хуыйны Ногир. Уый цæры фыдæлты Хуссайраг Фарнæй.

Хъуысы клипимæ зарæг Ногирыл.

Тынг сæрыстыр стæм нæ хъæуæй канд нæ Олимпаг чемпионты тыххæй нæ, фæлæ нæ ахуыргæндтæй, нæ актёртæй, не ʹфсæддонтæй, нæ бирæ бирæ хæрзтæй, уымæн æмæ уыдон сты ирондзинад цы хонæм, ахæм хæрзиуджытæ.

Экраныл видеорæнхъ хæстон хабæрттимæ. «Дриаты Антъоны зарæг»

Тынг сæрыстыр стæм мах, Цæгатæгтæ, сымахæй, нæ Хуссайраг æфсымæртæ. Сымах кæдфæнды дæр нæ уæлхъус лæуд вæййут. Уæ ныфсæй нæ сныфсджын кæнут.

1992 аз. Уыцы бонты сымах уыдыстут уæларвæй æрцæуæг Нæртон Гуыппырсары хуызæн.

Тынг сæрыстыр стæм мах сымахæй, уымæн æмæ дыууæ боны лæууыдыстут æппæтдунеон агрессоры ныхмæ лæгæй лæгмæ. Æмæ уыдонæн сæ бон ницы бацис уæ ныхмæ, нæ уын фæтых уæ ныфс æмæ лæгдзинады хъаруйыл. Махæн та рæсугъддæр зæл нæ уыд, хæстон хæдтæхæг куы фæцæйтахт, уæд уымæй. Стæй Гæргиты Валерийы концерт уыцы бонты цы стыр ныфс бауагъта рыст зæрдæтæм. Уыцы бонты ма Пекины нæ хъæуккаг лæппу Таймæзты Артур схаста йæ рыст ирæн уæлахиз. Уый дзырдта, зæгъгæ, куыд сын бакомон абон сæттын. Худинаг у…

Беслæны хабæрттыл нæ дзурын. Уыдон нын нæ зæрдæты куыст иумæйагæй Хуссарæй Цæгатмæ фыр рыстæй ныллæууын кæнынц…

Транскамы нывтæ абон.

Мах æнгом баст стæм кæрæдзиуыл. Кæрæдзимæ тындзæм, кæрæдзи агурæм, кæрæдзимæ фæндæгтæ аразæм… Уымæн ирд æвдисæн Транскамы фæндаг. Куыд тынг нæ хъуыд, æмæ нын куыд тынг баххуыс кодта нæ историон - национ хиæмбарынады. Куы нæ нын уыдаид?! Ууыл мæ ахъуыды кæнын дæр нæ фæнды. Абон дæр ацы фæндаг у нæ Иумæйаг Иры экономикон, политикон иугæнæн фæрæз миддунеон æмæ материалон царды.

А хуыргæнæг: Фæндаджы тыххæй фыссы Дзесты Куыдзæг йæ уацау «Фæндагсар Уастырджи» - йы. Цал æмæ цал хатт уыд ацы фæндаг хæхты сæрты нæ ирвæзынгæнæг. Куыд тæссон уыд. Цас циндзинад æмæ цас хъыг хаста йемæ. Фæндагæн ис абарæн Куыдзæгæн йæхи цардимæ.

Ахуыргæнæг дих кæны скъоладзауты къордтыл. Сты æртæ къорды. Къордтæ дихгонд цæуынц кæнæ рæгъгай, кæнæ та кæй куыд фæнды, афтæ. Сæ нæмттæ ʹвзарынц сæхæдæг: намыс, æфсарм, кад, лæггад, цыт… Се ʹхсæн цæуы ерыс: чи хуыздæр бакусдзæн, сæ куыст цæмæ æрхондзæн… Хатдзæг кæнынц урочы кæрон.

