Темæ: “Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы”

Разделы: Литература, Общепедагогические технологии, Конкурс «Презентация к уроку»


Презентация к уроку

Загрузить презентацию (2 МБ)


Нысан:

  • Бæстондæр æрлæууын æмæ бакусын Азауы фæлгонцыл, раргом кæнын сæйраг хъайтары трагикон хъысмæты аххосæгтæ, йæ миддуне
  • Ахуыр кæнын скъоладзауты сыгъдæг зæрдæйæ æнкъарæнтæн аргъ кæныныл, сæрибар, кад æмæ намыс хъахъхъæныныл, ивгъцыд цард абоны цардимæ абарын.
  • Ныхасы рæзтыл бакусын.

Эпиграф урокмæ.

Зæгъон ныр хъуамæ барджыны ныхæстæ
Уæ номæй дæр уæ куырм æгъдæуттæн æз.
Зæгъон ныр хъуамæ, амонд æмæ уарзтæн
Кæй ныййардта ирон чызджы дæр срдз
(Хостыхъоты Зинæ)

Урочы цыд

1. Хъуысы сабыр æнкъард мелоди, дзуры скъоладзау зæронд усы дарæсы.

(Æз уæм æрцыдтæн ивгъуыд æнустæй,
Мæ уд дзынæзта, мин азы куыдта…
Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн…
(æнкъардæй бандоныл æрбады)

2. Съоладзау лæууы йæ разы æмæ дзуры Гæдиаты Ц. æмдзæвгæ «Сылгоймаг».

Йæ фæлурс уадултыл йæ цæссыг æрцæуы:
Уый рагон цæссыг у, æнусон цæссыг
Сылгоймаджы хъарæг кæй зæрдыл нæ лæууы,
Кæй цæстыл нæ уыйы сылгоймаджы хъыг?
Æхгæд у сылгоймаджы фæндаг, хæрзæхгæд
Хъыгдард у, ыссæст у, йæхæдæг фыдæфхæрд.
Кæд уыдзæн сылгоймаджы рухсыдуг, кæд?
Фæллойгæнсг усæй, фæллой гæнæг чызгæй -
Æппæтдæр æнæскаст: бæрæг у сæ зын
Цæй, равдисут абон уæ фæндтæ ныфсджынæй,
Цæй равдисут абон æфхæрды бæллын.

Ах-æг: Уæдæ цæй Гæдиаты Цомахъы курдиат «Равдисут æфхæрды бæллын» сæххæст кæнæм æмæ нæ абоны урочы бæлвырдæр æрлæууæм ирон аыв дзырды дæсны, курдиатджын фыссæг Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-мæ гæскæ Азауы фæлгонцыл.

Ацы урочы нæ хæс у, раргом кæнын сыгъдæгзæрдæ, йæ миддуне хъæздыг, фæлæ цардæй æфхæрд, æбср сылгоймаджы хъысмæт, абарæм сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимæ.

Дзырдуатон куыст

Символ - нысан. Ам «сау калм» æнамонддзинады нысан.

Концепци - авторы хъуыды царды фæзындты тыххæй.

Равзарæм уæдæ Секъайы уацмыс æмæ бамбарæм, куыд æвдисы фыссæг сылгоймаджы хъысмæт.

Иу скъоладзау нæ базонгæ кæндзæн Секъайы царды хабæрттимæ /чысыл презентаци/.

Ахуыргæнæг.

Уацмыс «Азау» цавæр литературон жанрмæ хауы?

- У радзырд, литературон таурæгъ.

Секъа йæ уацмысты сюжеттæ цæй бындурыл арæзта?

- Йæ радзырдты сюжеттæ фыссæг амадта æхсæнадон царды цауты бындурыл, пацда кодта истоион таурæгътæй, æцæг хабæрттæй, æмбисæндтæй.

Цы у таурæгъ, йæ сæйраг миниуджытæ цавæртæ сты?

