Урочы нысантӕ |
Миногонты тасындзгыл бакусын, рацыд ӕрмӕгыл бӕстондӕр бакусын, аив ӕмӕ интонацион æгъдауæй раст кæсыныл ахуыр кæнын, текстыл кусын сæ ахуыр кæнын.
|
Урочы хуыз |
Ног æрмæг ахуыр кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ |
Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын, урокӕй хъæугæ информаци райсын, зонын миногон æвзарын куыд ныхасы хай, миногонты ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; текстæй хъæугæ информаци райсын.
|
Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ |
Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст |
Метапредметон бастдзинӕдтӕ |
Литературӕ, музыкӕ, нывкӕнынад, ӕхсӕнадон царды зонындзинӕдтӕ |
Техникон фӕрӕзтӕ |
Компьютер, мультимедийон проектор |
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг |
Презентаци урокмӕ, презентаци «Фӕззӕг», мелодита, текст «Ӕгас цу, Фӕззӕг!», ӕмбисӕндтӕ, карточката, фӕззӕджы нывтӕ, ӕмбисӕндтӕ. |
Урочы эпиграф |
Афӕдзы хъару фӕззӕг у. (ӕмб.) (слайд 16) |
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Темӕ: "Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!" Грамматикон темӕ: "Миногонты тасындзӕг"
- Бекузарова Фатима Савкузовна, Учитель осетинского языка и литературы
Разделы: Начальная школа
Класс: 4