Цæуы слайдшоу Куыдзæджы нывтимæ. Качини «Аве Мария»

Байхъусæм цавæр цардвæндаг уыд нæ фыссæгæн:

Ахуырдзау: Иры Хуссары, Едысы хъæуы, Мæсгуыты бæсты, Урстуалты 1905 аз цыппурсы
мæйы 12 бон Дзесты Габрелы хæдзары райгуырд лæппу. Фондз аз ыл куы сæххæст лæппуйыл, уæд йæ фыд амард. Джыккайты Даро, Куыдзæджы мад, иунæгæй хъомыл кодта йæ дыууæ сидзæры. Даро уыд хъаруджын æмæ куырыхон сылгоймаг. Уыдис ма ноджы дæсны аргъæуттæгæнæг æмæ хъарæггæнæг. Лæппуйы фыды фыд Хæлти та уыд тынг дзырддзæугæ æмæ зынгæ кадæггæнæг. Æвæццæгæн уыдонæй базыдта фидæны фыссæг аив дзырды ад.

Хъомыл кодта лаппу æцæг хæххон стыр бинонты ʹхсæн, уыдысты 30 адæймагæй. Сæ цард цыд, иннæтæн куыд цыд, афтæ. Растдæриддæр æй йæ «Æрдхæрæны лæвар» - ы куыд сныв кодта, афтæ. Фæлæ рæстæг дыгъон бæхау тæхы, цардивæнтæ кæны. Лидзинаг фесты сæ райгуырæн уæзæгæй Дзесты бинонтæ иннæ Хуссайраг лигъдæттимæ.

Даро йæ бинонтимæ æрцæрдзæн абоны Ногиры.

1922 аз та йын ногæй фадат фæзындзæн ахуырæн.

Ахуырдзау: 1926 - 1928 азты ахуыр кæндзæн Мæскуыйы журналистикæйы паддзахадон институты, фæлæ йæ каст нæ фæци. Уымæн æмæ 1928 аз ыл троцкизмы æндæвдæдæй фæгуырысхо сты æмæ йæ Чарджоумæ фæхастой.

1930 аз сыздæхдзæнис. Ногæй та йын фæзындзæн ахуыр кæнынæн фадат, сси Педагогон институты ирон æвзаг æмæ культурæйы хайады студент, стæй та аспирант.

1934 аз бацыди Фысджыты цæдисмæ, сси правленийы уæнг, æвзæрст æрцыдис Æппæтцæдисон фысджыты фыццаг съезды делегатæй. Кæны сфæлдыстадон куыст…

1936 аз 24 августы Куыдзæджы дыккаг хаст æрцахстой. Фондз азы фæбаддзæн ахæстоны,стæй йæ фæхæсдзысты Сыбырмæ. Ам цы стыр зындзинæдты сæрты рахиздзæн, уыдон ныффысдзæн йæ мысинæгты «Зæрдæйы ностæ» - йы.

1954 аз ссæрибар уыдзæн. Сыздæхдзæн Ирыстонмæ. Ам фæкусдзæн йæ амæлæты онг. Цардæй ахицæн 1981 аз.

Ахуыргæнæг: Куыд æнцонæй дзурæм: райгуырд, хъомыл кодта, ахуыр кодта, бадти, ссæрибар, фыста, царди… амард…

Ацы хус ныхæсты ис адæймагæн йæ царды дуне, уынынад, æмбарынад…

«…Адæймаджы, уæлдайдæр та ирон, фырнымд лæджы, ахæм уавæрмæ цы фæтк æртардта, уый, цымæ æлгъыстагæн нæ баззайдзæн æнустæм?..»

Ахæм риторикон фарст дæтты адзалæн «Зæрдæйы ностæ» - йы.

