Конспект урока по осетинской литературе "Хъамбердиаты Мысост"

Разделы: Литература

Ключевые слова: осетинская литература


УРОЧЫ НЫСАН:

  1. Базонгæ кæнын скъоладзауты зынгзæрдæ поэт Хъамбердиаты Мысостимæ.
  2. Æрдзурын æмдзæвгæты лирикон ахастыл, поэты патриотон æнкъарæнтыл.
  3. Цыбырæй базонгæ кæнын скъоладзауты академик, публицист, æхсæнадон архайæг А.В.Луначарскиимæ.
  4. Ахуырдзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад поэзимæ.

ЦÆСТУЫНГÆ ÆРМÆГ: Хъамбердиаты Мысосты портрет, йæ уацмысты æмбырдгæндтæ, презентаци.

Фӕйнӕгыл:

«Мысост уыд ирон литературæйы сæууон стъалы…
Йæ зæлланггæнаг æмдзæвгæтæй фæсивæды
Зæрдæтæм бахаста цин æмæ рухс»
/ Ардасенты Хадзыбатыр /

УРОЧЫ ЦЫД

1. Орг. хай.

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

2. Ног æрмæг. Хъамбердиаты Мысост. Æмдзæвгæтæ «Æхсæвæддæ», «Чызгимæ ныхас».

ХÆС: Рафыссын кæнын литературæйы тетрæдтæм урочы эпигрæф.

3. АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС.

«Сæууон стъалы, арвы ферттывд Бонвæрнон, аивады хæрдгæ хæлттæй быд», - ацы эпитеттæ иууылдæр загъд æрцыдысты Хъамбердиаты Мысосты

тыххæй, зæгъгæ та сæ кодтой ирон æмæ уырыссаг литературæйы зындгонддæр фысджытæ æмæ литературæ иртасджытæ.

Æмæ куыннæ,
«Ирон поэттæй советон дуджы æппæты номдзыддæр уыдис Хъамбердиаты Мысост. Æвзонг поэт литературæмæ æрбацыд ныфсджын æмæ барджынæй, сæудары Бонвæрнон куыд фæзыны, афтæ».
/Джыккайты Шамил /

Бонвæрнон - сæууон стъалы йæ уымæн хоны Шамил, æмæ уыцы стъалыйау хæрз цыбыр уыди йæ цард - дыууæ æмæ сæдз азы! Адæймаг уыцы кары хуызæнæн дæр нæма бамбары, царды нысан цы у, уый дæр. Мысост та сси æмæ баззади «номдзыд», «курдиатджын» поэтæй, «Ирыстонæн йæ райсоммæ кувæг, йæ цин æмæ йæ уалдзæджы зарæггæнæг».

ПРЕЗЕНТАЦИ ÆВДИСЫН

Хъамбердиаты Мысост райгуырди Кæрдзыныхъæуы 1909 азы 27майы. Йæ фыд Бимболат куыстагур афтыд Донбассмæ æмæ акодта уырдæм йæ бинонты дæр, фæлæ дзы бирæ нæ фесты.1915 азы фæстæмæ æрыздæхтысты Кæрдзыныхъæумæ æмæ Мысост бацыд хъæууон скъоламæ. Фыццаг кълас каст куы фæци, уæд ацыди Мæздæгмæ сæ хæстæджытæм. Ам æй айстой реалон училищейы цæттæгæнæн къласмæ, фæлæ фыццаг къласмæ бацыд Налцыккы. Ахуыр кодта тынг хорз, гъе æрмæст æнæ йæ бинонтæ йæ бон нæ уыд цæрын æмæ афæдзы фæстæ æрбаздæхт сæхимæ. Уæд æй йæ фыд радта Æрыдоны скъоламæ.

Бимболат куыстагур архау-бахау кодта, кæд мæ цоты ахуырмæ раттин, зæгъгæ.

1923 азы Хъамбердиаты алыгъдысты Горячеводскмæ. Ам мысост бацыд фæскомцæдисы рæнхъытæм. Æвзонг лæппу æнувыдæй куыста фæсивæдимæ районы сывæллæтты бюройы сæргълæууæгæй.

Уыцы заман фыццаг хатт мыхуыры фæзындысты йе 'мдзæвгæтæ.