- Таурæгъгæнæг радзуры ахæм хабар, царды æцæг чи æрцыд, йæхæдæг кæй федта, кæнæ кæй фехъуыста, чи йæ федта, уыдонæй. Æцæг хабар, дам, уыдисТаймураз æмæ Азауы уарзондзинад дæр. Уымæн æвдисæнæн сæ ингæныл Ганисы хъæуы сæрмæ, уæлмæрды астæу лæууы стыр сывылдз бæлас /равлисын слайд/.

- Секъайы таурæгътæ куы кæсай,уæд дæм афтæ кæсы,цыма фыст ныхæстæ нæ кæсыс,фæлæ демæ чидæр ныхас кæнч æмæ йын хъусыс йæ фæлмæн, фæлæ барджын ныхас.

- Таурæгъгæнæг æрмæст хабæрттæ дзурæг нæу,фæлæ ма у дуджы, адæмы, хабæртты тæрхонгæнгæнæг дæр. Секъа дзы кæмæн йæ хорзы кой ракæны, кæй та æгъатырæй бафхæры.

Секъайы таурæгъты хъайтартæ самайынц хъæбатыр тох царды æнæраст хъуыддæгты ныхмæ.Хъæбатырæй мæлгæ дæр акæнынц.

- Таурæгъы цаутæ кæрæдзийы ивынц æмæ уацмыс асæй чысыл, фæлæ хабæрттæй та хъæздыг вæййы.

- Секъа йæ таурæгъты цы адæмы кой фæкæны, уыдонæн сæ царды фæндаг равдисы кæронмæ ,мæлæты бонмæ.

Сылгоймаг уæлдай ссæст æмæ æбар кæм уыд, йæ тыхст, маст æмæ хъизæмæрттæ кæм цсуынц, Секъайы уыцы радзырдтæй ма цавæртæ зонут?

- «Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Дыса», «Саударæг ус», «Хо æмæ æфсымæр», «Садуллæ æмæ Манидзæ».

Ах-æг. Æрлæууæм уæдæ таурæгъ «Азау»-ы сюжетыл æмсæ йæ цыбырæй радзурæм /скъоладзаутæ дзурынц сюжет/.

Ах-æг. Уацмысы сюжетæй бæрæг у, цы цæстæй кæсы автор патриархалон дунемæ æмæ уый у царды концепци.

Мулк, исбон аивтой адæмы психологи, сæ зондахаст. Намыс æмæ рæстдзинадыл фæтых мулкмæ бæллын. Хъыгагæн абон дæр бирæтæ кæсынц æрмæстдæр хъæздыгдзинадмæ æмæ иуæй-иуты фæфæнды, цæмæй сæ чызг хъæздыг мой скæна, кæнæ сæхæдæг дæр хъæздыг хæдзары чызг ракурой, тырнынц мулкмæ, исбонмæ, стыр галуантæм. Фæлæ, æвæццæгæн, хъæздыгдзинад сæйрагдæр нæу, æппæты фыццаг хъуамæ уай адæймаг, Абон бирæтæ æхцайы тыххæй сæ сæрмæ цыфснды æгаддзинад æрхæсдзысты.фæлæ æгадæй цæрыны бæсты адæймаг æппындæр куы нæ уа, уæд хуыздæр у. Уымæн загътой нарты куырыхонтæ: «Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у». Æмæ мæн уырны, сымах дæр æгаддзинад уæ сæрмæ кæй никуы æрхæсдзыстут, фæлæ тырндзыстут кадджын уæвынмæ, хорздзинад саразынмæ.

Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут,чи сты таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ?

- Таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ сты Азау æмæ Таймураз.Азау трагедийы сæйраг у. Уымæн зындæр уыд фыдæлты ныхмæ рацæуын. Азау æмæ Таймураз агурынц рæстдзинад. Секъа, куыд фыссæг, у æрыгæтты фарс, сæ уарзондзинады фарс æмæ сæ æвдисы иттæг уарзонæй, сæ уавæрыл сыл хъыг кæны зæрдæбынæй.

