Урочы темӕ: «Ирыстоны хъӕддаг цӕрӕгойтӕ»
Урочы нысан:
- Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ! Нӕ абоны урок ма райдайӕм мидбылхудтӕй. Мӕ зӕрдӕ дарын нӕ урок кӕй ацӕудзӕн иттӕг хорз. Ӕнгуылдзӕй ма равдисӕм иттӕг хорз. Афтӕ ацӕудзӕн нӕ урок.
- Фӕйнӕгыл уын ныффыстон дзырдтӕ,фӕлӕ сӕ кӕройнаг дамгъӕтӕ фесӕфтысты. Куы сӕ базонӕм,уӕд рабӕрӕг уыдзӕн нӕ абоны темӕ.
Ру…, тӕр…, би…, са., ар., дзӕби….
- Куыд уӕм кӕсы, абон цӕуыл дзурдзыстӕм?
- Мах абон дзурдзыстӕм хъӕддаг цӕрӕгойты тыххӕй. Абоны урочы темӕ у «Ирыстоны хъӕддаг цӕрӕгойтӕ».
Фӕйнӕгыл уын бацӕттӕ кодтон цӕрӕгойты къордты нывтӕ. Уӕлдай цӕрӕгой ма ссарут. Зӕгъут, кӕм цӕры.
- Цӕрӕгойты базонӕм сӕ миниуджытӕм гӕсгӕ.
Бурбын, хинӕйдзаг, давӕгой (рувас).
Зылынкъах, стыр, тыхджын (арс).
Тӕппуд, даргъхъус (тӕрхъус).
Даргъкъах, цыбыр къӕдзил, пыхцыл сыкъа (саг).
Хъазт, «О ӕмӕ нӕа». Хъазӕм лӕугӕйӕ.
Сывӕллӕттӕ, ӕз уӕм дӕтдзынӕн фарстатӕ. Сымах та хъуамӕ раттат дзуапп о кӕнӕ нӕа. Дзуапп о уӕлӕмӕ гӕпп кӕнӕм. Дзуапп нӕа ӕрбадтыстӕм.
1. Хъӕды ахстонмӕ ӕвналӕн ис? (нӕа)
2. Зымӕджы хъӕддаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ мӕргътӕн хӕринагӕй ӕххуыс кӕнын хъӕуы? (о)
3. Хъӕддаг цӕрӕгойты ис ахсӕн ӕмӕ хӕдзармӕ хӕссын? (нӕа)
4. Хъӕды арт ахуыссын кӕнын хъӕуы уӕ фӕстӕ? (о)
5. Ӕрдзы улӕфгӕйӕ нӕ фӕстӕ ӕфснайын хъӕуы? (о)
6. Бӕлӕсты къалиутӕ сӕттӕн ис? (нӕа)
Хъазт, «Кӕй хӕринӕгтӕ сты»
- Гыркъо, ӕхсӕр, зокъо (ӕхсӕрӕг)
- Уырыдзы, къабуска (тӕрхъус)
- Мыд, кӕсаг, гагадыргътӕ (арс)
- Мыст, лыстӕг мӕргътӕ, тӕрхъус (рувас)
- Сывӕллӕттӕ, мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам Ирыстоны хъӕддаг цӕрогойты, фӕлӕ ма нӕм Ирыстоны хъӕдты ӕмӕ хӕхты ис ахӕм хъӕддаг цӕрӕгойтӕ, кӕцытӕ сты стӕм. Сӕ нымӕц у гыццыл ӕмӕ цӕмӕй сӕфт ма ӕрцӕуой уый тыххӕй хаст ӕрцыдысты Сырх чиныгмӕ.
Проектон куыст. Ахуырдзаутӕ дих кӕнынц 3 къордыл.
Алы къордӕн къонверты бацӕттӕ кодтон цӕрӕгойы пазл. Хъуамӕ йӕ ӕрӕмбырд кӕнат. Цӕрӕгойы тыххӕй цыбыр радзырд дӕр хъуыдыйӕдтӕй ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ баныхасут алы хъуыдыйад йӕхи бынаты. Ӕмбырд пазл баныхасӕм ватманыл, иннӕрдыгӕй-та радзырд. Равдисын ӕмӕ бакӕсын иннӕ къордтӕн.