1924 азы Мысост æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Куыста газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Власть труда»-йы (ныры «Северная Осетия»). Ацы газеты фæрстыл фæзындысты йе 'мдзæвгæтæ иронау æмæ уырыссагау.

1927 азы рацыд йе 'мдзæвгæты æмбырдгонд «УАДЫНДЗ». Ам сæрттывта Мысосты поэтикон дæсныйад: айстой йæ Фысджыты цæдисмæ, уырдыгæй та йæ арвыстой Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ Луначарскийы номыл аивæдты рабфакмæ.

ФАРСТ: Чи уæ фехъуыста А.В.Луначарскийы кой?

-- Анатолий Василийы фырт Луначарский уыди фыссæг, критик, академик. 1917 азы уыд адæмон ахуырады комиссар. Стыр æвæрæн бахаста адæмон ахуырады системæйы рацарæзтмæ. Ныффыста бирæ куыстытæ истори æмæ культурæйы проблемæтыл, у цалдæр пьесæйы æмæ литературон - критикон уацты автор.

Уымæй уæлдай Луначарский уыд зындгонд революционер.

Мысост рабфак каст куы фæци, уæд æрыздæхт фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта «Власть труда»-йы культурæйы хайады сæргълæууæгæй.

Сабийæ фæстæмæ Мысост рахау-бахау фæкодта ахуыр, куыст æмæ къæбæры фæдыл. Фыдцæрдтыты бæллæхæй райста уæззау низ. Фæлæ уыцы рæстæг дæр йæхимæ хæстæг нæ уагъта хъыг æмæ катай.Курдиатджын адæймаг цин дæр æмæ рыст дæр арфдæр æнкъары. Мысост йæ уарзон чызгмæ цы фыстæджытæ фыссы, уым мах уынæм фæлмæн æмæ сæрыстыр адæймаджы: «Мæн нæ фæнды, мæ номимæ дунейыл æрхуым зæлтæ хъуысой, уый…»

Мысост уыди лирикон поэт, - куыст, æрдз æмæ уарзондзинады поэт. Уый зæрдæйæ арф æнкъардта æрдзы фидауц, уыдта дзы сыгъдæг поэзи, æрдз æмæ йын цард лæвæрдтой диссаджы тæлмæнтæ æмæ сæ йæ алæмæты курдиат фестын кæны поэтикон нывтæ.

Ирон пейзажон лирикæйы рæсугъд дидинæгау бæрæг дары æмдзæвгæ «ÆХСÆВÆДДÆ». Нæ цæстыты раз слæууы сæрдыгон æхсæв, зонгæ æмæ æнæзонгæ дуне, йæ нывтæ стъалыты æрттывдау тыбар - тыбур кæнынц сусæг фидауцæй. Нывтæй æвзæры æхсызгон мысинæгтæ. Дуне у аргъæутты дзæнæтон бæстæ, нывтæй иуæй иннæ рæсугъддæр. Алæмæты

хсæв цæуы йæ сау бæхыл, «конд у тарæй, йæ цæст - стъалы». Арвы æрдынæг - сау арынг, фæлæ йæ тыгъд æмæ йæ бын- рухсы хæтæнтæ.
Поэтæн æрдзы фæзындтæй алцыдæр у цардæгас æмæ хайджын у удгоймаджы æууæлтæй. «Ныррызти хъамыл мæйдары цинтæй», - уый уды змæлд у. «Мæй æрхуы кæфойæ бæстыл зынг гага тауы». Уацмысы кульминацийы баиу вæййынц арв æмæ зæхх:

Фæткъуы бæласæй
Афон куыд калы -
Ныцъцъыллинг ласы
Фыдуаг стъалы.

Æмдзæвгæйы ис тæлывæрд композици: фыццаг строфа фæлхатгонд цæуы финалы. Иу у æгæрон дуне - зæххæй, арвæй, йæ астæу та адæймаг, æрдз фидауц æмæ амондæн кæй сфæлыста, уый.

Æмдзæвгæ бакæсын æмæ йæ равзарын. Зын æмбарæн бынæттæ бамбарын кæнын.

Цыбырæй æрдзурын æмдзæвгæ «ЧЫЗГИМÆ НЫХАС»- ыл.