Таурæгъы райдиан Азау æмæ Таумуразы трагикон уавæр цавæр символикон нывæй æвдисы автор?/ ссарын чиныджы/

- Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбыс бафынæй сты…/143 фарс/

- Ам ис «стыр сау калм» - фыдæлты мæлинаг æгъдау-ирæд дыууæ æрыгон зæрдæйы ахицæн кодта.

Зæгъут, цавæртæ сты Азауы характеры сæйраг миниуджытæ?

- Азауы характеры сæйрагæй зыны сыгъдæгзæрдæ, амондмæ бæллын, уарзондзинады сæрыл хæцынхъом уæвын, рæстдзинадуарзаг. «Амонд кæнæ мæлæт!» - ахæм у дыууæ уарзон адæймаджы тæрхон.

/Бакæсæм ма Азау æмæ Таймуразмæ. Сæ фембæлд. Инсценировкæ./

Ах-æг. Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтой цæрын. Æмæ æцæгæйдæр цæимæ ис абарæн уарзтæн, ацы диссаджы æнкъарæнæн. Уарзондзинад! Ацы ныхас фехъусгæйæ , цæстытыл ауайынц сæууон хуры тынтæ, уалдзыгон дидинджытæ, кæйдæр цæхæркалгæ цæстытæ. Зæрдыл æрбалæууынц Ромео æмæ Джульеттæ, Фатимæ æмæ Ибрагим, Азау æмæ Таймураз.

/Байхъусæм ма уæдæ Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ «Уарзондзинад»-мæ.

Уæдæ, уарзондзинад у адæймаджы цардмæ разæнгард чи кæны æмæ йыл базыртæ чи садзы, уыцы уæларвон тых.

Ах-æг. Фыссæг æнахуыр зæрдæмæхъаргæ ахорæнтæй пайда кæны Азауы тыхст уавæр, йæ маст, йæ зæрдæйы катай равдисынæн.
/Ссарут ма тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут /.

-151 фарс.
-154 фарс.
-157 фарс.

Ах-æг. Ахæм тыхст цард фæкодта Азау Таймуразы мысгæйæ.

/Азау æмæ Магдайы фембæлд. Сценкæ. 157 фарс/

Ах-æг. Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ/ ирæд, хъоды/, фæлæ уæддæр йæ уарзондзинад сæ къух нæ систой. Хъазуат тохы бацыдыстсты æппæты ныхмæ,фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс-бæттæнтæ» атонын.

КæЙ АХХОС У, Таймураз æмæ Азау цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый. Кæд, мыййаг, сæхи аххос у?

- Нæ, уый сæхи аххос нæу. Уый у се намонддзинад. Зианхæссæг рагон æгъдæутты сæрты ахизын нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй- ис сын трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс - сæ лæгдзинады, се стыр уарзондзинады фарс.

- Мæнмæ гæсгæ,ам аххосджын уыдысты Азауы мад æмæ фыд. Уыдон нæ тыхстысты сæ чызджы амондыл, нæ хъуыды кодтой, куыд цæрдзæн сæ чызг, кæй нæ уарзы, ахæм адæймагимæ, фæлæ йæ фосау уæй кодтой, стырдæр ирæд сын чи ратта,уымæн.

Ах-æг. Азауы бынаты та сымах куыд бакодтаиккат?

- Æз мæ уарзондзинадыл мæ къух нæ систаин æмæ бакодтаин æрмæстдæр Азауы хуызæн.

- Æз байхъуыстаин мæ мад æмæ мæ фыдмæ, уымæн æмæ хъуыддаг æнæтугныккалгæ нæ ахицæн уыдаид.

Ах-æг: Сымах та куыд хъуыды кæнут, Сцæгдæр амонд хъæздыгдзинады ис?

- Мæнмæ гæсгæ, амонд хъæздыгдзинады нæй, адæймаг æцæгæй дæр кæй уарза, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн, кусын куы уарза, уæд.

Ах - æг: Раст зæгъыс, кусын куы уарза, уæд.

Дунейы хъæздыгдзинæдттæ иууылдæр æсты куысты фæрцы.

