Урочы технологион картӕ
Урочы эпиграф:
«Хæст лæгмар у,
Цард та дзы æнуд,
Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид...
Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,
Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл».
/ Плиты Грис /
| Урочы темæ | «Хорзæй баззай, Ир!» |
Урочы нысан |
Базонгæ кæнын ахуырдзауты хæсты быдыры чи баззад, уыцы зынгхуыст ирон поэттимæ; |
Урочы хæстæ |
Райрᴂзты хᴂстᴂ: æрдзурын Фыдыбæстæйы Стыр хæст цы бæллæхтæ æрхаста æппæт бæстæйы адæмтæн æмæ нæ гыццыл Ирыстонæн; æмдзæвгæтæ аив кæсгæйæ бакусын ныхасы рæзтыл, хатдзæгтæ кæнын. Хъомыладон хᴂстᴂ: гуырын кæнын ахуырдзаутæм райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæй. |
Урочы хуыз |
урок – æрныхас (беседа) |
Куысты хуызтӕ |
Фронталон, хибарӕй ӕмӕ къордтӕй |
Урочы фӕстиуджытӕ |
Предметон: 1. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты бæллæхтæ ма рох кæнын; 2. Хæсты темæ ирон литературæйы; - Æрыгон фысджыты царды хабæрттимæ базонгæ кæнын; Удгоймагон: 1. Æмгуыст кæнын иннæ ахуыргæнинæгтимæ. 2. Искæй хъуыдымæ хъусын æмæ йын аргъ кæнын. 3. Хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын). Метапредметон: |
Предметты ӕхсӕн бастдзинад |
- Истори, уырыссаг литературæ |
Ахуырадон фӕрӕзтӕ |
- Ахуырадон чингуытæ, фæйнæг, тетрæдтæ |
Уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ |
Поэтты къамтæ; |
№ |
Урочы этап |
Ахуыргӕнӕджы архайд |
Ахуырдзауты архайд |
Арӕхстдзинӕдтӕ (компетенцитӕ) |
1 |
Оргмомент |
1. Ахуырдзауты разæнгард кæны урок райдайынмæ |
Ахуырдзаутæ сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц. |
Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ |
2 |
Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын |
- Урочы архайд райдайы. Раздæры зонындзинæдтæй фæрсы, ног æрмæгмæ гуырын кæны цымыдисдзинад - Зарæгмæ хъусын кæнын, йæ мидис раиртасын урочы темæ сбæлвырд кæнын. |
- Дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фæрстатæн, сæхи хъуыдытæ дзурынц. - Дзуапп дæттынц, кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц |
Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, хатдзæгтæ кæнын; Коммуникативон арæхстдзинад. |
3 |
Ног зонындзинæд - ты актуализаци |
Ног æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæнын. Бафæрсын, цы зонынц хæсты тыххæй, кæй хиуæттæ уыдысты хæсты быдыры. Бæстонæй æрныхас кæнын, темæ райхалын, сæ зæрдæты сын сывзæрын кæнын тыхджын æнкъарæнтæ. Бæлвырддæрæй æрдзурын Калоты Хазби æмæ Кочысаты Мухарбегы цард æмæ сфæлдыстадыл. |
1. Дзуапп дæттынц, зонгæ кæнынц ног æрмæгимæ. Сæ æнкъарæнтæ æргом кæнынц 2. Дыууæ ахуырдзауы кæсынц рагацау бацæттæгонд хъусынгæнинæгтæ. Иннæтæ хъусынц, сæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæнынц. |
Логикон хъуыдыкæнынады рæзт. |
4 |
Ног æрмæг бафæрсын æмæ ныффидар кæнын (8 мин) |
Иртасы, ахуырдзаутæ цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый. Ног æрмæг æххæст кæны æмдзæвгæтæ кастæй. |
- Фарстатæн дзуапп дæттынц, иумæйаг хатдзæгтæ кæнынц, сæ хъуыдытæ дзурынц, сæ цæстæнгас æргом кæнынц. |
Ног æрмæг зæрдæмæ арф айсын, патриотизмы нысаниуæг ныффидар кæнын. |
5 |
Рефлекси (4 мин) |
Æргом кæны, ахуырдзаутæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд. Эпигрæф æвзары. |
- Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц. Ног æрмæгыл хъуыды кæнынцц. |
Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ. |
6 |
Бæрæггæнæнтæ |
Æвæры бæрæггæнæнтæ, |
- Бæрæг кæнынц хибар куыстæн аргъ. |
Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы. |
7 |
Хæдзармæ куыст раттын (1 мин) |
Сахуыр кæнын фæйнæ æмдзæвгæйы зæрдывæрдæй (ахуырдзаутæ æвзарынц сæхæдæг); |
- Хæдзармæ хæслæвæрд сæхимæ фыссынц |
Регулятивон арæхстдзинæдтæ. |