АХУЫРГÆНÆДЖЫ РАНЫХАС.

Мысост уыди патриотизмы зарæгæнæг. Поэт уыцы æмбарынады æвæрдта социаон æмæ этикон мидис: зынаргъ ын уыдысты фæллойгæнæг адæм æмæсæрибар райгуырæн бæстæ.

«ЧЫЗГИМÆ НЫХАС» дæр у патриотизмы зарæг.

Лæппу æфсадмæ цæуы разæнгардæй. Уый æмбары мад дæр æмæ йæ хъæбулы зæрдæрухсæй фæндараст кæны. Йæ уарзон чызгмæ та дзуры, цæмæй йыл ма кæна мæт, уымæн æмæ кады фæндагыл цæуы, йæ уарзондзинад æй бахиздзæн зынтæй, æмæ исты фыдæвзарæны куы бахауа, уæд ын йæ уарзт ногæй царды тæф уадздзæн йæ риуы.Ам Мысост патриотизмы темæ срухс кодта уарзондзинады æнкъарæнтæй, æмæ уацмыс байдзаг лиризмы хъармæй.

Бакæсын æмдзæвгæ «Чызгимæ ныхас».

Литературæйы теори. ПЕЙЗАЖОН ЛИРИКÆЙЫ тыххæй æмбарынад.

Бакæсын æмæ равзарын чиныджы æрмæг. Æрхæссын дæнцæгтæ.

ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ. Сахуыр кæнын «ЧЫЗГИМÆ НЫХАС» зæрдывæрдæй.

БÆРÆГГÆНÆНТÆ

ЧЫЗГИМÆ НЫХАС

Æз цæуын нæ тохы 'фсадмæ,
Циу, цы у фæсмон?
Бæхæй адзырдтон мæ мадмæ:
«Цæй, æна, хæрзбон!»
Акса, хъæлдзæгæй мæм дзуры:
«Хæстамонд дæ уæд!»
Хъус-ма, чызг, дæуæй та курын:
Ма мыл-иу кæн мæт…
Йе та арæвдз кæн дæ фæндаг
Æмæ мемæ цом.
Ацы заманты нæуæндаг
Не скæндзæн цæсгом.
Чызг, цыбыр - хæстоны бонтæ,
Цардæн нæй бæрæг.
Искуы-иу нæмыджы сонтæй
Афæлдæхы лæг.
Æмæ уæлбæхæй куы 'ртулон
Æз, куыд тулы дур,
Тугæй риу куы 'рбауа хъулон -
Мæ фæтæрс, мæ хур!
МА дæ-иу фæкæнæд сурау
Туджы сау тæдзæн.
Зон, дæ уынд мæ цæфæн хурау
Царды хос уыдзæн.
Зон, мæ удæн нæй æрмынæг,
Фестдзынæн дæм рог,
Æмæ царды тæф, уырны мæ,
Риуы хиздзæн ног.

ЧЫЗГИМÆ НЫХАС

Æз цæуын нæ тохы 'фсадмæ,
Циу, цы у фæсмон?
Бæхæй адзырдтон мæ мадмæ:
«Цæй, æна, хæрзбон!»
Акса, хъæлдзæгæй мæм дзуры:
«Хæстамонд дæ уæд!»
Хъус-ма, чызг, дæуæй та курын:
Ма мыл-иу кæн мæт…
Йе та арæвдз кæн дæ фæндаг
Æмæ мемæ цом.
Ацы заманты нæуæндаг
Не скæндзæн цæсгом.
Чызг, цыбыр - хæстоны бонтæ,
Цардæн нæй бæрæг.
Искуы-иу нæмыджы сонтæй
Афæлдæхы лæг.
Æмæ уæлбæхæй куы 'ртулон
Æз, куыд тулы дур,
Тугæй риу куы 'рбауа хъулон -
Мæ фæтæрс, мæ хур!
МА дæ-иу фæкæнæд сурау
Туджы сау тæдзæн.
Зон, дæ уынд мæ цæфæн хурау
Царды хос уыдзæн.
Зон, мæ удæн нæй æрмынæг,
Фестдзынæн дæм рог,
Æмæ царды тæф, уырны мæ,
Риуы хиздзæн ног.