Человек – дитя природы

Разделы: Внеклассная работа


Урочы нысан: Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын канын, Ирыстоны алӕматтаг ӕрдзмӕ патриотон хъомылад, ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕнгас дарын, ахуыр кӕнын хибарӕй куысты хуызтыл, урочы нысан сбӕрӕг кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакуыст.

Урочы фӕлгонц: Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕрдзы нывтӕ, интерактивон фӕйнӕг, карточкатӕ, призентацион ӕрмӕджытӕ.

Ӕмбисӕндтӕ. Ӕрдз-не сфӕлдисӕг, зӕхх- нӕ дарӕг

Адӕмаг ӕрдзы хъӕбул у.

Презентаци. Ӕрдзы нывтӕ.

Фарст- цы ис иумӕйагӕй ацы нывты?

Фарст- куыд уӕм кӕсы абон цӕуыл дзурдзыстӕм?

Урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый зæгъдзыстут, нывтæм бакæсгæйæ.

Дзуапп: Дзурдзыстæм æрдзы тыххæй.

Ахуыргæнæг: Раст. Бакæсæм-ма ацы текст, æмæ фæбæлвырддæр кæнæм нæ урочы темæ. Æцæг текст хъæудзæн кæронмæ ахæццæ кæнын.

Адæймаг бацыд Денджызы былмæ. Лæгъз, æмдымбыл дуртæ йæ дисы бафтыд..ой. Бафæндыд æй йæхи къухтæй ахæмтæ саразын. Айнæджы кæрдих равзæрста æмæ йæ ныц..а..та стыр дзæбугæй. Кæрдихыл алырдæм азгъорд…ой дæсгай зы…ыртæ. Райста ды..аг кæрдих, ныцца…та та йæ, æмæ та уый дæр лыстæг ным..ур. Æмæ уæд Адæймаг бафарста: «Денджыз, дæуæн дæ дуртæ цæмæн сты рæсугъд æмæ лæгъз?»

Æмæ йын дзуапп рад..а Денджыз: ….

Беседæ:

  1. Чи сты тексты архайджытæ?
  2. Стыр дамгъæйæ фыст цæмæн сты?
    (Цæмæй сæм не ргом тынгдæр раздахæм, уый тыххæй. Сæрмагонд дзырдтæ цыма сты, алчидæр сæ кæй у хицæн архайæг, æргом равзарын кæй хъæуы, уый тыххæй).
  3. Цæуыл нæ ахуыр кæны текст?
    (Хъуамæ гуымиры æвнæлд ма кæнæм, тыхæй ма архайæм, кæрæдзиимæ фæлмæндæр уæм)
  4. Ам мæ зæрдыл æрлæууыдысты Коцойты А ныхæстæ. Мæнæ сты:

Фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ. «Æз дæн» у æгъатыр низ, æмæ дзы уæхи бахизут… (Коцойты Арсен)

- Æмбисæндтæй кæцы æвдисы тексты сæйраг хъуыды?

«Лæгъз ныхас дурмæ дæр хъары»,
«Алцæмæн дæр æгъдау ис».

Рафыссут дзырдтæ цухгонд дамгъæтæ æвæргæйæ орфограммæтæм гæсгæ.

Цавæр орфограммæтæ сты?

  • бафтыдтой, азгъордтой - ивгъуыд афоны мивдисджыты кæрæтты растфыссынад
  • ныц..а..та, ным..ур- разæфтуан…
  • зы…ыртæ, ды..аг - дывæргонд æмхъæлæсонтырастфыссынад
  • ныццавта -

- Ссарут синонимтæ дзырдтæм:

  • ныммур кæнын -
  • кæрдих -

А.: Дзырдтæ Денджыз æмæ Адæймаг цавæр фарстæн дзуапп дæттынц?

Цы нысан кæнынц? (Предметтæ)

- Цавæр ныхасы хæйттæ сты? (Номдартæ)

- Цы зонут номдары тыххæй?

(Нысан кæны предмет, дзуапп дæтты фæрстытæн…, вæййынц …, удгоймаг ….)

- Цавæр дзырдтæ ма нысан кæнынц тексты предметтæ?

- Рафыссут уыцы дзырдтæ, сæ райдайæн формæйы сæ сæвæрут.