Куыд бавæра адæймаг йæ уд сыгъдæгæй, куыд æй бахъахъхъæна зæрдæхæлар æмæ фæлмæнæй… Æнæуынондзинад æм мурдæр ма фæхæцца уа…

Ацы царды актуалон фарстатæн дзуапп арæм Куыдзæгæн йæхи сфæлдыстады, уымæн æмæ Куыдзæг уыд Джыккайты Шамилы загъдау:

«…гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын…

Куыдзæджы намысон идейæтæ ноджы ирддæрæй зынынц йæ фæстаг уацау «Фæндагсар Уастырджи» - йы».

Скъоладзаутæ дзурынц уацауы мидис схемæмæ гæсгæ æмæ къордтæй куыд дих сты, уымæ гæсгæ:

Номарæн---Бæлццæттæ------Ныхас----Гæвдийы æгъдау-----Дзаххо æмæ
Дзитта-----Фæндагаразæг----Лæггад---Хуыцауы бузныг…

Ахуыргæнæг:

Архайд цæуы кæм?

- Æхсæйнаг хъæуы. Ам мА мах уыдыстæм куыдзæджы фæрцы: Гæбил дзы райста йæ «Æрдхæрæны лæвар». Ныр та сæмбæлд ацы хъæу Аладжыхъоты Дзаххо æмæ Дзиттайыл.

Ахуыргæнæг: Дзаххойы бакъахдзæф хъæуы дунемæ?

Ахуырдзау: - Уæздан æмæ æмбаргæ. Уый сæм Ныхасы хъусы, хатдзæгтæ кæны. Бамбæрста сын сæ уæздандзинад. Дыккаг хатт та йæм наджы хуыздæр фæкастысты:

«…Фыццаг фембæлдæй йæм ныр æгъдауджындæр æмæ æмбаргæдæр фæкастысты. Æфсармджын, хиулхæцгæ æмæ рæстылдзу адæм…»

Ахуыргæнæг:Дзаххо ныллæуыд цавæр куыстыл, цæмæн?

Ахуырдзау: - Сси фæндагаразæг, зæгъы: «…Æмæ æнæ фæндаг хъæу та цы у? Удæгас адæймаджы ингæныкуы нывæрай - раст уый хуызæн…»

Ахуыргæнæг: Адæмы ахаст Дзаххоитæм?

Ахуырдзау: - Адæм дзы сты тынг разы. Фæндагмæ афтæ кæсы, æмæ мА суанг бæхвæндаг дæр аразы. Уынынц сын сæ æнæкæрон уæздан ахаст цардмæ.

Ныр мæнæ æрцыд мызд исын афон. Уый цыбыркъух адæмæй нæ исы мызд.

Ахуыргæнæг: Æмæ йæ æнæнхъæлæджы цард цæуыл сахуыр кодта?

Ахуырдзаутæ æвдисынц:

- Мæ хæдзары рæзты цæмæн ахызтæ?

- Мæ арæзт фæндагыл хор хæссынмæ нæ, фæлæ фистæгæй дæр никуы ацыдтæ, æмæ дæ куыд райстаин мызд!

- Æхсæны кæнд цы хæдзар нал фæкæны, уый хæдзарыл нымад нал вæййы, æмæ æз та нырма хæдзар дæн!..

- Куыд кадылмард сты амы адæм лæгæй, усæй!йæ цæрæнбон бирæ уæд, зонд мын бацамыдта. Абонæй фæстæмæ искæмæн хæрзиуæг ракæнын куы уа мæ зæрды, уæд - иу раздæр ахъуыды кæндзынæн уавæрыл: дæ хæрзиуæг уыцы адæймагæн йæ ном, йæ кад æмæ йæ кой истæмæй къæмдзæстыг кæнынц æви нæ…

Ахуыргæнæг: Адæм кæрæдзийæн нымдгæнгæ, кæрææдзийы царды скъолайыл цæуын кодтой. Уыцы скъола та уыд егъау Университет…

Уæззау царды ацы адæм уæззаудæр уавæртæй нæ тарстысты, æмæ уды рæсугъд фæндагыл афтæмæй уæлдæр къæпхæнтæм хызтысты.