- Ацы цӕрӕгойтӕм ма бакӕсӕм сӕхи ӕрдзы куыд дарынц, уымӕ.
Зубр
Куыд загътам афтӕ зубр у галы хуызӕн. Раиртасӕн ӕй ис йӕ боцъойӕ ӕмӕ йӕ бӕрзӕйыл цы къуыпп ис уымӕй. Хӕрынц алыхуызон зайӕгойтӕ. Сӕ уӕз у стыр, фӕлӕ уӕддӕр змӕлынц тагъд. Тасдзинад сын хӕссынц бирӕгътӕ, уый дӕр ӕрмӕст сӕ рӕуӕдтӕн. Стыр зубртӕм нӕ уӕндынц. Зубрты нымӕц уыд хӕрз гыццыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хаст ӕрцыдысты Сырх чиныгмӕ
Дзӕбидыр
Дзӕбидыр у халхор цӕрӕгой. Йӕ уӕз вӕййы ӕхсай килӕйӕ сӕдӕ килӕйы онг. Цӕстӕй уынынц тынг хорз. Хӕстӕг бацӕуӕн сӕм у зын. Ӕцӕгӕлоны куы ауынынц уӕд кӕрӕдзимӕ фӕдзӕхсты ӕхсит фӕкӕнынц ӕмӕ лидзынмӕ фӕвӕййынц. Дзӕбидыртӕ арӕх бахауынц зӕйы бын. Цуан сыл кӕнынц фыранктӕ дӕр. Афтӕ фӕдзурынц, сӕ фыццаг знаг у адӕймаг. Фӕлӕ мах зонӕм ацы цӕрӕгойтыл цуан кӕнӕн кӕй нӕй.
Фыранк
Фыранчы хонынц леопарды хуызӕн, фӕлӕ кӕд леопарды хъуын у бур, уӕд фыранкӕн та урсбын. Ис ын цыбыр хъӕддых дзӕмбытӕ. Цӕрынц бӕрзонд хӕхты. Сӕ гӕпп у дӕргъмӕ 6 метры онг, хӕрдмӕ та 3 метры. Йӕ уӕз у дыууын фондз килӕйӕ ӕвдай фондз килӕйы онг. Цуан кӕнынц дзӕбидыртыл, сагтыл, хъӕддаг хуытыл. Хатгай - лыстӕг цӕрӕгойтыл ӕмӕ мӕргътыл.
- Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма, ацы цӕрӕгойтӕй кӕцы фенӕн ис Ирыстоны гербыл? (фыранк)
Ирыстоны гербы автор у Джыгкайты Мурат.
Тымбыл уӕртыл (щит), сырх быдырыл, сыгъзӕрин зӕххыл цӕугӕйӕ уынӕм сыгъзӕрин сау тӕппытимӕ фыранк, йӕ фӕстӕ - авд ӕвзист хохы.
Фыранк нысан кӕны Ирыстоны паддзахад, хъӕддых хицауад.
Сыгъзӕрин хуыз - бӕрзонддзинад, кад.
Ӕвзист хуыз - Сыгъдӕгдзинад, зонд, цин.
Сырх хуыз - тых, лӕгдзинад, хъӕбатырдзинад
Нӕ горӕты хиды цурты куы фӕцӕйцӕуат уӕд фендзыстут мӕнӕ ацы фыранкты. Сӕ скульптор у Баскаты Сослан. Федтат сӕ?Ам дӕр та зӕгъӕн ис, фыранк Ирыстоны символ кӕй у уый.
Нӕ абоны куыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ кӕны. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы цӕмӕй ма базонат бирӕ ног зонындзинӕдтӕ цӕрӕгойты тыххӕй. Нӕ абоны проектон куыстӕй скӕнӕм нӕхи сырх чиныг.
Хатдзӕг.
Нӕ абоны урок уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Цы базыдтат ногӕй?