  • былмæ - был,
  • дуртæ - дур
  • къухтæй - къух
  • кæрдих
  • дзæбугæй - дзæбуг
  • зыхъхъыртæ - зыхъхъыр

Номдартæ ма ивынц хауæнтæм гæсгæ дæр. Бакæсæм хауæнты тыххæй.

(Чиныгимæ куыст)

Бакæсын раиртæст хауæнты тыххæй.

- Кæцы хауæнты æвæрд сты ацы дзырдтæ?

КЪОРДТЫ КУЫСТ.

1-аг къорд:- Хауæнты тыххæй аргъау бакӕс, хауӕнты нӕмттӕ раст сӕвӕр.

2-аг къорд: Хауæнты фæрстытæ раст равæрут.

РЕЛАКСАЦИ- аулӕфт

Бацъынд кӕнын цӕстытӕ ӕмӕ байхъуысын цалдӕр уынӕрмӕ(хафсыты уасын, цъиуты зарын, уылӕнты уынӕр)

Адон дӕр та баст сты ӕрдзимӕ.

Хатдзӕг:

Цӕстдарӕнтӕ ӕрдзимӕ баст

  1. Зарватыччытӕ ныллаг тӕхынц, уӕд къӕвда уыдзӕн
  2. Халӕттӕ уасынц- фыд рӕстӕг кандзӕн
  3. Халуарӕг йӕ тын ивазы, уӕд хъарм бон уыдзӕн .
  4. Хӕфсытӕ хъӕрӕй уасынц, уӕд хъӕвда уыдзӕн.
  5. Цавæр цæстдарæнтæ зонут, æрдзимæ баст чи у, ахæмтæй?

Хъолайы цъити. Ӕрдзы мидæг нырма бирæсусæгдзинадтæ ис, æмæ сæ хъæуы хи хъахъхъæнын. Зæгъæм, адæм нырмæ кæронмæ нæма раиртæстой, ратонынæй тæссаг чи у, ахæм цъити. Уый цалдæр хæтты фенкъуысти йæ бынатæй. Фæстаг хатт ратыдта дыууæмин дыккæгæм азы, сентябры мæйы.

Стыр бæллæхтæ æрхаста ацы цъити адæмæн. Йæ хъæлæсы рахаста Хъæрмæдоны хъæу, æрыхгæдта коммæ бацæуæн фæндæгтæ. Цъитий бын фесты бирæ адæм.

Цæмæй цъититæ ахæм бæллæхтæ мА хæссой, уый тыххæй сæм иудадзыгдæр хъæуы цæст дарын.

Ӕрдз хъӕуы хъахъхъӕнын, йӕ зӕрдӕхудты цӕуӕн нӕй.

Атасындзæг кæнын номдартæ: цъити, арв.

Цы нын радзурид йӕхи тыххӕй номдар?

Ӕз дӕн ныхасы хай, ӕвдисын предметы ном, дзуапп дӕттын фӕрстытӕн чи ӕмӕ цы?

Ивын хауӕнтӕм, нымӕцтӕм гӕсгӕ.

Хъуыдыйады мидӕг вӕййын сайрат ӕмӕ ӕххӕстгӕнӕн.

Ахуыргæнæг: Нæ фыдæлтæ бирæ уарзтой æрдз. Хъахъхъæдтой йæ. Æрхъуыды кодтой, æрдзы фæзындтæ хъахъхъæнæг бардуæгты дæр. Цы зонут уыдоны тыххæй?

(Ранымайдзысты сæ)

Фӕйнӕгыл ирон адӕмы бард уагтӕ
Фсати
Фалвӕра
Тутыр

Синквейн: ӕрдз ӕмӕ адӕймаг

Цы у синквейн? Куыд арӕзт цӕуы?
1)- Тема
2) 2миногоны
3) мивдисӕджы
4) ӕмбисонд
5) иу номдар
- Иумӕйагӕй сын цы ис ӕрдз ӕмӕ адаймагӕн

Ныхасы рӕзт. Нывмӕ гӕсгӕ афыссын цыбыр нывӕцӕн куыст, спайда дзы кӕнын номдартӕй. Текстӕн ӕрхъуыды кӕнын сӕргонд.

Рефлекси