Фыццаг зымæджы фæстæ Дзаххо сфæнд кодта Хъæлæсау коммæ ацæуын, бынат ссарын æмæ фæндагмæ æввахсдæр æрцæрын. Зымæгон фæндагыл афтæ æдасдæр уыдзæн фæндаггонтæн. Дзиттайы нæ фæнды æмæ йын Дзаххо диссаджы ныхас загъта…

Ахуырдзау: - Ард дын хæрын, неʹфсин, адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ, фæлæ хохы цъуппыл куы цæра, уæддæр иунæг никæд уыдзæн. Мæгуыр уый у, æмæ бирæ адæмы æхсæн дæр иунæг чи вæййы…

Ахургæнæг: Куыд райхалæн ис ацы ныхæстæн?

Ахуырдзау:

- Куыд ирон царды æцæгдзинад, ирон царды æвдисæнтæ.

Ахуыргæнæг:

Адæймаг цард æхсæнадæн, æхсæнад та - адæймагæн

Адæймаг ------ æхсæнад ------- адæймаг…

Ацы «схемæмæ» гæсгæ цард арæзт уыд Иры стæй Кавказы иумæйагæй. Уымæн ис æвдисæнтæ: зиуæй Дзаххоитæн хæдзар арæзт æрцыд; зиуæй кастысты фæкæсинаг хæдзармæ; фæдисы цæуынц иумæ; сæ хъыг, сæ цин адæмæн уыд иу…

Хæдзары сæйраг миниуæг цæй мидæг уыд? Уыцы миниуæг цæмæй бæрæг кæны?

Ахуырдзау: Йæ хæдзары ис æрмæст иу рудзынг. Уый дардмæ рухс дæтты, уымæн æмæ арæзт у фæндагмæ. Хъæлæсау комы уыд маячы хуызæн: фæндагамонæг, ирвæзынгæнæг, рæдау…

Ахуыргæнæг: Алы хæдзар дæр хъуамæ уа ахæм йæ цæрджытæн… Мигъ бон куыдзы рæйд æмæ уасæджы уаст цардамонæг уынæр куыд уыдысты, адæймаджы хæдзары уынæр дæр хъуамæ ахæм уа.

Фыййæуттæ æмæ цуанонтæн уыд бынтон стыр æххуыс. Фæлæ иу ахæмы йын фæзынд ног сыхæгтæ…

Ахуырдзау: Уыцы ног сыхæгтæ сты геологтæ. Уыдон сты æндæр царды æвдисæнтæ. Уыцы цард кæмдæр цæуы, мах ын уынæм афтид йæ кой, фæлæ нæм фыццаг хатт фæзындысты æцæгдзинады. Дзаххойы дунеуынынад кæны бирæ уæрæхдæр. Дзиттаимæ бирæ ногдзинæдтæ базыдтой, фæлæ сæхæдæг дæр уазджытæн сты цымыдис. Сæ лæггадæн та аргъ нæ арынц.

Ахуыргæнæг: Цавæр диссаджы хъуыды зæгъы геологты хистæр Дзаххойы тыххæй?

Ахуырдзау: Никъала Иванофф, индзылер зæгъы:

- Дзаххо у, цивилизаци æмæ горæты сæудæджеры зыд кæй зондахастмæ нæ бахæццæ сты, ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ зондджын адæймаг…

Ахуыргæнæг: Уый афтæ у: Дзаххойы хуызæттæ рæзынц, афтиддæр традицион ахаст цы æхсæнады ис, уым. Афтыддæр сыгъдæг æмæ æнæхин ахаст хъомыл кæны ахæм адæймаджы. Буржуазон ахаст кæм ис, уым «Дзаххоитæн» - стыр хъыгагæн - бынат нæй.

