Темӕ: "Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД". Грамматикон темӕ: "Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй". 4-й класс

Разделы: Начальная школа, Мастер-класс


Урочы нысантӕ

Зæрдыл æрлæууын кæнын, номдар æмæ миногонæй цы рацыдыстæм,уый. Æххæст æмæ мидисджын дзуæппытыл фæлтæрын, аив дзурын æмæ касыныл ахуыр кæнын. Ныййарæгæн кад кæнын, йæ фыдæбонæн аргъ кæнын

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, урокæй хъæугæ информаци райсын
Метапредметон: урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын, хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.
Удгоймагон: æнæкæрон уарзондзинад ныййарæг мадмæ, æнæуынондзинад мады æфхæрджытæм, ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст

Метапредметон бастдзинӕдтӕ

Литературӕ, ӕхсӕнадон царды зонындзинӕдтӕ

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентаци урокмӕ, текст, карточката, мады ныв ӕмӕ къамтӕ ӕмбисӕндтӕ, газетты равдыст

Урочы эпиграф

Ныййарæг мад, ныййарæг мад,дæ номыл
Æз уарзты гимн,æз царды гимн цæгъдын. (2 слайд)

Урочы организацион структурӕ