Урок осетинской литературы. Темæ: «Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн…»

Разделы: Литература, Начальная школа, Классное руководство

Ключевые слова: осетинская литература


Урочы нысан:

  • Базонгæ кæнын скъоладзауты Мыртазты Барисы æмдзæвгæимæ «Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бæдæн..»
  • Ахуыр кæнын сывæллæтты адæймаджы хуыздæр миниуджытимæ.
  • Бакусын дзургæныхасы рæзтыл.

Урочы цыд

Ирон гимн.

Цы нын ныууагътой дард фыдæлтæ хорзæй:
Уæздандзинад, рæсугъд æгъдæутты хъарм.
Ирон адæм! Бæрзонд сæ сисæм ногæй,
Цæмæй та рцæра Иры зæххыл Фарн!
(Биджелты Симæ)

Ирон адæм, куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц сæ хорз æгъдауыæ, æфсармы æмæ лæгдзинады руаджы, Хуыцауы фæрцы. Адæмыхатт иннæ адæмы æхсæн зыны æмæ æрттивы, цыкурайы фæрдыджы хуызæн, æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы сæйраг хай та сты адæмы æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы кæй бахъахъхъæдтой, уыцы удварны хæзнатæ.

- Абон нæ урочы темæ у æгъдау, æфсарм, хистæр æмæ кæстæр. Адæймаг æгъдау базоны, фыццаджыдæр хæдзары, йæ бинонты æхсæн. Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой, уæд сæ Хуыцау дæр уарзы, уæд сæ бæркад дæр бирæ у. Цалынмæ бинонтæ æнгом цард кæной, уæдмæ сæ хæдзар лæууы Хох-мæсыгау фидарæй.

- Ныртæккæ нын Гæцъойты Геор бакæсдзæн Хъайтыхты Азæмæты æмдзæвгæ «Æфсарм.»

- Цы нын зæгъы поэт махæн?

- Фæстаг куплетмæ ма лæмбынæг байхъусут.

Зæрондæн лæдзæг дæн,
Сывæллонæн - бæх.
Æгъдауыл мæлæтæн
Йæ фæндаг уæрæх.

- Бирæ поэттæ, фысджытæ, нывгæнджыæтæ ныффыстой æгъдауы, æфсармы, хистæр æмæ кæстæры тыххæй.Нæ ирон адæмон сфæлдыстады дæр ис бирæ æвдисæнтæ, нæ фыдæлтæ куд уæздан уыдысты уый.

Æмбисæндтæ æцæг сты
Фыдæлты ныхæстæ раст сты.

- Хæдзармæ уын уыд хæслæвæрд. Ссарын æмбисæндтæ æгъдауы, æфсармы тыххæй, скæнын нывтæ. (сывæллæттæ дзурынц æмбисæндтæ, æвдисынц сæ нывтæ æмæ цæ æмбарын кæнынц.)

Хъазт: «Æрымбырд мæ кæн.» (Интерактивон фæйнæгыл.)

Зонд кæстæр, хистæр не взары.
Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы.
Галиудзинадмæ мин фæндаджы ис,рæстдзинадмæ - иу.
Сылгоймаджы амонд - æфсарм æмæ хæрзæгъдау.

Кафт: «Танец с кинжалами.»

Равдыст: «Гæлæбу чызг.»

- Скæнут уæхицæн хаццæгтæ.

Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.

- Ирон адæммæ хистæр кадджын у, стæй канд кадджын нæ, фæлæ зондамонæг дæр.Афтæ фæзæгъынц: хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй, æлгъыст.

- Зындгонд поэт, прозаик æмæ драматург Малиты Васо нын фыстæг ныффыста журнал «Ногдзауы» æмæ уын цы зæгъинаг у кæстæртæ уымæ ма байхъусут.

1. Адæймаг хъуамæ уа удæй сыгъдæг. Ам айдагъ хъомыладыл нæ хицæн кæны хъуыддаг - дæ туджы куы нæ уа уды сыгъдæгдзинад, уæд зынтæй бафтдзæн уый къухы.

2. Искæуыл ма худ - худаджы хал хауаг у. Кæд ын дæ бон истæмæй баххуыс кæнын у, уæд ын æнæмæнг баххуыс кæн.

3. Исчи куы фæрæдийа ,уæд æм æвиппайды знаджы цæстæй ма ракæс, бацархай уый бамбарыныл, феххуыс ын кæн дæ хæлар зæрдæйæ.

4. Удæй тыхджын адæймаг бараг у, дæ зæрдæйæ сур æнæуынондзинад æмæ маст исыны фæнд.

5. Рæстдзинад зæгъынæй макуы фæтæрс - куыддæр рæстдзинадыл гадзрахатæй рацæуай, афтæ адæймаг нал дæ.

6. Ис ахæм дыгурон æмбисонд «Тог æмæ стæгæй хæстæг нæййес, ес уодæй хæстæг». Ацы æмбисонд адæм фæлтæрæй фæлтæрмæ цырагъау лæвæрдтой кæрæдзимæ. Ахъуыды йыл кæнут. Дæхион у, зæгъгæ, уыйадыл нæ хъæуы искæй сæрыл дзурын, кæд раст нæу, уæд.

7. Мæ фæстаг ныхас та у Чырстийы фæдзæхст: «Дæхицæн дæ цæст цы нæ уарзы, уый иннæмæн дæр ма уарзæд».

Нæ хъуыдытæ нын бафидар кæндзæн Дзæрæхохты Алан, Ходы Камалы æмдзæвгæйæ «Рагон нырыккон зарæг» - æй.

Чигынимæ куыст.

Дзырдуатон куыст.

Инæлар - (генерал) уæлдæр æфсæддон цин.

Зæрдырай - вазыгджын дзырд, дыууæ дзырдæй арæзт зæрдæ æмæ райын.

Барджынæй - уæндонæй.

Ныртæккæ мах бакæсдзыстæм Мыртазты Барисы æмдзæвгæ «Нæ уыд кæстæрæн хистæры цур бадæн.»

- Лæмбынæг байхъусут æмæ зæгъут, цы фæдзæхсы поэт.

(Ахуыргæнæджы каст.)

--Ранымайут-ма, кæстæр нæлгоймаг хистæрæн цавæр хъуыддæгтæй кодта кад?

(Сывæллæтты каст.)

- Куыд фæдзæхсы поэт, цæмæй ирон раппæлинаг æгъдæуттæ ма фесæфой, уый тыххæй. Хъæрæй бакæсут æмдзæвгæйы кæрон.

Равдыст «Уынджы.»

Кæронбæттæн.

Нæ цард саразын кæсы æрмæстдæр нæхи ирон адæммæ, æмæ йæ фæхуыздæр кæныныл бакусæм иумæ.

Иу фæткыл цы адæм хæцы, уымæн æгъдау у тыхы хос. Гыццыладæм уæвгæйæ, дунейы алы къуымты ныппыр стæм. Фæлæ не гъдау æмæ не взаг, уыдон куы нал ой, уæд нал уыдзæн ИРОН ЛÆГ.

Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.

(Сывæллæттæн зæрдылдарæн лæвæрттæ. Кодекс чести Осетина.)

Ирон уæздан кафт. Гæбуты Ритæ æмæ Аслан.