Индзылер ма иу хъуыды зæгъы сæ царды тыххæй…

Ахуырдзау: Никъала дис кæны адоны цардыл. Цы сæ æртардта ардæм. Ам сæ цы цæрын кæны. Йæхæдæг Сыбыр æмæ амы ʹхсæн равзарид Сыбыр, фæлæ Дзаххо йын дзуапп дæтты:

- Лæг адæмы кæм хъæуа, уым куы архайа æмæ куы цæра, уæд мА йæ цы хуыздæр хъæуы…

Каст цæуы Джыккайты Шамилы «Цæуын сындæг сæрыстырæй зæххыл»

Цæуын сындæг сæрыстырæй зæххыл.
Кæсын æнцад нæ дунемæ æвронгæй,
Æнæмæт бон нæ ацыди мæныл,
Нæ райстон цардæй мисхал дæр æввонгæй.
Æз амондджын дæн: уарзт æмæ куыстæй
Мæхæдæг рухсыл амайын мæ амонд,
Цы кæнын, - уый æхцон æмæ рæстæй,
Цы кусын, - уый нæ фидæны сæраппон.
1980 азы 25 февраль

Ахæм у Джыккайты Шамилы, Куыдзæджы æмæ Дзаххойы царды бындур, йæ уынынад.

Дзаххо къæвда уа, мит уа, хур… фæндагыл æмæ фæндаггоныл узæлы. Йæ мæт у адæймаг.

Иу ахæмы уалдзæджы къæсæрыл райсомæй уыд ирд, фæлæ фæссихор схъызыд, æмæ Дзаххо йæхицæн бынат нæ ары, цæуы фæндагмæ, æфцæгмæ

Ахуырдзау: - Цы дзы у уый аххос? Бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, сæ размæ - иу цу, зæгъгæ, ахæм хæс никæдма райста йæхимæ, стæй йын æй æвæргæ дæр ничи кодта…

О, уый бæргæ раст у, фæлæ адæймагæн йæхи цæсгом цы хæс æвæры йæ разы, уый та? Уыцы хæс куы нæ æххæст кæна, уæд ма цæй лæг у! «Цæйнæфæлтау мæ цæсгом мæхи раз чъизи уа цæрæнбонтæм, фæлтау…» - аскъуыддзаг кодта Дзаххо.

Ахуыргæнæг: О, уыцы хæс. Æнæ «хæс» цæрæн нæй. Алчи нæ йæ хæс куы æххæст кæнид, уæд цард куыд сыгъдæг уаид.

Дзаххо йæ хæс куыд æххæст кæны?

Ахуырдзау: Ацыд Дзаххо тымыгъы æфцæгмæ æмæ фервæзын кодта фондз лæджы.

Уыдон фæдзæгъæл сты, фæндаг нал уыдтой тымыгъы æмæ дз аиуварс сты.

Ахуыргæнæг: Кæй хуызæн сæм фæкаст Дзаххо?

Ахуырдзау: - Дзаххо сæм фæкаст Уастырджийы хуызæн:

… Æфцæджы сæрмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ дымгæ фæсабырдæр. Æмæ уалынмæ адæймаджы æнуд цъæхахст:

- Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!

- Мæнæ! Мæнæ! - зæгъгæ, ныхъхъæр кодта Дзаххо, цас йæ бон уыд, уый бæрц. Фырцинæй йæ хъуыдыйы нал æрцыд, уыцы бæлццон Уастырджимæ кæй хъæр кæны, уый дæр æмæ атындзыдта хъæр æм кæцæй фехъуыст уыцырдæм…

Стæй бæлццæтты хистæр зæгъы:

- …Къæмбыры сæрæй дæлæмæ куы ʹркастæ, уæд … хæсгæмард фон, кæд мæнг зæгъын… уæд нæм кæд æцæг Уастырджийы хуызæн нæ фæкастæ…

Ахуыргæнæг: Куыд диссаг у ирон адæймаг, нæ бардуæгтæ дæр немæ цæрынц… Æмæ кæд, мыййаг, афтæ уыд. Адæймаг йæхи дардта бардуаджы хуызæн, æмæ адæймаджы хæрзиуæг сси стæй уæларвон.

