Технологическая карта открытого урока по родной (осетинской) литературе. Тема: "Нарты кадджыта – зонды суадон"

Разделы: Литература

Ключевые слова: осетинская литература


Урочы нысантæ

1. Ахуырдзауты зæрдыл æрлæууын кӕнын Нарты кадджыты равзæрды истори, эпосы фæлгонцтæ
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
3. Ахуырдзауты зӕрдыл ӕвзӕрын кӕнын уарзондзинад ирон адӕмон сфæлдыстадмæ, хорз ӕгъдӕуттӕм.
4. Системон - архайдон технологийы метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Урочы хуыз

Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Бакусын кадæг «Уастырджи Сатанайы куыд фервæзын кодта» - йы арф хъуыды раиртасыныл; текстмæ гæсгæ равзарын сæйраг архайæджы миддунейы æууæлтæ, фæрстытæн зонын дзуапп дæттын.
Метапредметон: кадæджы персонажты архайд; ахуырдзаутæн æмбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.
Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Куысты хуызтæ

Иртасыны метод, индивидуалон куыст, къордты куыст.

Техникон фæрæзтæ

Компьютер, презентации, интерактивон фæйнæг.

Урочы эпиграф:

«Нарты кадджытӕ» сты хъӕбатырон эпос. Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ сгъуыхтытӕ.
Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн - ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц цин, ӕфтауынц ӕй сагъӕстыл ӕмӕ уӕздан хъуыдытыл».

Урочы структурæ