Адæймаг куыстæй фидауы. Куыст у адæймаджы рæсугъдгæнæг, уæздангæнæг.

Абон бакуыстам Азауы фæлгонцыл. Цæуыл нæ ахуыр кæны?

Азауы фæлгонц нæ ахуыр кæны цæрыныл, уарзыныл, сыгъдæгзæрдæ уæвыныл. Ацы радзырд куы бакастæн, уæдæй нырмæ мæм афтæ кæсы, цыма æз дæр æнусмæ æрмæстдæр иунæг адæймаджы уарздзынæн.

Ах-æг: Абайты Васо Секъайы рахуыдта «Иууыл адæмондæр фыссæг Секъайы уырныдта, йæ адæммæ рухсдæр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, кæй æрцæудзæн сæрибар дуг, уый уыд йæ бæллиц. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста:

Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ
Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ:
Гъе искуы ирон лæджы царды
Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ…

Куыд æрцыд уыцы рæстæг? Секъайы бæллиц сæххæст æви нæ?

- Фыццаг ирон сылгоймаг - революционерка Калоты Нагъо (1911 азы) ахст куы æрцыд, уæд афтæ загъта: «Тагъд æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ сылгоймагдæр æрлæудзæн адæймаджы æмрæнхъ» Æрцыд ахæм дуг, æрлæууыд сæрибары рæстæг, сæххæст Сегъайы бæллиц.

Ах-æг: Ныр та бакæсæм фæйнæгыл цы эпиграф ныффыстон, уый. Йæ афтор у зындгонд ирон поэтессæ Хостыхъоты Зинæ.
Раст зæгъы автор, йæ ныхас здæхт у нæ фыдæлтæм, сæ æппаринаг æгъдæуддæм. Æмæ уымæн зæгъы ирон сылгоймаг дæр цæрынмæ кæй райгуырд, уарзынмæ æмæ уый дæр амонды аккаг кæй у.

- Царды æмæ ахуыры фæндæгтæ байгом сты ирон сылгоймæгтæн дæр.

Абон сæ къухы æфтынц сæ рæсугъд бæллицтæ. Нæ Иры чызджытæ ахуыр кæнынц, кусынц, канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр. Се ппæты кой нæ кæндзыстæм, нæ фыццæгты нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

- Саламты Софья - фыццаг хæххон ирон сылгоймаг, каст фæци С.М. Кировы номыл хæстон медецинон академи.

- Бутаты Фатимæйæн - фыццаг ирон сылгоймагæн лæвæрд æрцыд Паддзахадон премийы лауреаты ном.

- Дудараты Вероника - выццаг ирон сылгоймаг дирижер.

- Туаты Ольга -фыццаг ирон сылгоймаг - профессор.

- Калоты - Барахъты Еленæ - фыццаг ирон сылгоймаг прокурор æнæхъæн Цæгат Кавказы.

- Кочысаты Розæ - фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг.

- Фыццæгтæ иунæгæй нæ баззадысты. Бонæй - бонмæ рæзы нæ чысыл Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы, уыцы сылгоймæгты нымæц. Кубæйы, Сирийы, Турчы, Англисы, зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой ирон чызг - балеринæ Адырхаты Светланæйæн.

- Сылгоймагæн сæрибар бæстæйы цы кад æмæ намыс ис, уый иттæг бæрæгæй зыны Ирыстоны сылгоймæгты уавæрыл.

Æз дæр уыцы сылгоймæгтæм хауын. Нырма ныр цæуын царды стыр фæндагмæ æмæ мæ зæрдæ дарын, мæ бирæ фæндтæ мæ къухы кæй бафтдзысты, уымæн амæ цæрын сæрибар дуджы.

Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз - сылгойма у ирон сылгоймæгтæн гимны хуызæн æмæ йæ лæвар кæнын нæ абоны сылгоймаг-уазджытæн. (Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ)

- Ууыл нæ урок фæци, стыр бузныг уе ппæтæн дæр.

Бæрæггæнæнтæ.

Хæдзармæ куыст. Нывæцæн: «Азауы фæлгонц»