Дзаххо æмæ Дзитта сты тынг сыгъдæг адæм. Сæ алыварс дæр цæры сæхи хуызæн адæм, æрмæст ахæм уавæрты свæййы адæймаг уæларв цæрæджы хуызæн. Хуыцау дæр нæ бафæстиад уыдзæн йæ бузныгимæ адæймагмæ. Дзаххоитæн цæм уыдис Хуыцауы бузныг?

Ахуырдзау: - Ацы дыууæ адæймаджы æнцой нæ зыдтой адæмæн лæггадæй, ууыл ахуыр уыдысты. Иу ахæмы та Дзаххо ацыд фæндаггоны размæ… Æркодта йæ дзиттаимæ. Æмæ уый кæд разынд сæ иунæг. Царды стыр цин сæмбæлд ныййарджытыл æмæ хъæбулыл. Уыцы цин та у Хуыцауы бузныг. Ныр, афтиддæр ныр базонæм Кадаты бинонты хабар.

Ахуырдзау: … цардысты Дыгуры хохы. Цардысты Цæгат Иры арæнæй Кæсæджы арæны ʹхсæн. Сæ фыдæлтæ раджы кæддæр залгъæдгоймаг уыдысты, фæлæ сын хуымзæхх кæй нал фаг кодта, уый фæдыл ралыгъдысты быдырмæ. Уым дæр сын йæ зæхх чи хъуамæ раттаид, фæлæ - иу баххуырстой хуымгæнды зæхх Кæсæджы æлдæрттæй æмæ афтæмæй цардысты… Дзамболат йæ цæдисон æмбалимæ сæ тæккæ хуымгæндыл куы уыдысты, афтæ, зæхх кæмæй балхæдтой, уыцы æлдар йæ фæсдзæуинтимæ æмæ йæ уазджытимæ уым æрбалæууыд… Махонты фарсмæ хуым кодтой хохаг кæсгæттæ… фæуагътой сæ куыст æмæ æзфæраздæронæй згъорынц æлдæрттæм æмæ сæхи андадзынц сæ саргъты æгъдæнцæйттыл. Ахæм æгъдау сæм уыд: сау адæмæй исчи куы ауынæ æрбацæуæг æлдары, уæд хъуамæ батындза æмæ йын фæхæца йæ саргъы æгъдæнцойыл, балæггад ын кæна. Бæхыл бадынмæ куы хъава, уæд дæр та афтæ. Махмæ та уыцы æгъдау ахæм хуызы уыд: кæстæр лæппутæ - иу балæггад кодтой хистæр уазджытæн, сæхи æмхуызон хуымæтæджы адæймæгтæй кад кæмæн кодтой, уыдонæн.

Ахуырдзау: Афтæмæй Дзамболатитæм æлдарæн кад кæнын хъæуы, уый сæ сæрмæ дæр не ʹрцыд. Æлдар йæ уазджыты цæстмæ дзæхс - дзæхст ралæууыд Дзамболатыл æмæ йе ʹмбалыл. Дзамболат æлдарæн нæ ныббæрста æмæ йæ амардта. Уый адыл лидзинаг фæцис, стæй ахст, стæй Сыбыр, стæй Фыццаг Дунеон хæст, стæй революции, мидхæст… æмæ ныр ссыд йæ ныййарджыты агурæг.

Дзаххо æмæ Дзитта та æхсæвыгон хауæггаг фесты сæ уæзæгæй. Сæ иунæджы тыххæй ницы зыдтой

Ахуыргæнæг: Дзамболат ахæм хъизæмæрттæ цæмæн æвзæрста?

Ахуырдзау: - Дзамболат у æцæг ирон лæг. Уый йæхиуыл цæф нæ уадзы. Йæ адæймаджы дуне искæй къæхты бынмæ не ʹппары. Йæ сæрибардзинады тыххæй мæрдтæм цæуыныл дæр разы у.

Ахуыргæнæг: Сæрибардзинад, хæдбардзинад уарзын, афтæ цæрын æй чи сахуыр кодта уыцы къуындæг æмæ кадавар царды?

Ахуырдзау: - Афтæ йæ сахуыр кодтой йæ ныййарджытæ æмæ, цы адæмæй уыд, уыдон.

Ахуыргæнæг: Цы уыд Дзаххо æмæ Дзиттайæн сæйрагдæр царды?

Ахуырдзау: - Сæйрагдæр сын уыд адæмæн лæггад кæнын. Æмæ сæ уый тыххæй дæр адæм уарзтой.

Ахуыргæнæг:

Адæмы уарзт - Хуыцауы уарз.

Адæмы бузныгад - Хуыцауы бузныгад.

Сæ иунæджы дæр сын фæстæмæ радта?

Ахуырдзау: - Хуыцауы бузныг!

Ахуыргæнæг: Дзаххойы ахуыры куы нæ уыдаид, æхсæв уа, бон уа, фæндаггонæн лæггад кæнын, уæд сæ иунæг уыцы ʹхсæвныссалдаид сæхи къæсæрыл. Уый Дзамболаты йæ ныййарджыты фарн фервæзын кодта. Уыцы фарн уыд, Дзаххо йæ цæсгомы раз цы хæс æрæвæрдта, уый
… адæймагæн йæхи цæсгом цы хæс æвæры йæ разы, уый та? Уыцы хæс куы нæ æххæст кæна, уæд мА цæй лæг у! Цæйнæфæлтау мæ цæсгом мæхи раз уа цæрæнбонтæм чъизи, … Ахæм сыгъдæг цардвæндагыл цыдысты цæрæнбонты Дзаххо æмæ Дзитта.

Цас фæндæгтæ уыд йæ разы Дзаххойæн, уый равзæрста уыцы иу - йæхицæн раст фæндаг.

Мах дæр хъуамæ æвзарæм нæхи фæндæгтæ, уымæн æмæ мин фæндаджы цардмæ хонынц, иу фæндаг - мæрдтæм. Стæй ма раздæр дзырдтой: фæндаг хъуамæ хона кувæндонмæ. Цы фæндаг кувæндонмæ нæ кæны, уый царддæттæг нæу.

Сымах дих уыдыстут къордтыл, уыдис уын сæрмагонд нæмттæ уæ къордтæн. Уæ абоны куыст уæ цæмæ æркодта уый фендзыстæм, мæнæ уæхицæн царвæндæгтæ куы равзарат, æмæ сæ мæнæ ацы æхгæд гæххæтмæ фæйнæгыл куы бакæнат, уæд.

Ахуыргæнæг уары цæттæгонд дæргъæццон гæххæттытæ. Скъоладзаутæ фыссынц сæ æвзæрст цардвæндæгтæ æмæ сæ æндадзынц фæйнæгыл. Фæйнæгыл æндæгъд цæуынц сæ къордты нæмттæ дæр.

Ахуыргæнæг байгом кодта ныв. Куыд рабæрæг, афтæмæй æппæт «фæндæгтæ» æркодтой кувæндонмæ.

Ахуыргæнæг: Не ʹппæт «фæндæгтæ» дæр нæ æркодтой Дзесты Куыдзæгæн йæхи уды сыгъдæгдзинады кувæндонмæ. Ацы кувæндон та, йæ этикон ирд фæзынд æмæ фæзилæнтимæ, æвдыст æрцыд уацау

Ахуырдзаутæ: Æвдыст æрцыд уацау «Фæндагсар Устырджи» - йы.

Хъуысы Уататы Бибойы ракуывд «Уастырджийы зарæг».

Приложение